Президент Бибылты Анатоли фембæлд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Робертимæ.

Паддзахады сæргълæууæг ын раарфæ кодта йæ 75-азон юбилейы цытæн, йæ бирæазон иртасæн куыстыты тыххæй йын бузныг загъ-та æмæ йын радта паддзахадон хорзæх – Кады Орден.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Гаглойты Роберт йæхи равдыста æрмæст историкæй нæ, фæлæ æхсæнадон архайæгæй дæр, афтæ ма Хуссар Ирыстоны паддзахады рæзты хъуыддагмæ дæр бахаста, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд.

«Мæ зæрдæ дын зæгъы дарддæры æнтыстджын куыст, дæ разылæугæ ны-сæнттæ иууылдæр сæххæст уæнт. Стыр бузныг, нæ бæстæйæн цы сарæзтай, уый тыххæй», – загъта Президент.

Йæ рады  Гаглойты Роберт банысан кодта, зæгъгæ, сæрыстыр у, ахæм стыр хорзæх паддзахады сæргълæууæджы къухæй кæй исы, уый тыххæй.

«Мæ бон цы уыд, уый арæзтон. Уый аразын ныр дæр. Дарддæр дæр афтæ кусдзынæн», – загъта уый.

Уымæй дарддæр, Гаглойты Роберт бузныг загъта Президентæн, Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты бæстыхай цалцæг кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Зонад-иртасæн институты кусджытæ дæ тынг бузныг сты. Зонад-иртасæн институты бæстыхай Инвестпрограммæмæ нæ бахаудта, фæлæ нын ды уый тыххæй Президентон фондæй рахицæн кодтай фæрæзтæ», – банысан кодта уый.

Гаглойты Роберт куыд загъта, афтæмæй дыууæ Ирыстоны баиуы фарсты солидарон у Президентимæ æмæ Бибылты Анатоли цы политикон курсыл лæуд у, уый æвварс дæр у.

Уый ракодта æфсæнвæндаджы арæзтады фарсты  кой дæр.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, уыцы фарст комкоммæ баст у экономикон фадыджы рæзтимæ.

«Советон Цæдисы рæстæгæй уыд ахæм проекттæ, кæцытæ баст уыдысты æфсæнвæндаджы арæзтадимæ. Уыцы-иу рæстæджы уый комкоммæ баст у экономикон размæцыдимæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.