17-æм июлы киеваг фашистон режим сарæзта ра-дон теракт Хъырымы хидыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмардысты дыууæ адæймаджы – лæг æмæ ус, сæ сывæллон та аззад сидзæрæй. Сывæллон ныридæгæн ис рынчындоны алыгъуызон цæфтимæ æмæ йæ ныййарджытæ кæй фæмардысты, уый йын нырма зæгъгæ дæр нæ кодтой.

Украинаг нацисттæ уайтагъд сæхимæ райстой ацы фыдракæнды сарæзт, сæхицæн æй уæлахизыл банымадтой æмæ ма ноджы æртхъирæнтæ кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, хурныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ сæ политиктæ бынтондæр ницы «срæдыдысты» Украинæйы ныхмæ – «халон халоны цæст нæ къахы?». Æгæрыстæмæй йæ «теракт» дæр не схуыдтой, фæлæ «инцидент». Æниу атомон элктростанцæ ракетæтæй фехсын хорзыл чи нымайы, уыдонæй цы домыс?

Террористтæ спайда кодтой уæлдонцæуæг æнæпилотон аппараттæй, кæцытæ йедзаг уыдысты хæлæн æрмæджытæй æмæ срæмыгътой тæккæ хиды рæбын. Фыдгæнджытæ хъуыды кодтой, ома, хиды сæйраг цæджындз ныппырх уыдзæнис æмæ йын тагъд рæстæджы саразæн нал уыдзæнис. Фæлæ сæ фæндтæ не сæххæст сты – цæджындз разынд фидар арæзт. Хидæн бахъыгдард ис йæ уæлцъар, ома, автомашинæты фæндаджы бетонæй конд конструкци. Ныридæгæн уал дзы уадзынц бæлццæтты реверсон режимы хуызы хиды иу фæрсты. 15 сентябрмæ цалцæггæнæн куыстытæ бакæныны фæстиуæгæн уадзын райдайдзысты дыууæрдæм, фæлæ нырма хиды иу фæрсты. 1-æм ноябрмæ та кæронмæ фæуыдзысты арæзтадон куыстытæ – баивдзысты бахъыгдардгонд бетонæй конструкци ногыл.

Ахæм теракт саразынæн егъау фæрæзтæ хъæуы, хъæугæ специалисттæ æмæ бæрзонд технологон дзаумæттæ. Украинæ йæ ныры уавæры ахæм æмвæзадыл теракт саразынæн нæу æмæ, æвæццæгæн, ввахс æнусы не суыдзæн йæ бон. Æнæпилотон аппараттæ арæзт уыдысты нырыккон бæрзондтехнологон æрмæджытæй, сæ навигаци дæр уыд размæцыд технологитимæ баст. Ахæм вазыгджын аппараттæ саразын у æрмæстдæр цалдæр размæцыд бæстæйы бон. Фидарæй зæгъæн ис, теракт саразджыты сæйраг арахйджытæ кæй уыдысты НАТО-йы æфсæддонтæ, бæлвырдæй та англисæгтæ æмæ америкæгтæ.

Ацы терактæн ницы ифтонг цæуынц Донбассы уылты. Хъырымы хидыл та цæуынц хуымæтæджы адæм улæ æфсæддон нысаниуæг ис – сæр-магонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ алцæмæйдæр фынмæ. Ацы цауæн фылдæр ис раппæлыны эффект, Уæрæсейы цæрджытыл психологон æндæвдад саразын. Ома махæн дæр нæ бон цыдæртæ у. Хæсты быдыры егъау зиæнттæ æййафынц, сæ размæабырстæй сæ къухты ницы бафтыд, æмæ сабыр цæрæг адæмыл сæ маст ныккалдтой.

 

Цахæм дзуапп ратдзæнис Уæрæсе?

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, хъæуы киеваг къухдариуæгады скуынæг кæнын. Фæлæ уый цы пайда фæуыдзæнис Уæрæсейæн? Уыдон нал уыдзысты æмæ сæ бынæтты æрбаддзысты уыдонæй фыддæртæ. Украинæйы сæйраг министрадты æмæ æндæр ахæм бæстыхæйттæ ныппырх кæнын дæр æнцон у уæрæсейаг æфсæддонтæн, фæлæ горæтты астæу кæй сты, уый фæстиуæгæн æнæмæнг разиан кæндзысты сабыр цæрæг адæмæн. Ахæм къахдзæфтæ саразыны фæстæ ма Уæрæсейы репутаци дæр февзæрдæр уыдзæнис дунейы – сæхи æркæндзысты украинаг фашистон режимы æмвæзадмæ. Уæрæсейаг æфсæддонтæ аккаг ныхкъуырд дæттынц сæ ныхмæлæуджытæн хæсты быдыры æмæ уый фаг у. Ӕниу уыцы хæстон архæйдтытæ куы фæактивондæр кæниккой, уæд тагъддæр скуынæг уаиккой уыцы тугдзых лæгмартæ æмæ сын фадат нал уаид ахæм теракттæ саразынæн.

Хъырымы хид ныр цалдæр мæйы кæй цалцæг кæндзысты æмæ уый фæстиуæгæн æххæстæй йæ функцитæ кæй не ххæст кæндзæнис, уый тыххæй Донбассы уылты бакодтой фæндæгтæ. Ныриæдæгæн ууылты арæзт æрцыдис транспортон къæлидор æмæ бæлцæттæ зындзинæдтимæ нал æмбæлдзысты.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мария Захарова йæ раныхасы банысан кодта, ома, Хъырымы хидыл теракт сарæзтой киеваг террористон режим. Искæцы паддзахады къухдариуæгады «террористон» куы рахонай, уæд уый нысан кæны, семæ дæ дарддæр кæй ницыуал дзуринаг ис. Террористты æгас дунейы кæнынц куынæг – семæ ничи ницæуыл дзуры. Уымæ гæсгæ ныр фæсарæйнаг бæстæты къухдариуæггæнджытæн дæр нал ис бахатæн Путинмæ, цæмæй йæ сразы кæной Украинæйы къухдариуæгадимæ истæуыл бадзурыныл.

Теракт 17-æм июлы арæзт кæй æрцыдис, уый дæр æнæхъуаджы нæу. 17-æм июлы фæцис хойраджы бадзырды рæстæг æмæ йæ Уæрæсе нал адарддæр кодта. Ацы бадзырд иууыл фылдæр пайда хаста Украинæйæн, Туркæн, европæйаг бæстæтæн æмæ Китайæн. Уæрæсейæн цы баныфсæвæрдтой хойраджы бадзырды фæл-гæтты, уымæн йæ иу процент дæр æххæст не рцыд. Уымæ гæсгæ Путин нал сразы йæ адарддæр кæныныл. Уæлдайдæр ма ноджы теракт саразыны фæстæ. Ӕмæ ацы теракт дæр уыцы бон уымæн æрцыд арæзт, цæмæй хойраджы бадзырд мауал куса. АИШ æмæ Стыр Британийæн ницы пайда хаста æмæ æдылыдзæф украинæгты къухтæй сарæзтой теракт.

Китай хойраджы бадзырдæй пайда кодта бар-æнæбары.  Дæс азы размæ Украинæйæн кредиты хуызы раттой 3 миллиарды доллартæй æмæ сын æй Украинæ хойрагæй фиды. Туркмæ дæр егъау æфтиæгтæ цыдис – сæ адæмæн нæ фаг кæны ссад æмæ аслам аргъæй сæ къухты æфтыд украинаг хойраг. Уæлдай ма сæм цы хаудта, уый та зынаргъдæрыл уæй кодтой. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, Уæрæсе фæззæджы йæ адарддæр кæныныл сразы ис Туркы тыххæй – Эрдоганимæ кусын сын æнцондæр у æмæ сæ фæндыд, цæмæй æвзæрстыты ногæй рамбула.

Украинæ та сæ хойраджы ныхмæ истой æхсæнгарз æмæ сын ныр фæзын уыдзæнис. Уæрæсе рагæй дзырдта, ома, хойраджы бадзырды фсон Украинæйы байдзаг кодтой алыхуызон хæстон æрмæджытæй æмæ техникæйæ. Фæлæ та хурныгуылæйнаг бæстæтæ радон хатт сæ цæстытæ сæхгæдтой ууыл дæр. Хурныгуылæйнаг бæстæтæ хæцынц Уæрæсеимæ фæстаг украинагы онг.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.