Президент Гаглойты Алан æмбырд ауагъта республикæйы тыхон структурæты сæргълæуджытимæ. Хайад дзы райстой премьер-министр Джуссойты Константин, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ.

Æмбырды райдианы Гаглойты Алан ног снысангонд Генпрокурор Собаты Григорийæн загъта æнтыстыты фæндиæгтæ.

Кусын хъæуы гъæдджындæрæй

Дарддæр Собаты Григори радзырдта, ныртæккæ Генералон прокуратурæ цы хъуыддæг-ты фæдыл кусы, уый тыххæй.

Генпрокурор банысан кодта, йæ дæлбар ведомство цы уголовон хъуыддæгтыл кусы, уыдоны.

«Кæронмæ бахæццæ Дзабиты Генадийы амæлæты фæдыл фæдысгæрст. Азымджынтæ хъуыддагимæ куы базонгæ уой, уæд æй арвитдзыстæм тæрхондонмæ.

Ис ма нæм æндæр уголовон  хъуыддæгтæ дæр, ахæмтæ куыд Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн пачы  арæзтады гъæд æмбæлон æмвæзадыл кæй нæу, уый фæдыл. Слестгæнæн куыстытæ цæуы брондоны полигоны, паддзахадон фæсауæрцы ангар æмæ Дзауы бирæфатерон бæстыхæйтты фæдыл. Уыцы объекттæ æмбæлон гъæдыл арæзт кæй не ‘рцыдысты, уый тыххæй подрядон организацимæ ис фарстатæ.

Горæты парчы йæ рæстæджы ауадзгæ арæзтадон-техникон экспертизæйы фæстиуæгæн сбæрæг цухдзинæдтæ. Ацы объект чи арæзта, уыцы  подрядон ныфс бавæрдта, цухдзинæдты йæхи хардзæй кæй аиуварс кæндзæн, уый тыххæй. Ныртæккæ ацы фарсты фæ-дыл Арæзтады министрад æмæ подрядон организацитæ ныхас кæнынц.

Иннæ объектты арæзтады гъæд сбæрæг кæныны тыххæй дæр уадздзыстæм экспертизæ-тæ. Ныртæккæ баныхæстæ уагъд цæуы цалдæр экспертон организацитимæ. Уыдон кусынц аргъыл æмæ нын пайда-дæр кæцы уыдзæн, уый равзардзыстæм», – банысан кодта Со-баты Григори.

 

Æрцахстой «дорэкспострой»-ы раздæры

къухдариуæггæнæджы

Генпрокурор радзырдта «Дорэкспострой»-ы раздæры гендиректор Мæхъиты Семены Уæрæсейы ног регионты кæй æрцахстой, уый тыххæй.

«Дорэкспострой»-ы раздæры гендиректоры стыр гуырахсты фæрæзтæ паплойы тыххæй кæй азымджын кæнынц, уый фæстиуæгæн уыд агуырды. Фæлæ нæм цы информаци ис, уымæ гæсгæ уый æрцахстой Уæрæсейы ног регионтæй сæ иуы. Ныртæккæ мадзæлттæ уагъдæуы Хуссар Ирыстонмæ  йæ экстрадицийы фæдыл», – фехъусын кодта Генпрокурор.

 

«Водоканал»-ы хæрдзтæ сты

æмбæлонæй фылдæр

Дарддæр радзырдта Собайы фырт паддзахадон унитарон уагдон «Водоканал»-ы фæдыл уголовон хъуыддаджы тыххæй.

«Водоканал»-ы æнæмбæлон хæрдзты фæдыл цы экспертизæ ауагъдæуыд, уый кæ-ронмæ бахæццæ. Экспертизæйы фæстиуæгæн рабæрæг сты уагдоны æнæбындур хæрдзтæ. Уыцы хæрдзтæ сты 18 милуан сомæй чысыл фылдæр. Подрядонтæ куыстытæ цы æрмæгæй æххæст кодтой, уыдонæй сæ «Водоканал» йæхæдæг хъуамæ ифтонг кодтаид, фæлæ афтæ рауад, æмæ сæ организаци æрмæгæй дæр йæхæдæг ифтонг кодта æмæ ма сын ноджы æрмæджы аргъ дæр бафыста. Афтæмæй рауад ды-вæр хардз», – банысан кодта Собаты Григори.

Уæлвæткон уавæрты ми-нистр Гассеты Ибрагим куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд къуыри йæ дæлбар министрады дæлхæйттæ 21 хатты уыдысты республикæйы территорийыл уæлвæткон уавæртæ аиуварс кæнынмæ. Уыцы нымæцы – иу хатт – зынгсирвæзт ахуыссын кæнынмæ, æртæ хатты – агу-рæн-ирвæзынгæнæн куысты-тæм, дыууæ хатты – минæтæй сæдас кæнынмæ.

«Уæлвæткон уавæрты службæгæнджытæ дарддæр дæр сæхиуыл кусынц, æппæт дæлхæйтты кæнынц хъахъхъæнæн службæ», – кæронбæттæны банысан кодта Уæлвæткон уа-вæрты министр.

 

Кусынц сириимæ хæстон æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл

Хъахъхъæныны министр Марат Павлов дæр радзырдта министрады архайды тыххæй. Ба-нысан кодта министрады гарзджын тыхты сæрдыгон ахуырты нысан. Уый та у министрады дæлхæйтты профессионалон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнын.

Радзырдта, абонæй исын кæй райдыдтой, хъахъхъæнынады хаххыл Уæрæсейы Феде-рацийы уæлдæр ахуыргæнæн-дæттæм кæй фæнды, уыцы абитуриентты.

Марат Павлов фехъусын кодта, Сирийы Арабаг Республикæимæ хæстон æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл кæй кусынц, уый тыххæй дæр.

Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан радзырдта республикæйы криминалон уа-вæры тыххæй. Загъта, зæгъгæ, Ленингоры æмæ Дзауы районы ссардæуыд гæны къутæртæ. Уыдон скуынæг кодтой мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ. Банысан кодта  аваритæ фылдæр расыг шофырты аххосæй кæй æрцæуынц.

Расыг шофырты тыххæй Гаглойты Алан министрæн бахæс кодта, цæмæй уыдоны ныхмæ мадзæлттæ фæкарздæр кæной.

«Цы шофырты бауромынц, уыдонæй расыг чи разыны, уыдоны документтæ адæттынц тæрхондонмæ. Фæлæ сæм шофыртæ бахæссынц бæлвырдгæнæн гæххæт. Уыцы документмæ гæсгæ чи æфсæддон разыны, кæмæ та кæцыдæр ведомствойы лицензи разыны. Афтæмæй бæрндзинадæй сæхи атылиф кæнынц. Цæмæй фæкарздæр уа расыг шофырты æмæ наркотикон буарадтæ чи æвæры æмæ сæ парахат кæны, уыдоны ныхмæ æфхæрд, уый тыххæй бацæттæ кæнын хъæуы гæххæт. Кæннæд, кæд æрвылбон нæ, уæддæр дыууæ боны иу хатт æрцахсæм фæткхалджыты, фæивар сæ кæнæм æмæ та сæ ауадзæм. Афтæмæй хъуыддаг нæ фæхуыздæр уыдзæн», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президент мидхъуыддæгты министрæн бахæс кодта, цæмæй ацы фарсты фæдыл бакусой Генералон прокуратурæ, Уæлдæр тæрхондон, Æнæниздзинады министрад æмæ «Югосетпотребнадзор»-имæ.

Сæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд сарæзтой иннæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.