Бæрæг куыд у, афтæмæй гуманитарон акцийы фæлгæтты 2021-æм азы майы Эдуард Таран Хуссар Ирыстонмæ æрæрвыста туаггуырон станц, кæцы иу минутмæ аразы 200 литры медицинон туаггуыр.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта «РАТМ –холдинг»-ы сæргълæууæг Эдуард Тараны.

«Адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын æмæ фидар кæнынмæ йæ сæрмагонд бавæрды сфидар кæныны тыххæй, ног коронавирусон инфекци COVID-19-ы апарахаты ныхмæ тох кæнынæн Республикæ Хуссар Ирыстонæн æххуысы æмæ фарсхæцынады тыххæй Хæлардзинады орденæй хорзæхджын æрцæуæт Таран Эдуард Анатолийы фырт», – дзырдæуы Президенты Барамынды.

Паддзахадон хорзæх лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Эдуард Таранæн Хуссар Ирыстоны адæмы мæлæтæй ирвæзын кæныны сæраппонд.

«Эдуард Анатолийы фырт, ды цы къахдзæф сарæзтай, уый тынг ахсджиаг у Хуссар Ирыстоны адæмæн. Де ‘ххуысы фæрцы республикæйы хосгæнæн уагдæтты домæнтæ медицинон нысаниуæджы туаггуырæй рæстæгыл сæххæст кæныны фарст кæронмæ скъуыддзаг æрцыд. Стыр бузныг дын», – банысан кодта Президент.

Йæ рады Эдуард Таран дæр бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, кæй йын скад кодта, уый тыххæй, Хуссар Ирыстоны адæмæн та йæ бафæндыд æнæниздзинад æмæ хæрзиуджытæ.

Ног коронавирусон  инфекци COVID-19 ма апарахаты ныхмæ тохы æмæ  адæмæн баххуыс кæныны тыххæй Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыд Акционерон æхсæнад «Экраноптические системы»-йы Директорты Советы  сæрдар Валерий Гугучкин.

Хорзæхтæ дæттыны церемонийы хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар  Гасситы Знауыр дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.