Гæбæраты Еуа иунæг сылгоймаг у, нæй йын зæнæг, цæры Цхинвалы районы Залдайы хъæуы, фæлæ февралы мæйы йæ хæдзар кæй басыгъд, уый фæстиуæгæн æй бар-æнæбары бахъуыд Цхинвалмæ рацæуын æмæ цалдæр мæйы йæ хæстæджытæм цæрыны сæр. Сылгоймаг йæ тыхстæй куырдиат балæвæрдта Президент Тыбылты Леониды номыл, цæмæй йын баххуыс кодтаид цæрæн вагон самал кæныны хъуыддаджы.

РХИ-йы Президенты Администрацийы контролон управленийы хистæр Къодоты Таймураз куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрæджы Президент Тыбылты Леонид тыхон структурæтимæ æмбырды рæстæджы, цыран уыдысты районон администрациты къухдариуæггæнджытæ дæр, æрдзырдта Гæбæраты Еуайы проблемæйыл дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сылгоймаг цалдæр мæйы æнхъæлмæ кæсы æххуысмæ. «Æз хицæнæй аныхас кæндзынæн Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæгимæ, кæцы рæстæгыл нæ аскъуыддзаг кодта ацы фарст кæнæ фарст нæ сæвæрдта афтæ, цæмæй проблемæ абон скъуыддзаг æрцыдаид. Ацы ацæргæ сылгоймагæн цыбыр рæстæгмæ баххуыс кæнын хъæуы. Уæ реакцимæ уын æнхъæлмæ кæсдзынæн».

Реакци уыд уыцы бон. Уыцы хъуыддаджы баххуыс кодта ног снысангонд Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг. Уый бахатыд æппæт службæтæм, цæмæй баххуыс кодтаиккой сылгоймагæн.

Йе ’ххуысы хай бакодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй, кæд Залда Дзауы районмæ нæ хауы, уæддæр, Президенты куырдиатмæ гæсгæ, ссардтой сæрибар вагон æмæ йæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады техникæйы фæрцы аластой Залдамæ æмæ йæ уым сæвæрдтой сыгъд хæдзары фарсмæ. Уый фæстæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Аланæн бахæс чындæуыд, цæмæй æмбæлон службæтæ оперативонæй æрæвналой бæстонгæнæн куыстытæм, бауадзой йæм рухс.

Абон Гæбæраты Еуа райгонд у, йæ тыхст рæстæджы йын чи баххуыс кодта, æппæт уыдонæй, сæрмагондæй та Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæй. Уый тыххæй йæм æрбарвыста бузныджы фыстæг, цыран дзырдæуы:

«Цытджын Леонид Харитоны фырт!
Стыр бузныг, мæ куырдиатмæ мын афтæ тагъд дæ хъус кæй æрдардтай, цыбыр рæстæгмæ мадзæлттæ кæй райстай æмæ мын цæрæн вагон æвæрд кæй æрцыд, уый тыххæй.
Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ дæргъвæтин цæрæнбонтæ, дæ вазыгджын куысты — æнтыстытæ. Дæ дарддæры куысты дæр дын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ, цæмæй дын 2017 аз уа æнтыстджын.
Ноджыдæр стыр бузныг!
Цытимæ, Гæбæраты Еуа».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.