Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Хæлардзинады Орденæй схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны волейболы зынгæ тренер Тыбылты Таймуразы.

Уæлдæр паддзахадон хорзæх лæвæрд æрцыд физикон æмæ хæрзæгъдауон æнæниз фæсивæд хъомыл кæныны хъуыддаджы йæ сæрмагонд хайбавæрд æмæ йæ райгуырдыл 80 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Тыбылты Таймуразы бирæазон цæсгомджын куыст, йæ цæст ын бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон.

 

***

ПРЕЗИДЕНТ СХОРЗÆХДЖЫН КОДТА КАДЫ АККАГ ÆМБÆСТÆГТЫ

Президент Бибылты Анатоли «Фыды-бæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй схорзæхджын кодта Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг, историон зонæдты кандидат Пухаты Къостайы. Бæрзонд хорзæх лæвæрд æрцыд æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй, кæцытæ æвдыст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæхъæндзинад хъахъхъæныны рæстæджы.

Бибылты Анатоли банысан кодта Пухаты Къостайы сгуыхтдзинæдтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæныны хъуыддаджы, афтæ ма йæ хайбавæрд æндидзынады историон аспект-тæн анализ кæнын æмæ хуссарирыстойнаг паддзахад рæзын кæныны хъуыддаджы.

Йæхи фарсæрдыгæй, Пухаты Къоста буз-ныджы ныхæстæ загъта Президентæн йæ хъусдарды тыххæй æмæ йæ цæст бауарзта Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн сабырад æмæ фæрныгад.

«Стыр кад у, дæ гыццыл къахдзæфæн дын бæстæйы къухдариуæгад куы саргъ кæны. Ахæм рæстæг уыд, йæ бон кæмæн уыд йæ къухмæ хæцæнгарз райсын, уый йæ хæсыл нымадта Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнын. Æз дæр уæлдай ницы сарæзтон.

Бузныг ахæм бæрзонд аргъы тыххæй мæ чысыл хайбавæрдæн. Æмæ, Хуыцау зæ-гъæд, цæмæй хæцæнгарз нæ къухтæм ма-куыуал райсæм», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.