Президент Гаглойты Алан Кады орденæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты технологон машинæтæ æмæ ифтонггæрзты кафедрæйы профессор Гаглойты Аланы.

Уæлдæр хорзæх лæвæрд æрцыд техникон зонæдты фадыджы сæрмагонд сгуыхтдзинæдтæ, активон зонадон-педагогон архайд æмæ йæ райгуырæн боныл 85 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта ахуырады фадыджы бирæ азты дæргъы фæллойады тыххæй.

«Алан Арсены фырт бирæ азты дæргъы кусы паддзахады хæрзиуæгæн, аккаг квалификациджын специалистты хъомылгæнгæйæ. Мах иууылдæр бузныг стæм дæуæй Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны тыххæй», — загъта уый.

Президенты цæст ын бауарзта бирæ азты цæрæнбон æмæ куысты æнтыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.