ФЕМБÆЛД  ДЗАУЫ  РАЙЦЕНТРЫ  ЦÆРДЖЫТИМÆ

«Ацы аз Дзауы районы арæзт æрцæудзæн спортивон комплекс. Уый арæзт цæудзæн республикæйы бюджетæй цы 30 милуан сомы хицæн æрцæудзæнис, уыдон хардзæй. Цалдæр мæйы фæстæ Дзауы районы цæрджытæн сæ бон уыдзæнис интернет-провайдеры лæггæдтæй пайда кæнын. Дзауы поселочы арæзт æрцæудзæнис капиталонæй æртæ сæйраг уынджы» – ахæм æмæ æндæр æхсызгон хабæрттимæ бацыд РХИ-йы Президент Дзауы райцентрмæ цæрджытимæ фембæлдмæ.

Бибылты Анатоли ма дзауæгтæн фехъусын кодта æввахс рæстæджы кæй æрæвналдзысты Дзауы поселочы бирæуæладзыгон 18 фатерон хæдзар аразынмæ. Уый арæзт æрцæудзæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ фатертæм сæ хицæуттæ хъуамæ балидзой азы кæронмæ. Президент бафæдзæхста, цæмæй та цæрджытæ алыгъуызон махинациты фæр-цы рады ма слæууой. «Бирæуæладзыгон хæдзар арæзт æрцæудзæн абоны бон æнæхæдзар чи у, сæрмагондæй, уыдонæн», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Æрдзырдта ма Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты ма 2020-2021 азты Дзауы поселочы цы арæзт æрцæудзæн, уый фæдыл. «Хид саразыны нысанæн хицæн æрцæудзæнис 110 милуан сомы. Доны фаллаг фарс цы уынг цæуы, уый дæр арæзт æрцæудзæнис капи-талонæй. Зæххыбын доны хæтæлтæ ивд æрцæудзысты се ‘ппæт дæр. Поселокмæ хъусдард цæудзæн бюджетон æхцайы фæрæзтæй дæр», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы Дзауы поселочы цæрджытæ Президентмæ лæвæрдтой социалон рæзтмæ хауæг фарстатæ.

Зæгъæм, бюджетон фадыджы кусджытæ цымыдис кодтой  2019  азы   куыст-мыздтæ фæфылдæр уыдзысты, æви нæ, уымæ. Уый фæдыл Президент цæрджытæн загъта, зæгъгæ, хицауад æппынæдзух архайы, цæмæй канд куыстмызд нæ, фæлæ пенситæ дæр скæна фæцæрыны минимумы æмбæрц. Уыцы фарстыл Президент куыд загъта, афтæмæй уынаффæ цыд марты мæйы УФ-йы Президент Владимир Пу-тинимæ кусæгон фембæлды. Уæд УФ-йы Президент ныфс бавæрдта цыбыр æм-гъуыдмæ кæй сахуыр кæндзæнис фарст. Мæй дæр нæма рацыд, афтæмæй УФ-йы Фæллойады министрадæй æркуырдта паддзахадон организациты штатты ном-хыгъд æмæ кусджыты бæрцы тыххæй зонæнтæ. Нæ æххæстгæнæг хицауады органты къухдариуæггæнджытæ цыбыр æмгъуыдмæ хъуамæ æрбавдисой штатты нымæц. «Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ тагъд барухс кæндзыстæм нæ адæмы зæрдæтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Газификацийы фарсты фæдыл Пре-зидент банысан кодта, уыцы фарст скъуыддзаг кæй у. Уый фæдыл нæ республикæйы разамонæг æмæ уæрæсейаг компани «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллер сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыссыны фæстæ бауынаффæ кодтой рес-публикæ æмткæй кæй æрцæудзæнис газификацигонд. Президенты ныхæстæм гæсгæ куыддæр проект сцæттæ уа æмæ экспертизæ арæзт æрцæуа, афтæ райдайдзæн арæзтад. Бæрæг куыд у, афтæмæй газæй ифтонг æрцæудзæн 200 цæрæн пунктæй фылдæр. Газ уыдзæн алы хæдзары дæр, уый у ныридæгæн скъуыддзаг чи æрцыд бæстонæй, ахæм фарст.

Дзауы поселочы цæрджытимæ фем-бæлдмæ Бибылты Анатоли йемæ бахаста графикон схемæ, цыран нысан æрцыдысты цалынмæ йæ президентæй нæ равзæрстой, уæдмæ фембæлды рæстæджы адæмæн цы ныфсытæ бавæрдта, уыдонæй абоны онг йæ бон аразын цы ссис æмæ ма дзы цы хъуамæ сараза, уыдон.

Уый куыд загъта, афтæмæй уыцы ныфсæвæрдтытæй сæххæст кæнын бирæ бантыст, фæлæ дзы нырма ис сæххæсткæнинæгтæ дæр. Уыцы нымæцы Едысы донсыгъдæггæнæн ифтонгад дæр. Доныгъæд уалдзæджы æрбалæудимæ кæй фæмæгуыраудæр вæййы, алыгъуызон брон кæй фæласы, ууыл катай кодтой цæрджытæ. Президент ныфс бавæрдта, ног къуыри сæрмагондæй йæхæдæг кæй бабæрæг кæндзæнис Дзомагъы дон.

Дзауы астæуккаг скъолайы директор цымыдис кодта, республикæйы скъолатæ ифтонг кæд æрцæудзысты зынгсирвæзты ныхмæ системæйæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй уыцы фарстыл кусы хицауад. Ахуырад æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадтæ иумæ бакуыстой сæрмагонд программæйыл, кæцымæ гæсгæ афæдз дыууæ скъола ифтонг цæудзысты зынгсирвæзты ныхмæ системæйæ.

Цæрджытæй бирæты цымыдис кодта, гуырдзиаг-ирон хæсты ветерантæ æмæ фидауынгæнæг тыхты чи службæ кодта, уыдон пенсийæ куыд ифтонг цæудзысты, уыцы фарст. Уый фæдыл Президент загъта, æрæджы йæхимæ кæй райста УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады делегацийы. Уым дзырд цыд æфсæддон-техникон  æмгуыстады фæдыл æмæ уый размæ къух фыст цы сразыдзинадыл æрцыд, уыдоны практикон æгъдауæй сæххæсты фарстытыл. Уыцы фембæлды хайад райста УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры хæдивæг Сергей Истраков. Уый банысан кодта, кæй фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын. Фарстыл бакусыны хæслæвæрд радтам сæрмагонд кусæгон къордæн æмæ уыдон сæ куыст куы фæуой, уæд ацы категорийы адæймæгтæн дæр сæ пенситæ фæфылдæр уыдзысты.

Президентмæ бирæ фарстатæ лæвæрд цыд цæрæнуатæй ифтонгады фæдыл. Уыдонæй иуæй-иутæ скъуыддзаг æрцыдысты бынаты. Дзауы поселочы цæрæг иунæг сылгоймаг бахатыд республикæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй йын радта цæрæн вагон, уымæн æмæ зæххæнкъуысты фæстæ уымæн цы вагон лæвæрд æрцыд, уый æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ уымæн ацы бонты баласдзысты ног цæрæн вагон.

Залы уыд æмæ Президентмæ медицинон æххуысы тыххæй куырдиат барвыста ацы азы райдианы Чъехы хъæуы дурзæйы бын цы шофыр бахауд, уый бинойнаг. Уый куыд загъта, афтæмæй йæ цардæмбалы хъæуы медицинон æххуыс. Президент хæслæвæрд радта Æнæниздзинады министрæн, цæмæй уымæ сæрмагондæй хæдзармæ бацæуой æмæ йын æппæт процедурæтæ дæр бынаты саразой. Афтæ ма йын Президент фехъусын кодта, уыцы æрдзон æнамонддзинады аххосæй йын цы автомашинæ ныппырх, уый бæсты йын ног машинæ кæй самал кодтой. Ныртæккæ уый ис фæндагыл æмæ ацы бонты йæ хицаумæ лæвæрд æрцæудзæнис, раздæр ын ныфс куыд бавæрдта, афтæ.

Фембæлд цы киноконцертон залы цыд, уым зымæджы уазал кæй вæййы æмæ сæрды та тæвд, уый фæдыл йæ катайдзинад равдыста ацы районы культурæйы управленийы сæргълæууæг.

Президент ныфс бавæрдта, сæрды бонты кондиционертæй ифтонг кæй æрцæудзысты.

Фембæлды кæрон Президент æрсидт дзауæгтæм, цæмæй хайад райсой 9-æм июны Парламентон æвзæрстыты.

«Æвзæрстытæ, куыд зонæм, афтæмæй уагъд цæудзысты мажоритарон-пропор-ционалон системæмæ гæсгæ: 17 депутаты æвзæрст æрцæудзысты партион номхыгъд-тæм гæсгæ æмæ 17 та – иумандатон æвзарæн округтæй. Мæн фæнды, цæмæй сымахæй алчи дæр æвзарæн фадыгмæ бацæуа райзæрдæйæ æмæ йæ, кæмæн фæнды æмæ аккагдæрыл кæй нымайы, уымæн схъæлæс кæна. Уадз, ацы аз æвзæрстытæ ацæуæт бæрæгбонау», – дзырдта Бибылты Анатоли.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.