Президент Гаглойты Аланæн уыд фембæлд. Йæхимæ райста Ирвæзынгæджыты Уæрæсейаг Цæдисы делегаци, Ирвæзынгæнджыты Уæрæсейаг цæдисы уæлдæр советы сæрдар, УФ-йы аккаг ирвæзынгæнæг Алексей Дударевы сæргълæудæй.

Фембæлды хайад райста РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Гассеты Ибрагим.

Президент бузныг загъта уазджытæн сæ визиты тыххæй.

«Сымах æрцыдыстут сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын, æмгуыстад æрбæстон кæнынмæ. Рæстæг зын рæстæг у, фæлæ мæ  ныфс ис, уæ æмархайд кæй уыдзæн æнтыстджын», – загъта уый.

Йæ рады, Алексей Дударев банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрадимæ æмархайдæн ис  куыд практикон, афтæ информацион æххуысы уæлтæ дæр.

«Нæ ведомствоты ‘хсæн цы сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыд, уый у æрдзон-техногенон хуызы уæлвæткон уавæртæй цæрджыты æмæ территориты æдасдзинад æмæ ирвæзынкæнынад сифтонг кæныны нысан. Сразыдзинады фæдыл куысты фæлгæтты пълан цæуы ирвæзынгæнджыты тренировкæ æмæ ахуырад, зонындзинæдтæ фæбæрзонддæр кæныны фадыджы методикон æххуыс, афтæ ма æппæт хъæугæ мадзæлттæ», – загъта уый.

Гаглойты Алан раарфæ кодта фембæлды хайадисджытæн се ‘нтыстджын æмархайды тыххæй.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг Уæлвæткон уавæрты министрад  Гассеты Ибрагим æмæ уазджытимæ бабæрæг кодтой Цхинвалы районы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады тренировкæгæнæн полигоны арæзтад.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.