Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн

Арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ æппæт чырыстонтæн Куадзæны бæрæгбоны сæраппонд!

Чырыстийы Куадзæн у ирд бæрæгбон, кæцы чырыстонты зæрдæтæ йедзаг кæны циндзинадæй, хайджын сæ кæны удварны хæзнатæй æмæ зæрдыл лæууын кæны нæ адæмы традицитæ. Бирæ азты дæргъы Чырыстийыл уырнындзинад хъахъхъæдта Ирыстон зын рæстæджыты, ныфс лæвæрдта ирвæзынæй, сабыр æмæ хорз цардæй.

Чырыстийы райгас нын фæндаг гом кæны хæрзæгъдауон хуыздæркæ-нынадмæ, хорз хъуыддæгтæ аразынмæ, хæрзаудындзинад æмæ уарзондзинадмæ.

Мах хъуамæ тырнæм, цæмæй нæ удты бахъахъхъæнæм уыцы ирд æнкъарæнтæ, кæцыты нæм æвзæрын кæны абоны бæрæгбон иудзинады сæраппонд, æнæ кæцыйæ уæвæн нæй хорз æмæ фæрнджын фидæнæн.

Чырыстийы Куадзæны бæрæгбон мæ цæст уарзы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн сабырад, Стыр Хуыцауы æххуысы амонд.

Чырысти райгас!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн

Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын зæрдиаг арфæ кæнын иууыл стырдæр чырыстон бæрæгбон –  Чырыстийы Райгасы боны цытæн.

Ацы бæрæгбон у дунейы æмæ адæймаджы ирвæзты символ, царды, хæрзиуæджы æмæ рухсдзинады уæлахиз. Уый нын нæ зæрдыл лæууын кæны сæйраг удварнон хæзнатæ, гом кæны хуыздæр адæймагон миниуджытæ æмæ дунейы кæны сыгъдæгдæр, ахъаз кæны удварнон иудзинадæн, сабырад æмæ адæмы ‘хсæн æмуддзинад фидардæр кæнынæн.

Уæрæсейы адæмимæ Куадзæны бæрæгбонты циндзинад дихкæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æнкъарынц уыцы ирд бæрæгбоны фарн чырыстон уырнындзинады нæ адæмты удварнон бастдзинад.

Ацы бæрæгбоны дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, Уæрæсейы Федерацийы бирæнацион адæмæн та – сабырад, амонд æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевæн

Цытджын Дмитрий Анатолийы фырт!

Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын Чырыстийы Райгасы ирд бæрæгбон – Куадзæны сæраппонд!

Ацы стыр бæрæгбоны циндзинады æнкъарæн йедзаг кæны алы адæймаджы зæрдæ дæр, лæвар нын кæны хуыздæр царды ныфс æмæ æууæнк æмæ иууыл бæллиццагдæр фæндтæ сæххæст кæнынæй.

Ныфс мæ ис, æрмæстдæр удварны æмæ хæрзнамысон хæзнатæ фидардæр кæнгæйæ, гæнæн кæй ис размæ цæуын, Райгуырæн бæстæйы дидинæфтыд ифтонг кæнгæйæ.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Дмитрий Анатолийы фырт, хъæлдзæг  куадзæнон бонтæ, фидар æнæниздзинад, сабырад, амонд æмæ æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Мæскуыйаг æмæ Æппæт Уæрæсейаг патриарх Кириллæн

Дæ бæрзонддзинад!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын иууыл стырдæр чырыстон бæрæгбон –  Чырыстийы Райгасы сæраппонд!

Чырыстийы райгас у дунейы æмæ адæймаджы ирвæзыны символ, царды, хорздзинады æмæ рухсдзинады уæлахиз. Уый нын нæ зæрдыл лæууын кæны удварны сæйраг хæзнатæ, гом кæны адæймаджы хуыздæр миниуджытæ æмæ дунейы сыгъдæгдæр кæны.

Уадз æмæ дын Куадзæны ирд бæрæгбон дæ зæрдæ йедзаг кæнæд циндзинадæй æмæ иууыл хуыздæр æнкъарæнтæй, хъарм дæ кæнæд æмæ дын æрхæссæд хорз ивындзинæдтæ.

Мæ цæст дын уарзы дæ Сыгъдæгдзинад, фидар æнæниздзинад æмæ   æнтыстытæ, Уæрæсейаг чырыстон аргъуанæн та – сабырад æмæ амонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Чырыстийы Райгасы ирд бæрæгбоны сæраппонд!

Ацы бæрæгбон у адæмуарзондзинады, цард сног кæныны æмæ æууæндыны уæлахиз. Ацы бæрæгбоны традицитæ цæуынц рагæй фæстæмæ. Уый  у, уд сног кæнын æмæ сæндидзын кæныны символ.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, цинæйдзаг бæрæгбонтæ, æнæниздзинад, сабырад æмæ фарн. Уадз æмæ ацы Стыр бæрæгбоны ирд рухс дæ хæдзары ныррухс кæнæд, балæвар дын кæнæд ныфс, циндзинад æмæ амонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Куадзæны ирд бæрæгбоны цытæн ма Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг раарфæ кодта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Мутко, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министр Сергей Чаботарев, Хъырымы Республикæйы сæргълæууæг Сергей Аксенов, Санкт-Петербургы губернаторы хæстæ æххæстгæнæг Александр Беглов, Волгограды областы губернатор Андрей Бочаров, РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко, УФ-йы Паддзахадон думæйы Вячеслав Володин, Сербийы Республикæйы Президент Жельк Цвиянович, Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба, Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæуæг Леонид Пасечник, Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Денис Пушилин, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельскийæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.