Хуссар Ирыстоны зынаргъ æмзæххонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын уалдзæг æмæ фæллойы диссаджы бæрæгбоны цытæн.

Фыццаг май у иууыл уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу, фæллойгæнджыты иудзинад æмæ солидарондзинады символ, куыстæн – кадкæнынад, сабырад æмæ дидинæфтыдмæ тырнындзинад. Растæндæр фæллой кæнын у цыфæнды æхсæнады рæзты бындур, цæрджыты фæрныгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын. Æмæ  цæмæй хорз цæрæм, уый тыххæй мах хъуамæ æрвылбон дæр цæсгомджынæй кусæм æмæ дывæр кæнæм не ‘нтыстытæ, æппæт фадæттæ æмæ фæлтæрддзинадæй спайда кæнгæйæ. Абон махæн ахсджиаг у, цæмæй аивгъуыйгæ азты цы сарæзтам, уыдон ма ныппырх кæнæм, фæлæ кусæм, цæмæй нæ цард саразæм ноджы аккагдæрæй.

Цытджын хæлæрттæ, мæ цæст уын уарзы сабырад, хорздзинад, æнæниздзинад, фæрныгад. Уадз, æмæ уæ бæллицтæ сæххæст уой, уæ бинонты ‘хсæн уа кæрæдзимбарынад. Амонд æмæ уалдзыгон зæрдæйы уаг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

***

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ! Зынаргъ æмзæххонтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын æрбалæугæ ирд бæрæгбон – Чырыстийы райгасы бæрæгбоны цытæн.

Ацы бæрæгбон у иууыл кадджындæр чырыстон бæрæгбонтæй сæ иу, кæцы хæссы ирд æмæ цинхæссæг æнкъарæн, фидар кæны адæмы ныфс хорздзинадмæ. Куадзæны ирд бон лæвар кæны тыхтæ хорз хъуыддæгтæ аразынæн æввахс хиуæтты хæрзиуæгæн, монон æххæстдзинадмæ нæ разæнгард кæны.

Ныфс мæ ис, Чырыстийы райгасы бæрæгбон кæй ахъаз кæндзæн нæ адæмы монон æгъдауæй æрбангом кæнынæн, æхсæнады сабырад æмæ разыдзинад сфидар кæнынæн.

Куадзæны цинхæссæг бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы хорздзинад, сабырад, æнæниздзинад, фæрныгад. Хуыцауы фæдзæхстдзинад – нæхицæн æмæ нæ бинонтæн, Хуыцауы æххуыс – нæ хъуыд-дæгты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Cæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

***

Зынаргъ æмзæххонтæ! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ фæсчъылдымы цытджын ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Стыр Уæлахизы боны цытæн!

Уæлахизы бон – 1945 азы 9 май – æнустæм фыст æрцыд сыгъзæрин дамгъæтæй нæ бæстæйы историйы. Уый у æппæтадæ-мон сæрыстырдзинады æмæ зæрдыл дарыны бон, нæ сæрæй ныллæг куы кувæм уыцы салдæтты сгуыхтдзинæдты раз, кæцытæ хъахъхъæдтой райгуырæн бæстæ æмæ дуне та – фашизмæй. Уый у дзыллон хъайтардзинады, хъæддыхдзинад æмæ хинывонд кæныны æнæпрецендетон цæвиттон. Ирон адæмы бирæ аккаг лæппутæ æмæ чызджытæ сæ цард радтой рæстдзинады, адæймагады историйы иууыл карздæр тугкалæн хæсты уæлахизы сæраппонд.

Æмæ 1945 азы уæлахизхæссæг май историйы арф кæй цæуы, уымæ нæ кæсгæйæ, мах, хъайтарты фæдонтæ, алы хатт дæр нæ зæрдыл дардзыстæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъайтардзинад, уды хъæддыхдзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй. Нæ сæрæй ныллæг кувæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты йæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ рæсугъд фидæны сæраппонд чи тох кодта æмæ куыста фæсчъылдымы, уыдоны æнæмæлгæ сгуыхтдзинад, Райгуырæн зæхмæ æмæ æфсæддон хæсмæ æнувыддзинадæн.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын хæсты ветерантæн се ‘хсардзинад, намыс æмæ æцæг патриотизмы тыххæй. Хæсты хайадисджыты æнæцæвиттойнаг сгуыхтдзинады тыххæй зæрдылдарынад алы хатт дæр уыдзæн патриотизмы æмæ Райгуы-рæн зæххыл æнувыддзинады цæвиттон.

Мæ цæст уын уарзы сабырад, фæрныгад, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Cæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан 9-æм майы цытæн арфæйы фыстæджытæ арвыста: Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко, Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин, Донецкы Адæмон Республикæ, Луганскы Адæмон Республикæ, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы, Абхаз æмæ Арцахы, Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Цæгат Кавказы республикæты Парламентты сæрдæрттæм, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауырмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.