Стыр Фыдыбстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн та Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Хайад дзы райстой республикæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ. Ерыстæ байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта «РХИ-йы шахматты федерации»-йы президент Саулохты Георги.

«Ацы турнир уадзæм ныр 5-æм хатт æмæ ссис азы дæргъы шахматтæй республикæйы иууыл сæйрагдæр турнир. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны стыр кад кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизæн, кæцы нысан кæнæм Уæрæсеимæ иумæ», – банысан кодта Саулохты Георги.

Йæ раныхасы рæстæджы РХИ-йы Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Сергей Комиссаров бузныг загъта шахмæтты федерацийæн æмæ банысан кодта, дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзысты Хуссар Ирыстоны шахмæтты размæцыдæн.

Турниры партитæ иууылдæр акæнгæйæ, иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта æмæ ерысты уæлахиздзау ссис Михаил Логачев, дыккаг бынат бацахста Саулохты Георги æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Къодоты Андрей.

17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы шахматистты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Джыгкайты Артур, дыккаг æмæ æртыккæгтæ та систы Чилæхсаты Вадим æмæ Мæргъиты Давид. Чызджыты ‘хсæн иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Тыбылты Аннæ, дыккаг ссис Уанеты Валерия æмæ æртыккаг та – Бестауты Алинæ.

12 азы кары спортсменты ‘хсæн та фыццаг ссис Бæззаты Алан, 10 азы онг кæуыл цæуы, уыцы шахматистты ‘хсæн та – Плиты Бибо.

Традицимæ гæсгæ хорзæхджын æрцыдысты æрмæст уæлахиздзаутæ æмæ призертæ нæ, фæлæ ма зæрдылдарæн лæвæрттæ райстой турниры иннæ хайадисджытæ  дæр.

 

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы чемпионаты 31-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» ахъазыд Ярославлы «Шинник»-имæ. Хъазт фæцис æмдыхæй – 1:1 Алайнæгтæй   расгуыхт Ислам Машуков.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.