Бинонты уарзондзинад æмæ æнувыддзинады бæрæгбон

Президент Гаглойты Алан  Хæлардзинады ордентæй схорзæхджын  кодта  нæ республикæйы цыппар бирæсывæллонджын бинонты. Уыцы бон хорзæхтæ  райстой Джиоты Ерванд (15 сывæллоны), Къæбулты Шота (11 сывæллоны), Цхуырбаты Дженæ (9 сывæллоны), Болататы Руслан (8 сывæллоны).

Цытджын церемонийы райста нæ республикæйы  Президенты цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын минæвар Джиоты Аэлитæ.

«Уæ хуызæн бинонты фæрцы нæ республикæйы демографион уавæр бæргæ хуыздæр кæнид, ахæм бинонтæ фылдæр куы уаиккой, уæд. Бузныг мæ фæнды зæгъын, Ирыстоны хъæбултæ кæй фæрцы фылдæр кæнынц, уыцы ныййарджытæн æмæ хъомылгæнджытæн, – загъта Президент Гаглойты Алан.

Президенты фембæлдтытæ

Фембæлды рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг æнахъомтæм бахатыд, цæмæй сæ ахастæй, сæ хъомылдзинадæй, æндæр адæмты ‘хсæн сæ хъомылгæнджыты макуы фæхудинаг кæной: «Абон кæрæдзийы фарсмæ стут, фæлæ кæддæрты сæр бахъæуы республикæйæ æддæмæ  ацæуын дæр, уым, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай каст фæкæнынц адæймаджы уагахастмæ. Нæ фыдæлтæ æгъдауыл хæст уыдысты, бæрзонд хастой сæ ном, райгуырæн бæстæйы, сæ фыдæлты ном æмæ кæдæмфæнды ма ацæуат, уым-иу ирон адæймаджы ном бæрзонд æмвæзадыл ныууадзут. Æвзонгæй адæймагмæ цард тынг дæргъвæтин фæкæсы, фæлæ адæймаг куыд размæ цæуы, афтæ бамбары, цард тынг цыбыр кæй у, уый. Адæймаг йæхæдæг хъомылгæнæг куы свæййы, æрмæстдæр уæд бамбары царды стыр нысаниуæг».

Джиоты Аэлитæ дæр стыр арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта фембæлдмæ æрбацæуджытæн, Ирыстонæн ахæм æгъдауджын, рæсугъд æмæ хорз кæстæрты кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. Джиоты Аэлитæ куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны нырма нæй «Мад-хъайтар» æмæ «Ныййарæджы кад»-ы статустæ, фæлæ уыцы фарст дæр бæстон æрцæудзæн. «Уæрæсейы закъондæттынады «Мад-хъайтар»-ы ном лæвæрд цæуы ахæм сылгоймæгтæн, кæцытæ хъомыл кæнынц 10 æмæ уымæй фылдæр сывæллæтты. Уымæ гæсгæ мах равзæрстам бирæсывæллонджын бинонты, кæцыты хъомыл кæнынц 8 æмæ уымæй фылдæр сывæллоны. Ахæм бинонтæ нæ республикæйы ис цыппар», – загъта Джиоты чызг.

Уый фæстæ фембæлд ацыд хæларадон æмæ хъарм уавæры. Президент цымыдис кодта, фæсивæд сæ рæстæг куыд æрвитынц. Æнæхъусдард нæ баззадысты кæстæртæ дæр. Цымыдисгæнæг фарстатæ лæвæрдтой бæстæйы сæргълæууæгмæ. Сæ иу загъта, Президент йæ куыст цы кабинеты æххæст кæны, уый фенын йæ бæллиц кæй у æмæ йын Президент сæххæст сарæзта чысыл экскурси. Афтæ ма кæстæртæн фадат фæцис Президенты къæлæтджын бандоныл абадынæн дæр.

***

Уыцы бон бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта, Донецкы Адӕмон Республикӕйӕ нæм цы уазджытӕ цæуынц, уыдоны. Нӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты Донбассӕй 2022 азы февралы мӕйы. Иу къорд дзы фӕстӕмӕ аздӕхтысты, иннӕтӕй иутӕ куыстмӕ бацыдысты, скъолайы кары сывæллæттæ та скъолаты ахуыр кӕнынц.

Хуссар Ирыстоны адӕмы ӕмӕ йӕхи номӕй сын бӕстӕйы сӕргълӕууӕг арфӕ ракодта Би-нонты, уарзондзинады ӕмӕ ӕнувыддзинады боны цытӕн. Йӕ цӕст сын бауарзта, цы уӕззаудзинӕдтӕ æвзарынц, уыдонæн ӕввахс рӕстӕджы кæрон куыд æрцæуа, сӕ зӕхмæ сабырад цы æрцæуа ӕмӕ тагъд рӕстӕджы сӕ ӕввахс хиуӕттимӕ цы баиу уой.

«Ирон хӕстонтӕ се ‘фсымӕртимӕ иумӕ хъахъхъӕнынц Донбассы зӕххыл нӕ иумиаг истори. Ӕппындӕр ничи дызӕрдыг кӕны уыцы хъуыддагыл, ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операци йӕ логикон кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн. Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлдӕр сӕйрагкомандӕгӕнӕг Владимир Путин цы хӕстӕ сӕвӕрдта, уыдон ӕххӕст ӕрцӕудзысты.

Мах хорз ӕмбарӕм, сымах цы уӕззау фӕлварӕнтыл рацыдыстут. Мах дӕр сымахау бирӕ бавзӕрстам хӕст ӕмӕ пырхӕнты фӕстиуӕгӕн», – банысан кодта Президент.

Ныфс бавӕрдта, ӕввахс рӕстӕджы уӕлахиз нӕ къухты кӕй бафтдзӕн.

Уазджытӕ бузныг загътой Гаглойты Аланӕн сӕ хъарм ахасты тыххӕй. Махӕн, зӕгъгӕ, практикон ӕгъдауӕй, чи цыфӕнды дзурӕт, фӕлӕ ис тынг хорз уавӕртӕ цӕрынӕн. Ӕмӕ уымӕн стыр аргъ цӕуы.

«Мах хорз ӕмбарӕм, ӕппынӕдзух нӕ фарсмӕ кӕй стут ӕмӕ нӕм егъау хъусдард кӕй здахут», – дзырдта уазӕгдон «Виктория»-йы лигъдӕттӕй сӕ иу.

Мадзалы хайад райста РХИ-йы Президенты цур Сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Джиоты Аэлитӕ.

 

Æнкъарынц æдзухон аудындзинад

Президенты фембæлдтытæ

Уыцы бон ма Президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта Медико-социалон центр «Аудындзинад»-ы цӕрджыты. Йӕ цӕст сын бауарзта фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ бирӕ азты цӕрӕнбон. Бузныджы ныхӕстӕ ма загъта центры кусджытӕн, ӕххуысхъуаг ӕмбӕстӕгтыл кӕй аудынц ӕмӕ сын сӕ хъармдзинад кӕй дӕттынц.

Медико-социалон центры директор Теблойты Чермен бузныг загъта ӕппынӕдзух центрмӕ стыр хъусдард кӕй здӕхт цӕуы ӕмӕ йын ӕмбӕлон ӕххуыс  кӕй цӕуы.

«Алан Эуарды фырт Президент уӕвгӕйӕ, ныридӕгӕн цалдӕр хатты бабӕрӕг кодта центр. Цыдӕриддӕр нын баныфс ӕвӕрдта, уыдон сӕххӕст кодта – сифтонг нӕ кодта хъӕуӕг техникӕйӕ. Ныртӕккӕ Медико-социалон центр ис паддзахады ӕдзухон хъусдарды бын.

Бӕрӕгбоны цытӕн бӕстӕйы сӕргълӕууӕг афтид армӕй нӕ бацыд дыууӕ бынатмӕ дӕр – бахаста сын адджинӕгтӕ ӕмӕ дыргъты къалатитӕ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.