Ацы фæстаг азты Дзæуджыхъæу афтæ срæсугъд æмæ йæ абарæн ис европæйаг горæттæй бирæтæм. Рæсугъд та тынгдæр у йæ историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæй. Туристтæ зæрдиагæй цæуынц, республикæйы цы мæсгуытæ, кувæндæттæ æмæ алыхуызон историон бынæттæ ис, уыдоны уынынмæ. Уыдон нын нæ рагфыдæлтæй баззадысты, фæлæ Дзæуджыхъæуы фæстаг 20-30 азы цы архитектурон цыртдзæвæнтæ æмæ скульптурæтæ æрцыд арæзт, уыдонæн æмбал нæй. Зæгъæм, Нарты Сосланы, Дзæугы, Гæдиаты Секъайы, Плиты Иссæйы, Вахтанговы, Гуырцъыты Пипойы æмæ æндæр зынгæ адæмты цыртдзæвæнтæ. Историон адæймæгты фæлгонцтæ саразынæй уæлдай ма, Терчы былтыл барсы, шахматæй хъазджыты, городавойы, цæугæдоны найæг лæппу æмæ бирæ æндæр скульптурæтæ рæсугъд кæнынц горæт. Æрмæст парк «Нæртон»-мæ сæрмагондæй цæуынц туристтæ нарты архайджыты диссаджы скульптурæтæ уынынмæ.

Æрæджы ма уыдоныл бафтыд иу скульптурæ: Дзæуджыхъæуы, Уæлахизы фæзы æвæрд æрцыд, 19-æм æнусы кæмæй пайда кодтой, ахæм каретæ. Йæ дыууæ фарс лæууынц сылгоймаг æмæ нæлгоймаг уæдыккон дзаумæтты. Каретæ у тынг аив арæзт. Уагъд æм ис электрон тых æмæ æхсæв дæр цæхæртæ калы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы скульптурæ дæр та у нæ истори æвдисæг.

Дзæуджыхъæуы уынгты азилгæйæ, уыйæппæт цыртдзæвæнтæ, скульптурæтæ, фигуркæтæ уынгæйæ, адæймаг нæ горæты абары Петербургимæ…

 

ТРАНСПОРТЫ ЛÆГГÆДТЫ АХАДЫНДЗИНАД

Цæгат Ирыстоны дарддæр куыст цæуы цæрджытæн транспортон лæггæдтæ кæныны алывæрсыг нывæзт саразыныл. Цæттæ цæуынц алыхуызон документтæ, транспорты змæлд Дзæуджыхъæуы æмæ районты куыд хъуамæ уа, уый тыххæй.

Ныронг уал Петербурджы транспортон системæты институты æмæ мæскуыйаг корпораци «СтройИнвестПроект»-ы специалисттæ бацæттæ кодтой транспортон системæйы рæзты наукон-иртасæн куыстыты æртыккаг къæпхæны гæххæттытæ.

Бæлвырд иртæстгонд æрцыдысты, ныртæккæ нæм цы маршрутон хызтæ ис, уыдоны дæрддзæф, бæлцæтты зилдух, транспорты бадæн бынæттæ, стæй аргъгонд æрцыд фæндæгты уавæрæн. Уымæй уæлдай, хатдзæгтæ конд æрцыд транспортæн æрлæууæн бынæтты удæнцой увæртæ саразыныл.

Специалисттæ бацамыдтой муниципалон арæзтыты социалон-экономикон бæрæггæнæнтæ дæр, цæрджыты нымæц, социалон къабаз æмæ базарады сæйраг объекттæ кæцы рæтты сты, уыдæттæ дæр. Ацы æмæ æндæр бирæ бæрæггæнæнтæ специалисттæн феххуыс уыдзысты пайдайаг маршрутон хуыз саразынæн, цæмæй, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло цæрджыты транспортон лæггæдтæ фæхуыздæр кæныны тыххæй цы сæйраг нысан сæвæрдта, уый æххæстгонд æрцæуа.

Куыд загътам, афтæмæй горæты транспортон хызты рæзты сценари сара-зыныл архайынц мæскуыйаг корпораци «СтройИнвестПроект» æмæ Петербурджы транспортон системæты институты специалисттæ, æмæ сыл федералон закъоны бындурыл хæс æвæрд цæуы, бæлцæттæ æмæ сæ чи ласа, уыдонæн æппæт уавæртæ дæр саразыныл.

Фæндаджы змæлды ног системæйы руаджы рæхджы хуыздæр æххæстгонд цæудзысты республикæйы цæрджыты домæнтæ. Дзæуджыхъæу æмæ районты æхсæн бастдзинад нывылдæр кæй фæуыдзæн, уымæй уæлдай бæлцæттæ æнæкъуылымпыйæ цæудзысты сæ ны-сангонд бынæттæм.

                                     Нæ  уацх.          

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.