Цхинвалы микрорайон Фаллаг фарсы Политикон парти «Ныхас» сывæллæттæн цы хъазæн фæзуат сарæзта, уырдыгæй хъуысы сабиты хъæлдзæг ныхас æмæ худт.

«Ацы цæрæнбынаты ис 150 сабийы бæрц. Нырмæ нæм нæ уыдис ахæм хъазæн фæзуат. Нæ районы ис сабиты рæвдауæндон, скъола. Уыдон кæртыты дæр ис цыдæр хъазæнтæ, фæлæ мах, ныййарджытæ уырдæм æдæрсгæ нæ цыдыстæм. Ныр нын ахæм хæрзаив хъазæн фæзуат кæй сырæзт, уымæй иттæг райгонд стæм. Ирд хуызтæй ахуырст ифтонггæрзтæ æхсызгондзинад хæсдзысты алы кары сывæллæттæн, стæй хистæртæн дæр», – загъта нын ам цы сывæллæттæ хъазыд, уыдонæй иуы ныййарæг мад.

Сабитæй сæ иу, 11 аздзыд Андрейка та афтæ зæгъы: «Æппæты тынгдæр цин кодтон ацы арæзтадыл, æнхъæлмæ йæм кастæн. Алы бон дæр-иу æрбацыдтæн æмæ кастæн куыд æй аразынц. Æз афтæ æнхъæлдтон, иу дыууæ-æртæ хъазæны дзы сæвæрдзысты, фæлæ ахæм алыгъуызон хъазæнтæ куы федтон, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. Йæ зæххыл дæр ын пластмассæй конд кæрдæджы гауыз байтыдтой. Ныр дзы ахауынæй сывæллæттæн тас нал уыдзæн афæдзы алы афон дæр ам уыдзæн сур, цъыфæй нæ тæрсдзыстæм».

Сывæллæтты хъазæн фæзуаттæ æввахсдæр рæстæджы арæзт æрцæудзæн æндæр районты дæр. Уыдон иууылдæр дзуапп дæтдзысты æдасдзинады æппæт домæнтæн. Уыдзæн дзы алыгъуызон херытæ, чысыл скаладромтæ, змисдонтæ æмæ æндæр хиирхæфсæнтæ. Кæрæтты та ныййарджытæ кæм бадой, ахæм фæхсбандæттæ. Ацы  проектæн дзуаппдæттæг у политикон парти «Ныхас»-ы сæрдар Бесаты Зитæ. «Сабитæ – царды дидинджытæ сты, нæ рæсугъд фидæн сты. Уыдон  сæ рæзгæ бонтæ  хъуамæ хъæлдзæгæй æрвитой. Ахæм хъазæн фæзуаттæ ноджыдæр сараздзыстæм БАМ æмæ Шанхайы микрорайонты, 8-æм Июны уынгыл æмæ Нæузæххонты уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты астæу. Бынат бар кæм дæтта, уым ма æвæрд æрцæудзысты сабитæн тренажертæ дæр, стæй воллейболон хъазæн фæзуаттæ. Ахæм куырдиæттæ мах райстам цæрджытæй. Фылдæр сабитæ цы микрорайонты ис, уыдонæй дæр исдзыстæм куырдиæттæ æмæ сын сæ æххæст кæндзыстæм», загъта – Бесаты Зитæ.

Микрорайон Фаллаг фарсы хъазæн фæзуатыл бацин кæнынмæ цæуынц æндæр районы сабитæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.