Ирон журналистикæйæн стыр лæггæдтæ чи бакодта, уыдонæй иу уыд Хуриты Гиви Георгийы фырт. Уый бирæ азты дæргъы бакуыста газет «Советон Ирыстон»-ы, фæстæдæр – «Хурзæрин»-ы. Уыцы иурæстæджы ма 20 азмæ æввахс та уыд Хуссар Ирыстоны газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг дæр. Хурийы фырты æгъатыр мæлæт не ‘хсæнæй атыдта 2010 азы сентябры мæйы йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Хъыгагæн ын, дыууæ азы йедтæмæ  нæ бантыст хæдбар Ирыстоны рацæрын, нæ йыл бафсæст цин кæнынæй. Афтæмæй та царды йе стырдæр бæллиц уыд йæ радтæг хæстæфхæрд Ирыстоны сæрибар æмæ хæдбарæй фенын. Гиви йæ хорзы ном ныууагъта куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. 2019 азы цæгатирыстойнаг журналист Багаты Аврамæн (абон дзæнæттаг) мыхуыры рацыд чиныг «Хуртуан», зæгъгæ. Чиныгмæ бахаста Хуриты Гивийыл йæ амæлæты фæстæ цы уац ныффыста, уый дæр. 1-æм январы «Хурзæрин»-ыл 100 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд æй хæссæм газеткæсджыты рæгъмæ.

 

УЫД ФЫДЫБӔСТӔЙЫ ПАТРИОТ

Фынддӕс азӕй фылдӕр газет «Рӕстдзинад»-ӕн Хуссар Ирыстоны уыдис йӕхи сӕрмагонд уацхӕссӕг. Ахӕм амонд ӕрхауд газет «Хурзӕрин»-ы сӕйраг редакторы хӕдивӕг Хуриты Гивимӕ. Уый уыдис ивгъуыд ӕнусы фӕстаг ӕмтъеры азты йӕ цӕгаттаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн хуссайраг ирӕтты тыхст царды хабӕрттӕ хъусынгӕнӕг, Ирыстоны дыууӕ хайы иудзинадыл архайджытӕй иу.

2008 азы ӕстӕм август хорз лӕууы алы ӕмбаргӕ адӕймаджы зӕрдыл дӕр. Фӕсахсӕвӕр, телевизормӕ кӕсгӕйӕ, мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, киноты цы карз хӕстытӕ федтон, уыдонӕй иу ныв: хъомысджын хӕцӕнгӕрзты ӕмӕхст, цӕхӕркалгӕ нӕмгуытӕ тахтысты кӕрӕдзи фӕдыл. Уый Гуырдзыстон расидт хӕст Хуссар Ирӕн, æмæ мӕлӕтхӕссӕг нӕмгуытӕ тахтысты Цхинвалмӕ.

Уыцы фондзбонон хӕстӕй дыууӕ къуырийы фӕстӕ Уӕрӕсейы уӕды Президент Дмитрий Медведев йӕ Барамындæй Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахад куы банымадта, уӕд йӕ хӕдуӕлвӕд «Рӕстдзинад»-ы редакцимӕ ӕрхӕццӕ йӕ хуссайраг уацхӕссӕг. Уӕды хуызӕн хъӕлдзӕгӕй никуы федтон Гивийы. Йӕ цӕстытӕ цинӕрттывд кодтой.

Сымах та цы стут нӕ разы!? Мах паддзахад стӕм, паддзахад! – худгӕйӕ дзырдта Хурийы-фырт. Стӕй чысыл фӕстӕдӕр сагъӕс кӕнгӕйӕ афтӕ зӕгъы: «Цӕй паддзахад, адӕм дзы нӕй, адӕм, фӕлыгъдысты алырдӕм. Афтӕмӕй куыд уыдзӕн нӕ хабар – нӕ зонын». Ӕз ын ныфсытӕ авӕрдтон, зӕгъын, бӕстӕ куы ‘рсабыр уа, уӕд уавӕр куыд нывылдӕр кӕна, афтӕ адӕм дӕр здӕхдзысты фӕстӕмӕ.

Бӕргӕ, бӕргӕ, – арф ныуулӕфыд Гиви ӕмӕ йӕ дипломатӕй систа, газеты ным-мыхуыр кӕнынмӕ цы ӕрмӕджытӕ ӕрхаста, уыдон ӕмӕ та ацы хатт дӕр ӕф-сӕрмгӕнгӕйӕ загъта: «Кӕд дзы исты сбӕзза газетӕн, уӕд хорз»…

Цыдӕрхуызон адӕм стӕм мах, ирӕттӕ. Нӕ хӕдӕфсарм ӕмбӕлттӕн-ӕмкусджытӕн, нӕ хӕрзтӕн афоныл аргъ кӕнынмӕ фаг нӕ арӕхсӕм. Куыд ӕмбӕлы, ахӕм аргъ не скодтам нӕ хӕларзӕрдӕ ӕмкусӕг Хуриты Гивийӕн дӕр. Фӕстаг хатт ма «Рӕстдзинад»-ы юбилей куы бӕрӕг кодтам, уый уыдис фынддӕс азы размӕ, уӕд ын мӕхи хъӕппӕрисӕй РЦИ-Аланийы Кады грамотӕ радтын кодтон (сӕйраг редакторы хӕдивӕгӕй куыстон уӕд). Абон дӕр ма фӕсмон кӕнын, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕджы ном ын радтынмӕ йӕ кӕй нӕ бавдыстам, ууыл. Уӕвгӕ, уый ӕнхъӕл чи уыд ӕмӕ «Рӕстдзинад»-ы 85 азы юбилейы кой нӕхи йеддӕмӕ ничи скӕндзӕн, стӕй нӕ хорз ӕмбал Гивийыл ахӕм ӕнӕнхъӕлӕджы хабар сӕмбӕлдзӕн.

Хъыг у, хъыг, йӕ хурхӕтӕны фӕстӕ чысыл йеддӕмӕ кӕй нӕ ацард, уый. Йӕ сау хабар нӕм фӕлладуадзӕн бон ӕрбайхъуыст, хуыцаубоны, 2010 азы 19 сентябры. Къуырисӕры цалдӕрӕй ацыдыстӕм Цхинвалмӕ. Не ‘мбал Черчесты Хъасболат та редакцийы мургай ӕмбырд кодта Гивийы тыххӕй ӕрмӕг ӕмӕ мах ӕрцыдмӕ дыццӕджы газеты цыппӕрӕм фарсыл рацыд. «Йӕ тӕккӕ лӕджы кары бацӕугӕйӕ, – фыста Хъасболат газет «Рӕстдзинад»-ы кусджыты номӕй, – амард, Хуссар Ирыстоны зӕххыл цӕуынӕй чи нӕ бафсӕст, йӕ рыст зӕрдӕ ӕдзухдӕр адӕмы хорздзинадмӕ кӕмӕн бӕллыд, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг, нӕ дыууӕ Иры иузӕрдион патриоттӕй иу, Уӕрӕсейы Федерацийы Журналистты цӕдисы уӕнг, курдиатджын журналист Хуриты Гиви. Уыцы ӕнӕнхъӕлӕджы уӕззау хабар фехъусгӕйӕ, мах, газет «Рӕстдзинад»-ы кусджытӕ, иууылдӕр зӕрдӕдзӕфтау фестӕм».

«Хуриты Гиви уыдис, дыууӕ Ирыстоны дӕр ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй, зӕрдӕйӕ чи уарзта, уыцы зынгзӕрдӕ патриоттӕй иу…» Топпы фатау раст ныхӕстæ. Фӕлӕ йын сӕ йӕ удӕгасӕй куыд никуы загътам, уый диссаг у. Ӕниу цӕуыл дис кӕнын, нӕ фарсмӕ ахӕм зынгзӕрдӕ патриот кӕй куыста, уый мӕхӕдӕг дӕр ӕрӕджиау базыдтон, йӕ мӕлӕтӕй иу аз раздӕр мӕм цы зӕронд газеттӕ радта, уыдонӕй. Стыр хорз Адӕймаг, – ахӕм хатдзӕг скодтон, Гивийы тыххӕй сӕ цы ӕрмӕджытӕ ис, уыдон куы бакастӕн, уӕд. Уӕлдай диссагдӕр та мӕм фӕкаст, ӕвдайӕм азты фыццаг ӕмбисы, Советон ӕфсады рӕнхъыты службӕ кӕнгӕйӕ йын «Фӕллойадон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй» майдан лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый. Никуы мын скодта йӕ кой ацы хӕдӕфсарм Адӕймаг. Уый тыххӕй фыста Мӕскуыйы ӕфсӕддон зылды арв хъахъхъӕнӕг ӕфсады ӕрвылбонон газет «На боевом посту» 1974 азы 7 июны. Уыцы аз 15 октябры газет ныммыхуыр кодта ротӕйы командиры хӕдивӕг политикон куысты, хистӕр лейтенант С. Сердюковы егъау уац «Звание лидеров обязывает». Уацы ӕмбис фыст уыдис Хуриты Гивийы арӕзтадон бригады ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй. Кӕронмӕ ӕввахс та дзы ис ахӕм ныхӕстӕ:

«Коллективы алы ног ӕнтыст, алы ног фӕллойадон уӕлахиз дӕр у абон знонæй, райсом та абонӕй хуыздӕр кусынмӕ тырнындзинад цырендӕр кӕныны разамонӕг тых. Уый бынтондӕр хызт у хиуыл фервӕссыны хабӕрттӕй, фӕстӕзад аразджытӕм ӕнӕрвӕссон ахастдзинадӕй. Сержант Хурийы-фырт кӕддӕриддӕр цӕттӕ у кӕмӕнфӕндыдӕр ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кӕнынмӕ, ӕрмӕст ӕм баулӕф ӕххуысмӕ, бахат ӕм уынаффӕмӕ»…

Ӕфсады службӕ кӕнгӕйӕ дӕр Гиви ӕмхиц уыдис сфӕлдыстадон куыстмӕ. Йӕ уацхъуыдтӕ йын мыхуыр кодта уӕлдӕр амынд газет «На боевом посту». Ууыл дзурӕг у газеты фӕскомцӕдисон царды хайады хицау, хистӕр лейтенант К. Ларионовы фыстæг. Уый райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Зынаргъ Хуриты Г.Г. махӕн ӕхсызгон у, ӕфсӕддон зылды газеты дын цы æрмӕджытӕ рацыд, уыдонӕн редакцион коллеги ӕмӕ газеткӕсджытӕ стыр аргъ кӕй скодтой, уый тыххӕй дын фехъусын кӕнын»…

Ӕфсӕддон арӕзтадон бригады фӕл-лойгӕнӕг лӕппуты уарзон ӕмгар, бонзонгӕ ӕмӕ хӕрзӕгъдау Хурийы-фырт сӕххӕст кодта йӕ кадджын хӕс Райгуырӕн бӕстӕйы раз ӕмӕ 1974 азы фӕззӕджы сыздӕхт ӕфсады рӕнхъытӕй сӕхимӕ. Фӕлӕ йе ‘фсӕддон ӕмбӕлттимӕ бастдзинад нӕ фескъуыд уӕддӕр. Цалдӕр азы дӕргъы сӕм фыста фыстæджытӕ, фыста йӕ кӕддӕры командир Н.И. Найденковмӕ дӕр. Мӕнӕ хӕрзцыбыр скъуыддзӕгтӕ йӕ хӕлар Витяйы фыстӕгӕй: «… У нас здесь снег идет почти каждый день. Холодно, но ничего, терпим, ведь мы – «хуриевцы!..» «Да, деньги я получил – 15 рублей, большое спасибо. Мы вчетвером: я, Сабир, Сагитов, Саппаров и еще Михеев был. Взяли и хорошо вспомнили тебя. Да, я не боюсь этих слов. Первый тост за командира, за хорошего человека».

Ивгъуыд ӕнусы знӕт ӕмӕ ӕмтъеры нӕуӕдзӕм азты Хуссар Иры цӕрджытӕй бирӕтыл гуырдзиаг экстремистты аххосӕй ӕрцыд ӕнамонд хабӕрттӕ. Ӕвыдӕй нӕ баззадысты Хуриты Гиви ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр. Гиви ма нӕмыгдзӕф дӕр фӕцис. Фӕлӕ йе знӕгты фӕндиаг нӕ фӕцис, аирвӕзт фыдбылызӕй. Йӕ цӕф бадзӕбӕх ӕмӕ та йӕ сис сцыргъ кодта гуырдзиаг фыдгӕнӕг къордты фыдархайды ныхмӕ фыссыны тыххӕй. Бавнӕлдта йӕ хъазуатон ӕцӕг абухгӕ журналистон куыстмӕ. Парламенты депутатӕй дӕр ӕй адӕм уый фӕстӕ равзӕрстой, 1997 азы. Уӕд бацыд йӕ тӕккӕ лӕджы кары дӕр. Республикӕйы разамынд ӕй снысан кодта Хуссар Ирыстоны телерадиокомпании «ИР»-ы сӕйраг редакторӕй, фӕстӕдӕр та – йӕ директорӕй. Уыцы аз ын йе сфӕлдыстадон ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй Хицауад саккаг кодта РХИ-йы Сгуыхт журналисты кадджын ном. Телеуынынады кусгӕйӕ, Хурийы-фырт архайдта ууыл, цӕмӕй телерепортажтӕ, телеравдыстытӕ ӕмӕ иннӕ ӕрмӕджытӕ адӕмӕн хъусын кӕной рӕстдзинад, ахъаз уой гуырдзиаг-ирон быцӕу банывыл кӕнынӕн, регионы нывылдзинадӕн. Канд ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма гуырдзиаг ӕвзаг дӕр хорз кӕй зыдта, уый йын фадат лӕвӕрдта гуырдзиаг-ирон быцӕу банывыл кӕныны фӕдыл Цӕгат Кавказы ӕмӕ Фӕскавказы журналистты фембӕлдтыты, симпозиумтæ ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлты архайынӕн. Ахӕм фембӕлдтытӕ уыдис Мæскуыйы, Дзӕуджыхъӕуы, Тбилисы, Батумы, Сухумы, Бакуйы, Ереваны. Уыцы горӕтты уӕвгӕйӕ, Гиви мидисджын интервьютӕ райста Цӕгат Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Аджары ӕмӕ Хуссар Ирыстоны разамонджытӕй, зындгонд фӕсарӕйнаг политиктӕй.

Бирӕтау журналистикӕмӕ йӕ фӕндаг райдыдта районы газетӕй. Цъинагары астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ акуыста, йӕ фыццаг уацхъуыд кӕм рацыд, уыцы «Ленинон»-ы. Ӕфсады баслужбӕ кӕныны фӕстӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыд Хӕххон хъӕууонхӕдзарадон институтмæ. Ахуыр кодта фӕсаууонмӕ. Районы газеты кусгӕйӕ, ӕрмӕджытӕ ӕрвыста газет «Советон Ирыстон»-мӕ дӕр. Ӕмӕ уӕлдӕр ахуырад куы райста, уӕд ӕй уырдӕм райстой кусынмӕ. Фӕстӕдӕр ӕй партийы Хуссар Ирыстоны обком арвыста Бакуйы уӕлдӕр партион скъоламӕ. Ахуыры фӕстӕ кусын райдыдта обкомы инструкторӕй, дыууӕ азы фӕстӕ та – газет «Советон Ирыстон»-ы («Хурзӕрин» ы) редакторы хӕдивӕгӕй. 17 азы та «Рӕстдзинад»-ӕн балӕггад кодта, йӕ уацхӕссӕгӕй куыста уыцы-иу рӕстӕджы.

Иу хатт ма йӕ зӕгъын: мах нӕ хуыздӕрты нӕ уынӕм, аргъ сын нӕ кӕнӕм, ӕмбӕлгӕ аргъ. Разынынц нӕм, исты сыл куы ‘рцӕуы, уӕд. Афтӕ уыд Хуриты Гивийы хабар дӕр. Дыууиссӕдз азы бӕрц йӕ риуыл дзедзырой кодта иунӕг майдан. Ӕрмӕстдӕр йӕ адзалы фӕстӕ бакъӕйттӕ сты йӕ хӕрзиуджытӕ, радтой йын РХИ-йы Кады орден.

«Рӕстдзинад»-ы редакцимӕ-иу куы ‘рбацыд хурӕнгӕс Хуриты Гиви, уӕд-иу ыл мадызӕнӕджы цин бакодтам  не ‘ппӕт дӕр. Афтӕ-иу нӕм каст, цыма дард фӕсарӕнтӕй æрцыд, ӕмӕ-иу ӕй фӕрстыты бын фӕкодтам…

Рӕстӕджы цыдыл цӕст нӕ хӕцы. Аст азы кӕуылты атахтысты, уый диссаг у, ӕвӕдза. Уал азы нал ӕрбакъахдзӕф кодта нӕ уарзон ӕмбал «Рӕстдзинад»-ы редакцимӕ. Фӕлӕ махӕн, кӕимӕ куыста, уыдонӕн, Гиви нӕ амард, цӕры нӕ зӕрдӕты.

БАГАТЫ Аврам

газет «Рӕстдзинад»,

2018 азы 12 октябрь.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.