Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 79 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæтты знон Хуссар Ирыстоны Парламенты бæстыхайы раз цытджын уавæры байгом зындгонд ирон развæдсгарæг Лохты Владимиры бюст.

Цы цыртытæ гом цæуынц, уыдон руаджы хъахъхъæд æмæ фидæны фæлтæртæм лæвæрд цæуынц, сæ хъайтардзинад, хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинæдты руаджы цы æмзæххонтæй стæм сæрыстыр, уыдоны тыххæй  мысынад.

Легендарон советон развæдсгарæг Лохты Владимир зыдгонд уыд оперативон фæс­номыг «Булкъон К»-йæ. Райгуырд 1924 азы Хус­сар Ирыстоны Пичъиджыны хъæуы. 1942 азы службæмæ бахауд НКВД-йы æфсадмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ Владимир ахуырмæ бацыд Азербайджаны паддзахадон университетмæ æмæ райста юридикон ахуырад. Уыцы рæстæджы куыста æдасдзинады органты дæр. 1957 азы Владимир рацыд фыццаг Сæйраг управлени «С»-мæ – сусæг развæдсгарджыты къордмæ. Райста сæрмагонд цæттæдзинад æмæ сахуыр кодта арабаг æвзаг. Уый фæстæ йæ цард баиу кодта Нонна Толстаяимæ. Фæлæ бинонтæ сабыр цардмæ кæм бæллыдысты, сусæг развæдсгарджыты хуызы сæ арвыстой сусæг мисси æххæст кæнынмæ кæцыдæр бæстæмæ. Фæлæ йæ цардæмбал бирæ нæ бафæрæзта æмæ йæ дыууæ сывæллонимæ фæстæмæ рыздæхт Советон Цæдисмæ – Владимир та дарддæр кодта йæ развæдсгарæн архайд иунæгæй.

Хъайтары æцæг ном рабæрæг йæ амæлæтæй 18 азы фæстæ. Йæ æмслужбæгæнджытæ дæр æй зыдтой йæ фæсномыгæй. Паддзахадон æдасдзинады 34 азы службæйы рæстæджы уый сæххæст кодта сæдæгай хæстон хæстæ. Æгæрыстæмæй, абоны онг дæр йæ куысты иу хай у паддзахадон сусæгдзинад.

Мадзалы хайад райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ, тыхон структурæты, æхсæнады минæвæрттæ, Лохты Владимиры фырт Игорь, йæ чызг  Аллæ æмæ Ассоциаци «Вымпел-Алания»-йы уæнгтæ.

Бюст гом кæныны церемони

Легендарон советон равæдсгарæджы бюст цытджын уавæры байгом кодтой Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг булкъон Гаглойты Андрей æмæ Владимиры фырт Лохты Игорь.

Цытджын мадзалы рæстæджы бæстæйы разамонæг Гаглойты Алан банысан кодта, республикæйы алы цæрæг дæр хæсджын кæй у, цæмæй хъахъхъæна хуссарирыстойнаг адæмы истори æмæ мысынад. Уымæн æмæ, зæгъгæ, мах ныртæккæ æвдисæн стæм, нæ истори æмæ нæ æргъадтæ баивыныл куыд архайынц, уымæн. Хицæн бæстæты уый  сæ къухты æфтгæ дæр кæны.

«Уымæ гæсгæ нæ иумиаг историйы ных­мæ здæхт процессты хъуамæ хуыдуг кæнæм æмæ æппæт дæр аразæм, цæмæй рæз­гæ фæлтæр хъомыл кæной нæ хорз дæнцæгтыл, хистæр фæлтæр нын цы удварнон æмæ хæрзæгъдауон æргъадтæ ныууагътой, уыдоныл», – загътаПрезидент.

Уый ма бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Стыр Уæлахизы бæрæгбоны фæдыл мадзалы хайадисджытæн.

Гаглойты Андрей йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Лохты Владимир йæ цард снывонд кодта йæ Райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмæн лæггад кæнынæн. Йæ хорз службæйы тыххæй хорзæхджын æрцыд бæрзонд паддзахадон хорзæхтæй. Æмæ уый тыххæй ирон адæмы хъæбатыр фырты ном æнусон хъуамæ уа.

Бузныг загъта бæстæйы Президент Гаглойты Аланы номыл, уымæн æмæ уый руаджы фадат фæцис Владимиры историон бæстæйы бюст байгом кæнынæн.

«Развæдсгарæджы куыст цардæн тæссаг у кæдфæндыдæр, уæззау службæ у, рæдийын дзы нæй гæнæн. Алчи нæ фæразы ацы профессийы зындзинæдтæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ фидар разынд уыцы тымыгъты не ‘мзæххон Владимир», – дзырдта Андрей.

Зындгонд развæдсгарæг Владимиры фырт Игорь бузныг загъта, йæ фыды номыл бюст сæвæрыны хъуыддагмæ стыр бавæрд чи бахаста, уыдонæн. Банысан кодта, уый кæдфæндыдæр намысджынæй кæй æххæст кодта йæ мисси.

«Нæ бинонтæн æнæнхъæлæджы уыд бюст байгом кæныны хъуыддаг. Æмбæлон службæты руаджы хайгай æргом цæуынц йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ – уый махæн тынг æхсызгон у.

Куы фехъуыстам, йæ номыл бюст гом æрцæудзæн, уæд нæм фарстытæ сæвзæрд, фæлæ уыдон æнæ мах хайадистæй бæстон æрцыдысты. Мах райгонд æмæ бузныг стæм, ацы хъуыддагыл чи бакуыста, уыдонæн се ‘ппæтæй дæр. Ацы мысынад ма­хæй алкæмæн дæр ахсджиаг у», – банысан кодта уый.

Зындгонд ирон развæдсгарæджы ном сæнусон кæныны тыххæй бюст сæвæрыны инициативæ 2023 азы равдыстой Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгæрсты службæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.