Цытджын æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы Уæлахизыл 78 азы сæххæсты цытæн! Хуссар Ирыстон æндæр бæстæтимæ иумæ историон мысынад бахъахъхъæнгæйæ, ногæй æмбæлы Стыр Уæлахизы боныл, кæцы нысан кодта хæсты фæуд æмæ адæймагады мæлæтдзаг тасдзинадæй бахизын.

Нацистон агресси Советон Цæдисы адæмтæн хаста скуынæг кæныны тæссагдзинад. Æбуалгъ нацистон æр-донгты бауромын, йæ хæстон хъомыс ын скуынæг кæнын æмæ Уæлахиз къухты бафтын сæ бон ссис Советты бæстæйы æппæт адæмты хъæддыхдзинад æмæ æнгомдзинады, фронты хæстонты сгуыхтдзинад æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджыты удуæлдайдзинады фæрцы.

Уæлахизы бон у фашизм æруромджыты фæлтæрæн бузныг зæгъыны бон. Уæлахиз къухты бафтыд æгæрон стыр аргъæй, уымæ гæсгæ Уæлахизы бон у цæссыгимæ бæрæгбон. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæстонты сгуыхтдзинæдты раз нæ сæрæй ныллæг кувгæйæ, мах кад кæнæм Ирыстоны хæстонты æвæлхатт хъайтардзинадæн.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст у æвæджиаг мысынад. Нæ хæс у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй историон рæстдзинад бахъахъхъæнын, зыгъуыммæ кæнын æй ма бауадзын.

Нацизмы парахатгæнджыты архайдтытæ хорзыл ны-майын, йæ фыдракæндтæ йын бамбæхсынмæ бафæлвæрдтытæ 1990 азты нацистон тыхтæ æркодтой Гуырдзыстоны хицауад бацахсынмæ Гамсахурдияйы сæргълæудæй, абон та Украинæйы Бандерæйы идейон фæдонтæ райтынг кодтой террор æмæ хæст сæ фæндагыл цæхгæр чи слæууыд, уыдоны ныхмæ.

Ногæй та Донбасс æмæ Запарожьейы зæххыл цæуы нацистты ныхмæ тох, ногæй та уæрæсейаг æфсымæрты фарсмæ нацистты ныхмæ хъæбатырæй тох кæнынц ирон хæстонтæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахиз фенын кодта, цыфæнды сау тыхæн дæр йæ бон кæй нæу не ‘нгомдзинад æмæ æмзæрдæдзинады, æндæр æмæ æндæр наци-ты æфсымæрдзинады ныхмæ фæлæууын. Хуссар Ирыстонæн Уæрæсеимæ æфсымæрон иудзинад у фидæныл æууæндыны фидар ныфс, нæ сывæллæттæ, нæ сывæллæтты сывæллæттæ сæ райгуырæн зæххыл кæдæриддæр кæй цæрдзысты æмæ кусдзысты сабыр арвы бын.

Кад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизуæвæг адæмæн.

Уæлахиз уæд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æнæкæлгæ хæлардзинад!

Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд, зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент  ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ, фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ, хæсты сывæллæттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Уæлахизы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон æнустæм баззад историйы куыд дунеон фашизмыл триумфы бон. Уый у алы бинонты уды зиæнтты рыст, уый у нæ иумæйаг историон Райгуырæн бæстæйы, Уæлахиз æмæ нæ хъайтарон адæмы сæрыстырдзинад, кæцы тохы быдырты равдыста æгæрон æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад.

Хуссар Ирыстоны ахæм бинонтæ нæй, кæцытыл хæсты трагеди нæ бандæвдта. Ирыстонæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтмæ ацыд 110 минæй фылдæр адæй-маджы, уыдонæй 20 мины  –  Хуссар Ирыстонæй, кæцытæн се ‘рдæг фæстæмæ не ‘рыздæхтысты хæдзармæ.

Стыр Уæлахиз махæн фадат радта сабырæй цæрын, кусын æмæ сæрибарæй аккаг фидæн аразынæн. Мах нæ сæрæй ныллæг кувæм Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдты раз. Абон не ‘взонг хæстонтæ дарддæр кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы фæлгæтты фыдæлты кадджын традицитæ æмæ уыцы сгуыхтдзинады мидис ноджы зынаргъдæр кæны махæн.

Мах хæсджын стæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй рæстдзинад бахъахъхъæнын, ветеранты сгуыхтдзинæдтæн кад кæныныл кæстæр фæлтæр хъомыл кæнын, къухтыбафтгæ сæрибардзинад æмæ Фыдыбæстæйы сабырад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын.

Уæлахизы бон – уый у, цахæмфæнды фæлварæнты раз нæ чи иу кæны, ахæм.

Уадз æмæ ацы ирд бæрæгбон цæрæнбонтæм баззайæт нæ зæрдæты, нæ уæлахиздзау фыдтæ æмæ дадаты тыххæй сæрыстырдзинад. Уадз, нæ зæрдæтæ нын йедзаг кæнæд циндзинад, хъармдзинад æмæ Райгуырæн зæххы фæрныгадæн цæрын æмæ фæллой кæныны фæндондзинад. Республикæйы æппæт цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад æмæ фæрныгад.

Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ДЖУССОЙТЫ Константин

 

***

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цытджын ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ! Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын – Стыр Уæлахизы боны цытæн.

Махæй алкæмæндæр 9-æм май у сæрыстырдзинад æмæ æппæтадæмон мысынады символ, иууыл ирддæр æмæ цинхæссæг бонтæй сæ иу. Ацы бонты мах кад кæ-нæм æмæ нæ сæрæй ныллæг кувæм хæсты ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджыты хъайтардзинадæн. Уыдон систы райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, æхсардзинад, хъайтардзинады символ. Нæ сæрæй ныллæг кувæм, 20-æм æнусы немыцаг фашизмыл чи фæтых, кæмæн бантыст уыцы карз фæлварæнтæ бафæразын, кад кæнæм Стыр Уæлахизы бонмæ чи нæ фæцард, уыдонæн.

Ирон адæм, куыд Советон Цæдисы æппæт адæм, аккаг хайбавæрд бахастой иумæйаг, зынаргъ æмæ рагæй æнхъæлмæкæсæг Стыр Уæлахизмæ æмæ барджынæй сæхи нымайынц уæлахиздзаутыл. Нæ сæрæй ныллæг кувæм ветерантæн сæ хъайтардзинад, се ‘хсар æмæ уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй.

Хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны нал баззад хæсты ветерантæ – фидæны фæлтæрæн сæрыгас цæвиттойнæгтæ, фæлæ мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй нæ сывæллæттæ æмæ нæ сывæллæтты сывæллæттæ сæ ма рох кæной æмæ сæ зæрдыл дарой уыдоны сгуыхтдзинад. Се ‘ппæт дæр сты нæ зæрдæты, сæ нæмттæ сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты нæ историйы азфысты.

Зынаргъ хæлæрттæ! Арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

 

***

Афтæ ма Парламенты Сæрдар Æлборты Алан Уæлахизы боны цытæн арфæйы телтæ арвыста УФ-йы Федералон æмбырды федерацийы советы сæрдар Валентина Матвиенко, УФ-йы Паддзахадон думæйы сæрдар Вячеслав Володин, Цæгат Кавказы, Абхазы, Приднестроваг-Молдаваг Республикæйы, Донецкы Адæмон Республикæйы, Луганскы Адæмон Республикæйы парламентты къухдариуæггæнджытæ æмæ сæ сæргълæуджытæн, УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.