Гаглойты Алан хайад райста Хетæджы боны бæрæгбоны. Мадзæлттæ уагъд цыдысты РЦИ-Аланийы Алагиры районы Хетæджы къохы. Æрвылаз дæр ардæм æрбацæуынц дæсгай мин адæймæгтæ.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ бæрæгбоны сæраппонд æппæт ирæттæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан.

Уымæн Ирыстон æмæ ирон адæмæн йæ цæст бауарзта стабилондзинад, дидинрафтыд æмæ иудзинад, алы хæдзарæн та – сабырад, кæрæдзиæмбарынад æмæ фæрныгад.

«Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

Абон мах нысан кæнæм ирон адæмы иууыл кадджындæр бæрæгбонтæй сæ иу. Мах, куыд нæ фыдæлтæ, афтæ кувæм Уастырджымæ нæ Райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæныны, нæ хиуæттæ æмæ æввахс адæймæгты æнæниздзинады тыххæй.

Мах абоны хуызæн никуы бахъуыд, цæмæй æрбангом уæм æмæ скувæм, хæсты быдыры чи сты æмæ махæй алчи дæр кæуыл тыхсы, уыцы хæстонты тыххæй. Хъыгагæн, Ирыстоныл æрцыдис, баххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæм зиæнттæ. Æмæ ма уыимæ мах кувæм уыцы лæппуты тыххæй, кæцытæ хъахъхъæнынц нæ сабырад, нæ истори æмæ æвæлмас цард. Кувæм, цæмæй зæххыл æрфидар уа сабырад, цæмæй Ирыстоны кадджын фырттæ сæрæгас æмæ æнæнизæй сæ хæдзæрттæм æрыздæхой. Æнæниз ут!», – загъта Президент.

Сергей Меняйлойæн дæр, йæхи рады, Ирыстоны хуссар æмæ цæ-гаты æппæт цæрджытæн йæ цæст бауарзта фæрныг цард.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.