Кæд æмæ ахуыргæнæндæтты ныридæгæн каникултæ ис, уæддæр сывæллæттæм сæ хъус цы службæтæ дарынц, уыдонæн сæ куыст нæ лæууы. Ӕгæрыстæмæй, ма сæрдыгон бонты сæ хæстæ фæфылдæр вæййынц, – уынджы сæ контроль кæнын хъæуы, донбылты сæм хъус дарын хъæуы, фæткхалæн цаутæ саразынæй сæ хизынц. Ацы æмæ ма æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб æмæ Президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын  Цхуырбаты Татьянæ. Ӕмбырды ма хайад райстой Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектортæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой алыгъуызон цаутыл, кæцытæ ныры онг æрцыдысты æнахъомтыл, æмæ загътой сæ хъуыдытæ, цæмæй сæ дарддæр бахизой ахæм фыдбылызтæй, фæбæрзонддæр сын кæной сæ удварн-монон хъомылад. Иу фæндон дзы ахæм бахастой, зæгъгæ скъолайы ногæй бакæнын хъæуы предмет «Этикет», кæцы фæахъаз уыдзæнис æнахъомты уагахастæн æхсæнады. Уымæй уæлдай ма стыр катайдзинад æвзæрын кæны интернет, æнахъомтæ фæхæст вæййынц негативон информацийыл, кæцы сæ бафтауы æвзæр фæндагыл. Ӕрæмбырдуæвджытæ иууылдæр банысан кодтой, зæгъгæ проблемæтæ иууылдæр райдайынц – æнахъомтæм æмбæлон хъусдард кæй нæй сæ ныййарджыты æрдыгæй.  Горæты милицийы æнахъомты фарстаты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лали куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрдæгæхсæвты уынгты фенæн вæййы æнахъомты æмæ уый та ууыл дзурæг у æмæ ацы сывæллæтты ныййарджытæ сæ хæстæ æмбæлонæй кæй не ‘ххæст кæнынц, фаг хъудард сæм не здахынц.

«Бирæ ныййарджытæ бынтондæр ницы бæрндзинад æнкъарынц сæ сывæллæтты хъомылады хъуыддаджы æмæ бирæ хæттыты мах бахъæуы профилактикон куыст бакæнын ныййарджытимæ дæр. Зынхъомылгæнæн сывæллæттæ цы бинонты ис, уыцы ныййарджытæм афтæ фæкæсы, æмæ мах се ‘взæр фæнды, æмæ сын бынтон æнæхъуаджы кæнæм уайдзæфтæ. Мах та æрмæстдæр архайæм, цæмæй фæрогдæр кæнæм ныййарджыты къух, фæкæсæм сæм сæ сывæллæтты раст фæндагыл бафтауынмæ», – банысан кодта Гатайты Лали.

Пухаты Мераб хорзыл банымадта ацы фембæлд, æмæ  фæндон бахаста, цæмæй иннæ хатт йæ хайадисджытæ фæфылдæр уой,  æрбахоной ма ноджы æндæр службæты æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты.

«Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй схъомыл кæнæм фидæны аккаг гоймæгты æмæ нын уый фæдыл бакусинаг бирæ ис. Цахæм сывæллæттæ схъомыл кæнæм, ахæм уыдзæнис Ирыстоны сомбон. Ӕз кæддæриддæр разы дæн ахæм фарстаты фæдыл фембæлынмæ, баххуыс кæнынмæ, аскъуыддзаг кæнын проблемон фарстатæ ахæмтимæ, кæцытæ зæрдæйæ архайынц нæ адæмы рухс фидæныл. Хорз уаид æмæ дарддæр ахæм фембæлдтытæ уагъд куы æрцæуиккой районты дæр, цæмæй бынæттон администрацитæ дæр ацы процессты активон хайад райсой. Мæн фидарæй уырны, проблемæмæ алыварсонæй куы бавналæм, уæд нæ къухты бафтдзæнис æнтыст», – загъта Пухаты  Мераб.

Цхуырбаты Татьянæ банысан кодта милицийы кусджыты егъау хайбавæрд æвæрæз бинонтæн баххуыс кæныны хъуыддагмæ æмæ зынхъомылгæнæн сывæллæтты хъомыл-кæнынадмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты хъомылкæнынады уæддæр сæйраг бынат ахсынц ныййарджытæ, бинонты хсæн хъарм æмахастытæ дæр уыдонимæ баст сты.

«Милицийы кусджыты фæрцы нæм æнахъомтимæ баст фыдракæндтæ сты хæрзцъус. Уымæй уæлдай ма стыр ахъаз стут рæзгæ фæлтæрæн хъомылад раттынæн. Дарддæр нæ бахъæудзæн ноджы æнгомдæр кусын, цæмæй аиуварс кæнæм ахæм фактортæ, кæцытæ æвзæрырдæм æндавынц æнахъомтыл æмæ æвæрæз бинонтыл», – загъта йæ раныхасы сывæллæтты омбудсмен.

Кæронбæттæны бадзырдтой, цæмæй та иу мæйы фæстæ фембæлой ноджы фылдæрæй.

 ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.