Президент Бибылты Анатоли Кады орденæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны зынгæ æхсæнадон-политикон архайæг, 1988-1989 азты Хуссарирыстойнаг обкомы фыццаг нымæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы дыккаг æмæ æртыккаг æрисдты депутат Чехойты Анатолийы.

Церемони уагъд æрцыд Æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ»-ы фæлгæтты.

Хорзæх лæвæрд æрцыд Республи-кæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын æмæ фидар кæнынмæ сæрмагонд хайбавæрд, активон æхсæнадон-политикон архайд æмæ йæ гуырæн боныл 70 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта Чехойты Анатолийæн æмæ йын йæ цæст бауарзта бирæ азты цæрæнбон.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй дын зæгъын бузныджы ныхæстæ дæ архайды тыххæй. Ды дæ уæлдæр интеллигенты ирд цæвиттон, кæцыйæ сæрыстыр у Хуссар Ирыстон», – загъта Президент.

Йæхи фарсæрдыгæй Чехойты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн ахæм уæлдæр хорзæхы тыххæй, æмæ банысан кодта, уæлдай бузныг кæй у ахæм ахсджиаг мадзал уадзыны рæстæджы йын лæвæрд кæй æрцыд, кæцыйæн ис стыр нысаниуæг æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы.

«Уæлдай æхсызгон мын уый у, æз хорзæх кæй райстон мæ уарзон адæмы ‘хсæн. Бузныг алкæмæндæр, мæ куыстæн мын чи саргъ кодта. Уый у егъау хорзæх», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.