Републикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн æмæ Ирыстоны цæгат хайы æппæт цæрджытæн иумæйаг национ бæрæгбон Хетæджы Уастырджийы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт!

Арфæ кæнын дæуæн æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт цæрджытæн иумæйаг национ бæрæгбон – Хетæджы Уастырджийы боны цытæн!

Ирон адæммæ уый у иууыл кадджындæр бæрæгбон, кæцы ссис Ирыстоны иумæйагдзинады символ, традициты  æмæ нæ фыдæлты стыр фæлтæрддзинад бахъахъхъæнын.

Уадз, Стыр Хуыцаумæ фехъуысой нæ куывдтытæ, уый иу хатт куыд фехъуыста Хетæджы, уадз æмæ нын рарвита йæ арфæ, уадз æмæ амондджын уой нæ хиуæттæ, сабыр æмæ аккаг царды бонтæ цы уа нæ хистæртæн,  раст фæндагыл цы цæуой нæ кæстæртæ.

Бæрæгбон у, æмæ ныл афæдзæй-афæдзмæ рæсугъдæрæй куыд цæуа, уыцы амонд Ирыстоны уæд! Хетæджы Уастырджи хуыздæр ахъаз кæмæн ракодта, ирон адæмы дæр уый æмбал бакæнæд. Ирыстоны зæххыл сабырад куыд сфидар уа, нæ адæм кæрæдзийы хуыздæр куыд æмбарой, нæ фидæн нæ абонæй хуыздæр куыд уа, уыцы арфæ нын Хетæджы Уастырджи ракæнæд!

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, ацы ирд бæрæгбоны мæ цæст уарзы дæуæн, дæ бинонтæн æмæ Ирыстоны цæгат хайы æппæт цæрдджытæн фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ дидинæфтыд!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.