Адæймаджы цардвæндаг дæргъвæтин уа æви цыбыр, уæддæр ын æй йæ фæстагæттæ фæбарынц, хорзæй йын цы бантысы, цы пайда æрхæссы йæ адæмæн, йæ бæстæйæн, уымæй. Æмæ тæхудиаг уый вæййы, фылдæр хорздзинæдтæ саразын кæмæн бантысы, зæххыл лæгау-лæджы цардæй чи фæцæры, йæ ном йæ амæлæты фæстæ дæр цытимæ кæмæн фæмысынц.

Адæймаджы ахæм хорз миниуджытæ иууыл тынгдæр разынынц, фæдисы хъæр куы фæцæуы, Райгуырæн бæстæ, дæ радтæг адæм тыхст уавæры куы бахауынц, уæд. Лæгау-лæджы ахæм тæхудиаджы миниуджытæ æрдз парахатæй кæмæн схæлар кодта, уыдонæй иу уыдис Дзауы районы Хъорсеуы хъæуккаг Тедеты Виссарион Семены фырт. Уый хъайтарон тох фæкодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты     райдианæй йæ кæронмæ. Уымæн фыдæй баззадис фæдисы рæстæджы фæдисонты разæй цæуын.

Виссарионæн йæ фыд Кизо (фысгæ Симон кодта) ивгъуыд æнусы гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ хъæбатыр тохты стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыста. Йæ дæлхайимæ дæрæн кодта, Ирыстонæн ног геноцид саразыны фæндимæ чи æрбабырста, уыцы лæгмар меньшевикты фæдонты.

Растдæр уыцы уæззау дуджы –  1918 азы фæзындис рухс дунемæ йæ фырт Виссарион дæр. Кизо ротæйы командир уыдис паддзахы æфсады, капитаны чины. Хуссар Ирыстоны партизантæн сæ командир уыдис Санахъоты Мате. Кизо семæ иу æмæ дыууæ вазыгджын хæстон операци нæ сæххæст кодта, мыййаг. Хуссарирыстойнаг адæмы Цæгат Ирыстонмæ лидзыны сæр куы бахъуыдис, уæд та бацахста Чъехы нарæг æмæ йæ йæ тых æмæ фадæттæ куыд амыдтой, уымæй урæдта меньшевикты æфсады, цæмæй лидзæг адæм хохæн фале фæуыдаиккой.

Кизо йæ хæстонтимæ урс бандæты ныхмæ хæцыдис Беслæны дæр. Афтæ фæтох кодта, цалынмæ Гуырдзыстоны Советон хицауад не ‘рфидар, уæдмæ. Уый фæстæ Цæгат Ирыстонæй йæ бинонты æркодта гуырдзиаг гвардионтæ кæй басыгътой, йæ уыцы уæзæг – Хъорсеумæ æмæ йæ цард аразын райдыдта ногæй. Гъе, ахæм хæдзары рæзтис чысыл Виссарион. Каст фæцис Дзауы скъолайы авд къласы æмæ уый фæстæ та Цхинвалы æмæ Сухумы индустриалон техникумтæ. Фæлæ æвзонг лæппуйы бæллиц уыд æфсæддон службæ.  Мæскуыйы æфсæддон-инженерон ахуыргæнæндон каст фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тæккæ райдианы.

Ирон адæм дæр, уæды Советон Цæдисы иннæ æфсымæрон адæмтау, тох кодтой немыцаг фашистты ныхмæ. Виссарион хæсты райдианыл сæмбæлдис иттæг хорз хæстон цæттæдзинадимæ. Уайтагъд æй снысан кодтой фæндæгтæ æмæ хидтæ аразæг ротæйы командирæй. Фидæрттæ арæзта Сау денджызы былгæрæтты. Афтæ ма советон хæстонтæн сæ уæззау размæбырсæн тохтæн уавæртæ арæзта Цæгат Кавказы, стæй та – Керчы донбакæлæны. Сырх Æфсады хæстонтæн цал æмæ цал хатты фæрог кодтой сæ хæстон операцитæ афоныл æмæ къаддæр зиæнттимæ сæххæст кæныны хъуыддаджы!

Зæронд салдат Кизо-иу йæ фырты хъайтарон хабæртты тыххæй куы фехъуыста, уæд-иу йæхицæй ныббуц. Виссарион, дам, уыдис йæ фыды халдих, æрмæст æддаг бакастæй нæ, фæлæ удыхъæдæй дæр.

1942 азы йæ инженерон батальоны штабы хистæрæй куы снысан кодтой æмæ йæ инæлар Владимир Львовмæ куы бакодтой, уæд ыл уый йæ цæст æрхаста сæрæй къæхты бынмæ. Уæлдай лæмбынæгдæр та йын ныккаст йæ бæзджын рихитæм, йæ зæрдæ йæм фæкъæпп кодта æмæ йæ афарста, зæгъгæ, ды, мыййаг Симоны фырт нæ дæ? Виссарион ын «о», зæгъгæ,  куы загъта, уæд ыл хи хъæбулау атыхст æмæ йын радзырдта йæ фыды хабæрттæ, зæгъгæ, дам, 1915 азы дæ фыд мæ командир уыдис. Уыдис зæрдæхæлар æмæ рæстаг адæймаг. Львов ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уый фæзмгæйæ, мах, нæ дæлхайы хæстонтæ дæр рихитæ раскъæрдтам. Инæлар æй куы базыдта, Симон сæрæгас у æмæ колхозы сæрдарæй кусы, уæд ын æхсызгон уыдис æмæ йæм фыстæг дæр афыста: «Зынаргъ Симон, кæддæр ды уыдтæ мæ командир, ныр та æз дæн дæ фырты командир. Цæргæс у, цæргæс, дæ фырт. Дæу дзуæрттæй хорзæхджын кодтой, мах та дæ фырты – ордентæй. Дæ зæрдæ йæм ма æхсайæд. Хæст куы фæуа, уæд дæм иумæ фæуазæг уыдзыстæм…  Дæ рагон хæлар Львов».

1942 азы майы немыцаг фашисттæ стыр тыхтæ бакалдтой Сырх Æфсады 51-æм армийы ныхмæ æмæ хъуыддаг æгæр скарз. Армийы алæууын бахъуыдис Таманы æрдæгсакъадахмæ. Уыцы уæззау æмæ тугуарæн тохты уæззау цæф фæцис Виссарионы фыды хæлар Львов æмæ йæм бæрæггæнæг куы бацыд, уæд ма мæллæг хъæлæсæй йæ дзыхæй ралæмæрста, зæгъгæ, мын нал ис Ирыстонмæ ацæуыны фадат. Чысыл фæстæ бынтондæр бамыр…

Рæстæг куыд цыдис, афтæ немыцæгты размæбырст цадæггай нымæг кæнын райдыдта. 1943 азы Виссарионы снысан кодтой минæйон-инженерон батальоны штабы хистæрæй. Батальон Сырх æфсады размæбырст ифтонг кодта Мæздæгæй суангдæр Азовы денджызмæ. Арæзта хидтæ, фæндæгтæ, знаг минæтæ кæм нывæрдта, уымыты æдас кодта хæстонты размæбырст, знаджы фæндæгтыл æвæрдта минæтæ…

Виссарионы сæр фæстæдæр тынгдæр бахъуыдис Украинæйы 4-æм фронты. Æмæ та уым дæр, æцæг ирон хæстонæн куыд æмбæлы, афтæ йæ батальонимæ æххæст кодта хæстон хæслæвæрдтæ. Батальон хъахъхъæдады раззаг хаххыл сæвæрдта фараст мин минæйæ фылдæр, арæзтой хидтæ.

1944 азы, 8-æм марты Виссарионмæ фæсидт дивизийы командир æмæ йын йæ разы æрæвæрдта ног хæслæвæрдтæ, цæмæй мæйы кæронмæ йæ батальон спырх кодтаид хидтæ, æмæ уымæй сифтонг кодтаиккой, немыцæгтæн рахисфарс цы къорд уыдис, уый уацары ракæнын. Æмæ цæмæй хъуыддаг фæрæвдздæр уыдаид, уый сæраппонд йæхæдæг æхсæвыгон дыууæ саперимæ фæдсгарæг ацыдис знаджы хъахъхъæнынады раззаг хаххмæ æмæ йын лæмбынæг сбæрæг кодта йæ тыхтæ, йæ фидæрттæ. Ацы хабар дивизийы командир куы базыдта, уæд æй карзæй бафæдзæхста, цæмæй ахæм тæссаг рæттæм ма цæуа.

Виссарион ын комкоммæ загъта, зæгъгæ, дзы мæхицæй фæлтæрдджындæр ничи ис æмæ хæслæвæрдæн та къуылымпыгæнæн нæй. Дивизийы командир сразы йæ фæндыл. «Зонын, ды хæххон ирон лæг кæй дæ æмæ тæссагдзинадæй дæхи кæй нæ хизыс, фæлæ мах та нæ командон кадрты æвæрын хъæуы».

Тедейы фырт тынг хорз зыдта саперы дæсныйад хæстон уавæрты тынг ахсджиаг кæй у адæймаджы цард бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æмæ йæ дæлхайы тæккæ фæлтæрддæр (сæ иу дзы Джиголатæй уыдис) хæстонтæй сарæзта, йæхæдæг ацы хъуыддагыл кæй ахуыр кодта, саперты ахæм сæрмагонд къорд. Уыдон-иу февзæрдысты суанг знаджы хъахъхъæнынады фæсчъылдым дæр æмæ-иу сæ куыст бакодтой.

Иуахæмы та размæбырсты тыххæй Виссарион бардзырд æххæст кæнынмæ куы æрæвнæлдта, уæд лæмбынæг алцыдæр сбарста. Йæ развæдсгарджытимæ скуынæг кодтой, хид чи хъахъхъæдта, уыцы фашистты. Виссарионы сапертæ та ацы хатт дæр сæ хъуыддаг бакодтой – хид схъисгай хæрдмæ фæтахт.  Иуахæмы сæ немыцæгтæ æхсын райдыдтой, нæмгуытæ ихуарæгау кодтой. Иу нæмыг дзы зулмæ ацыдис Тедейы фырты сæрыл дæр æмæ йæ рыст уромгæйæ, «у цъамæрттæ», зæгъгæ, фæкодта. Фæцæф дæ? Знæт хъæлæсæй йæ афарста дæлхайы хуыздæр хæстонтæй иу. О, чысыл мæ сæрыл аныдзæвд, фæлæ йын ницы у, ныфсæвæрæгау ын загъта Виссарион.

Райдыдта размæбырст æмæ уыцы тохты уацары бахауд знаджы хæстонты стыр къорд. Тохæй-тохы ‘хсæн дивизийы командир Виссарионы дæлхайы куы абæрæг кодта, уæд ын загъта: «Де сгуыхтдзинæдтæ сты раппæлинаг, аккаг аргъ сын æрцæудзæнис, фæлæ дæхи хиз, знаг, цæф сырдау, знæт у æмæ ды та дæ Ирыстоныл сæрæгасæй хъуамæ сæмбæлай».

Бирæ сты Райгуырæн бæстæйы фашизмы емынæйæ бахизыны фæдыл Тедеты хæстон командирæн йе сгуыхтдзинæдтæ хæсты дæргъвæтин азты дæргъы. Виссарион хъæбатыр тохтæ фæкодта Сапун-хохы ссæрибар кæныны сæраппонд дæр. Виссарионы сапертæ, немыцæгтæ минæтæ цы стыр фæзуаты сæвæрдтой, æмæ Сырх Æфсады абырсын кæуылты хъуыдис, уым сарæзтой 40 ахизæн бынаты. Уый фæстæ Севастополмæ куы бахæццæ сты, уæд та минæтæй æдас кодтой горæты уынгтæ дæр.

Хъырымы æрдæгсакъадахæй Тедеты Виссарионы саперты батальон тохгæнгæ йæ ных сарæзта Белорусимæ. 100 километры фæндаг ацыдысты иу суткæмæ. Цæугæдон Дубиссайы донбылтыл сæвæрдтой минæтæ æмæ немыцаг æрдонгтæн бакъуылымпы сты сæ фæндтæ. Ацы хæстон операцийы фæстæ батальон райста ног бардзырд æмæ йæхи цæттæ кодта цæугæдон Неманыл ахизынæн йæ хæстонтæн æдас уавæртæ саразынмæ. Ацы хæслæвæрд дæр та æххæст æрцыдис æнтысгæйæ æмæ советон хæстонтæ бабырстой Кенигсбергмæ æмæ йæ сæрмæ сфæйлыдта советон тырыса. Уый фехъусгæйæ, дивизийы командир бузныджы æнкъарæнтимæ загъта: «Уыцы тырыса ахуырст у Теде­йы фырты æхсарджын саперты тугæй. Кад сын æнусбонтæм!».

Виссарионы фыдмæ та командир рар­выста арфæйы фыстæг: «Зынаргъ Симон, советон зæхх ссæрибар кæныны сæрыл æппæт тохты дæр дæ фырт уыдис фидар æмæ хъæбатыр хæстон… Мах буц стæм ахæм хъæбатыр командирæй æмæ дын зæрдæбынæй арфæ кæнæм. Хæстон саламимæ, Черепанов».

Тедеты Виссарион йæ тохвæндæгтыл цыд фæцис Берлины, Рейхстагыл советон хæстонтæ Уæлахизы тырыса куы æрсагътой, уæд. Йæ дæргъвæтин æмæ удуæлдай тохты тыххæй хорзæхджын æрцыдис 5 хæстон орденæй – Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны, Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны дыууæ орденæй. Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй, аст майданæй æмæ æндæр хорзæхтæй. Йæ фыд капитан Кизойау тæхудиаджы миниуджытæй хайджын уыдис йæ булкъон фырт Виссарион дæр. «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы»-йы мидис комкоммæ дæр хауы Тедеты хъæбатыр хæстон Виссарионмæ (Беса) дæр.

Фæцис, 20-æм æнусы иууыл стырдæр æмæ тугкалæндæр хæст. Хæстонтæй ма сæрæгасæй чи аирвæзтис, уыдон здæхтысты уыцы арты цæхæрæй. Хæсты фæстæ дæр Тедеты булкъон суанг йæ амæлæты онг нæ ныууагъта йе ‘фсæддон службæ. Каст фæцис Куйбышевы номыл академийы инженерон æфсæдты курсытæ æмæ суанг 1963 азмæ службæ кодта Советон Æфсады æндæр æмæ æндæр бæрнон командон бынæтты.

1963 азы Тедейы фырт нысан æрцыдис уæды Хуссар Ирыстоны автономон областы мидæггагон хъахъхъæнынады штабы хистæрæй. Уыцы иурæстæджы ма кодта агитацион-пропагандистон æмæ сфæлдыстадон куыстытæ дæр. Лекцитæ каст, бесе­дæ­тæ уагъта куыстуæтты, организациты, уагдæтты. Уый фæдыл ын ныффыссын æмæ рауадзын бантыст цалдæр чиныджы.

Тедеты Виссарион йæ цард баиу кодта йæхийау сыгъдæгзæрдæ сылгоймаг Гасситы Виленæимæ. Фæзындис сын фырт дæр æмæ йыл сæвæрдтой ном Иосиф. Уый бæрзонд хæссы йæ фыды кад æмæ дзы у сæрыстыр. Ныр уымæн йæхицæн дæр ис фырт æмæ йыл мысынæн йæ фыды ном Виссарион (Бесик), зæгъгæ, сæвæрдта. Ныртæккæ Бесик ахуыр кæны Кутафины номыл Мæскуыйы паддзахадон юридикон университеты.

Хæстон азты уæззаудзинæдтæ бандæвтой Виссарион Семены фырты æнæниздзинадыл æмæ дæргъвæтин рынчыны фæстæ 1971 азы йæ цардæй ахицæн. Фæлæ йæ хорз хъуыддæгтæй йæхицæн сарæзта æнæмæлæтдзинад. Кæд ын 50 азæй чысыл фылдæры йедтæмæ рацæрын нæ бантыст, уæддæр йæ цыбыр цард уыдис мидисджын.

Æмæ кæд абон, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 79 азы бон нысан кæнгæйæ не ‘хсæн нал ис, уæддæр цæргæйæ баззадис йæ ном йæ адæмы зæрдæйы. Хъæбатыртæ, лæгау-лæгтæ æнустæм цæрынц…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.