Ацы бонты Дзауы районы цæрæг Æлборты Джульеттæйæн йæ бæллиц сæххæст – йæ зæронд вагон раивта ног цæрæн вагонæй. Æлборон йæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны сæраппонд бахатыд нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ, 10-æм апрелы йын районы цæрджытимæ фембæлд куы уыдис, уыцы рæстæджы. Нæ бæстæйы сæргълæууæгæн уый радзырдта йæ царды уавæрты тыххæй æмæ банысан кодта, 1991-æм азæй фæстæмæ кæй цæры, ныртæккæ цæрынæн чи нал бæззы, уыцы вагоны. Уымæ гæсгæ йæм бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæна ног вагон самал кæнынæн. Фембæлды рæстæджы Президент бахæс кодта ацы хъуыддаджы бæрнон кусджытæн, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ – тагъддæр сæххæст кæной сылгоймаджы куырдиат.

Æмæ мæнæ ивгъуыд æртыццæджы Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ цæрæн вагон æрбаластой æмæ йæ сæвæрдтой, Æлборты Джульеттæ сын кæм бацамыдта, уыцы бынаты. Сылгоймаг тынг фæцин кодта йæ лæварыл æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй тынг райгонд у, йæ бæллиц ын кæй сæххæст кодтой, уымæй. «Раст зæгъгæйæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ мын афтæ æвиппайды æрбаластаиккой вагон. Бузныг дæн нæ бæстæйы сæргълæууæгæй, мæ рыст мын кæй бамбæрста æмæ мын мæ проблемæ уайтагъд кæй аскъуыддзаг кодта, уый тыххæй. Нырмæ кæм цардтæн, уыцы вагон у тынг зæронд. Хæдзары та нæлгоймаг нæй æмæ йæ цалцæггæнæн куыстытæ хаудысты мæхимæ. Куы-иу ын йæ агъуыст раивтон, куы-иу ын йæ къултæ бацалцæг кодтон, цæмæй хъармдæр уыдаид, уый тыххæй. Зымæгон уазæлтты дзы уыд уазал, никуы дзы схъарм дæн», – загъта Джульеттæ.

Сылгоймагæн ныр йæ зæрдæ райы, цин кæны йæ ног хæдзарыл æмæ плæнттæ кæны йæ дарддæры цардæн. Фæнды йæ, цæмæй бæстонæй барæсугъд кæна йæ къуымтæ æмæ йæ хæдзары алфæмблай схæрзарæзт кæна. «Фæнды мæ цыбыр рæстæгмæ æрбæстон кæнын мæ къуымтæ æмæ йæм уый фæстæ уайтагъд æрбалидздзынæн цæрынмæ», – цины æнкъарæнтимæ дзырдта Æлборон.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.