Абон, 11-æм сентябры 20 азы сæххæст Америкæйы Иугонд Штатты æмæ æмткæй дунейы историйы иууыл егъаудæр теракт саразыны боныл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 3 мин адæймаджы, алыгъуызон цæфтæ та фесты 8 мин адæймаджы бæрц. Уыцы бон террористтæ бацахстой бæлццæттæласæн цыппар  хæдтæхæджы æмæ бабырстой Нью-Йоркы мæсгуытæ-фаззæтты æмæ Вашингтоны цур Пентагоны бæстыхаймæ. 19 террористæй 15 уыдысты саудовæгтæ. Теракт сорганизаци кодта террористон къорд «Аль-Кайда». Фæлæ Вашингтон маст райсыны æфсонæн хæстон операци та райдыдта Афганистаны.

Дунеон базарадон центр конд уыд авд бæстыхайæ. Уыдонæй дыууæ 110-уæладзыгон мæсгуытæ – Цæгаттаг æмæ Хуссайраг уыдысты централон бæстыхæйттæ. Алкæцы бæстыхайы дæр уыдис офистæ, цыран куыстой 430 компанийы бæрц æмæ 35 мин адæймаджы. 2001 азы 11-æм сентябры бынæттон рæстæгмæ гæсгæ 8 сахат æмæ 46 минутыл боинг 767 бабырста Цæгаттаг мæсыгмæ æмæ сæмбæлд 93 æмæ 99-уæладзыджы ‘хсæн. Хæдтæхæджы бортыл уыд 81 бæлццоны æмæ экипажы 11 уæнджы. Фæстæдæр куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ лайнеры 5 бæлццоны уыдысты террористтæ. Уыдон капитанты скондмæ балæбурдтой канцелярон кæрдтимæ. 9 сахатыл æмæ 03 минутыл боинг 767 бабырста Хуссайраг мæсыгмæ, кæцы сæмбæлд 77 æмæ 85-уæлдзгуыты ‘хсæн. Ацы хæдтæхæгыл та уыд 56 бæлццоны æмæ экипажы 9 уæнджы.

9 сахат æмæ 37 минутыл æртыккаг хæдтæхæг бабырста АИШ-ы хъахъхъæнынады министрады штаб-фатермæ – Пентагоны. Лайнеры бортыл уыд 58 бæлццоны æмæ экипажы 6 уæнджы. Террористты планмæ гæсгæ цыппæрæм хæдтæхæг хъуамæ сæмбæлдаид Капитоли кæнæ Урс хæдзары бæстыхайыл. Фæлæ бæлццæттæ æмæ экипажы уæнгтæ ныхкъуырд радтой террористтæн æмæ афтæмæй боинг 757-222, кæцы тахт мидконтиненталон маршрутыл, æрхауд горæт Шанксвиллмæ æввахс. Хæдтæхæджы бортыл цы 37 бæлццоны æмæ экипажы 7 уæнджы уыд, уыдон фæмард сты.

Мæсгуытæ-фазæттæм цы хæдтæхджытæ батахтысты, уыдонæн сæ бактæ æртагæй  йедзаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ райдыдта зынгсирвæзт, кæцыйы фæстиуæгæн Хуссайраг мæсыг æркалд райсомæй 9 сахат æмæ 59 минутыл. Æрдæгсахаты фæстæ та æркалд дыккаг мæсыг. Схъистæ ныппырх сты дæсгай километрты, радиусы ныппырх æмæ разиан кодтой дунеон базарадон центры иннæ бæстыхæйттæн дæр. 11-æм сентябры изæры срæмыгъдтыты серийы фæстæ æркалд  базарадон центры ноджы иу бæстыхай. Теракты фæдыл къамисы хатдзæгтæм гæсгæ, срæмыгъдтыты рæстæджы мæсгуыты уыдис 16 мин адæймаджы, кæцытæн сæ фылдæр сæрæгасæй баззадысты.

Ныртæккæ Нью-Йоркы мæсгуытæ-фаззæттæйы бынаты лæууы Национ мемориал æмæ музей, кæцы баст у 11-æм сентябры цаутимæ. Паркы ныссагътой 400 бæласы, теракты рæстæджы фæмардуæвджыты нæмттæ фыст æрцыдысты бронзæйон парапеттыл. Вашингтоны журналистикæйы музейы эксопизицийы иу хай баст у 11-æм сентябры цаутимæ, уым ис мæсыджы пырхæнтæй иу, къултыл конд сты дунеон газетты вывескæтæ, цыран ис иу темæ. Абоны онг дæр æрхæсгæ зианы раст нымæц бæрæг нæма у. 2006 азы АИШ-ы уæды президент Джордж Буш-кæстæр фехъусын кодта, зæгъгæ,  разианчындæуыд, иууыл къаддæр, 500 миллиард доллары бæрц. Ацы хъуыддаджы фæдыл æрцахстой террорист Закариас Муссауийы. Тæрхондоны уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Усама Бен Ладен сæрмагондæй йæхæдæг бацамыдта хæдтæхджытæ бацахсыны тыххæй, цæмæй таранæй батахтаиккой Урс хæдзармæ. 2006 азы майы мæйы Закариас Муссауййян  рахастой цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон.

Ацы егъаудæр теракты тыххæй ма АИШ-ы Гуантанамойы ахæстоны бадынц Халид Шейх Мохаммед æмæ йе ‘ххуысгæнджытæ. Ацы адæймаджы АИШ-ы хицауад нымайын дунейы иууыл зындгонддæр теракты организаторыл. Ууыл абоны онг дæр нæма стæрхон кодтой, кæд 20 азы рацыд, уæддæр. Террористы дардтой ЦРУ-йы сусæггаг ахæстæтты нырма Польшæйы æмæ уый фæстæ та – Румынийы æмæ йын æгъатырæй хъизæмар кодтой – нæ йæ уагътой фынæй кæнын æмæ йæ хуыдуг кодтой до-ны. Терактæй цыппар азы фæстæ æппынфæстагмæ Халид Шейх Мохаммед басаст, зæгъгæ, уый сорганизаци кодта 2001 азы 11-æм сентябры теракт.

Теракты фæстæ фыццаг мæйты амеркæйаг тыхон структурæтæ æрцахстой 800 адæймаджы бæрц, кæцытæм зæрдæ фехсайдта «Аль-Кайда»-имæ бастдзинадæй. Уыдон бадтысты Гуантанамойы. Расидт æрцыдысты «знаджы æфсæддонтыл» æмæ сæ ахасты ницахæм барадон нормæтæ архайдтой. Арæзтой сын æнæадæймагон митæ фæлæ сыл ницахæм тæрхæттæ  не скодтой. Президент Буш баныфсæвæрдта, зæгъгæ, уыдон баддзысты, цалынмæ америкæйаг «терроры ныхмæ хæст» нæ фæуа, уæдмæ. Фæлæ æнæ тæрхон æмæ фæдагуырдæй дунейы иууыл тæссагдæр ахæстоны чи бадтысты, уыдоны райдыдтой ссæрибар кæнын. Гуантанамойы амæттæгтæй чи рацыд, уыдон Пентагоныл хъаст балæвæрдтой тæрхондонмæ. Журналисттæн радзырдтой цы хъизæмæрттæ сын арæзтой, æппæт уыдоны тыххæй.

Абоны онг дæр теракты тыххæй æрмæджытæ раргом кæнын домынц фæмардуæвджыты хиуæттæ. Уыдонæн сæ фылдæры уырны теракт саразыны аххосджын кæй сты «Аль-Кайда» æмæ Саудоваг Арави. АИШ-ы президент Джо Байден сын баныфсæвæрдта æрмæджытæ раргом кæныны тыххæй.

Рацыд 20 азы дунейы иууыл егъаудæр теракт арæзт куы æрцыд, уыцы бонæй, фæлæ уæдæй фæстæмæ дуне нæ фæивта. Абон дæр террористон организацитæ тæссаг сты дунейы æппæт бæстæтæн дæр. Ноджы фылдæр террористон организацитæ сæхи хотыхджын кæнынц. Ацы æмæ æндæр теракттæ дæр зондзонæн нæ фесты дунейæн æмæ абоны онг дæр бæстæты ‘хсæн нæй æмгуыстад. Алкæцы  бæстæ дæр хъуыды кæны æрмæстдæр йæхиуыл, иумæ террористон организацитæн ныхкъуырд радтыны бæсты. Æппæт дунейы дæсгай теракттæ адæймагадæн равдыстой террористты тых, кæцытæ цæттæ сты сæ цард радтынмæ. Терроризм рæзы иуæй-иу бæстæты фæрцы. Зæгъæм, Катар уыдонæн дæтты милуангай доллартæ, афтæ ма сæ финанстæй ифтонг кæнынц æндæр бæстæтæ дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.