Не ‘мбæстаг, Хуссар Ирыстоны раздæры къухдариуæггæнæг, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы цалдæр æрсидты депутат, зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайæг Чехойты Анатолийæн бирæ паддзахадон хорзæхтæ ис, уыцы нымæцы – Республикæ Хуссар Ирыстоны «Кады нысан»-ы орден дæр. Æрæджы та номдзыд политикон архайæг хорзæхджын æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы иууыл уæлдæр хорзæх – орден «Ирыстоны Кадæн»-æй. Нæ газеткæсджытимæ йын мах дæр зæрдæбынæй арфæ кæнæм, стæй абон йæ гуырæнбон кæй у, уый сæраппонд дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.