РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта Хицауады æмбырд. Боны фæткмæ хаст æрцыдысты социалон нысаниуæджы 14 фарсты. Фæлæ рабадты куыст райдыдта иу сахат фæстæдæр, хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим кæй бафæстиат код-та, уый тыххæй.

Бибылты Анатоли Хицауады уæнгтæм æрсидт, цæмæй бæрнон ахаст дарой, цы хæстæ сыл æвæрд ис, уыдон æххæст кæнынмæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæм цæттæ кæнын ма хъуамæ æндава æххæсткæнынадон хицауиуæгады куыстыл.

“Хицауады куыст здæхт у социалон нысаниуæджы фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ кæцытæ ахъаз кæндзысты цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн. Сидын алкæмæ дæр, цæмæй йæ куыст æххæст кæна æмбæлон уагыл,”- загъта уый.

Хицауады уæнгтæ куы æрæмбырд сты, уæд Президент Гассеты Ибрагимæй æрдомта, цæмæй йæм, куыд раздæр, афтæ æрбавдиса æрвылбонон хыгъдтæ йæ ведоствойы уавæры тыххæй.

“Æз ницы аххосæгтæ уынын, цæмæй Хицауады рабадты ма уæвай, æмæ никæмæн ратдзынæн фадат афтæ кæнынæн. Æз æнхъæлмæ кæсын дæ хыгъдмæ, кæцы мæм рагæй нал æрбавдыстай. Уымæ гæсгæ домын, цæмæй дæ куыстмæ кæсай бæрнондæр цæстæй”, – загъта Бибылты Анатоли.

Уый Хицауады уæнгты хъусдард аздæхта вазыгджын æддаг-политикон ситуацимæ æмæ æрдомдта, цæмæй йæм бавдыстæуа доклад хъахъхъæнынады министрады тыхтæ æмæ фæрæзты – уавæрты тыххæй, æфсæддон техникæ, хæцæнгæрзтæ, рæнхъон сконды, афтæ ма Гуырдзыстоны `рдыгæй гæнæнуæвæн провокацитæм цæттæдзинады тыххæй. Афтæ ма хæс дæттын, цæмæй ауагъд æрцæуа, рæнхъон æркаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æппæт дæлхæйтты. Райсом 11 сахатмæ æнхъæлмæ кæсын докладмæ”,- загъта Президент.

Дарддæр æркастæуыд боны фæткы фарстытæм.

Донхъахъхъæнæн зонæты, дæтты объектты æмæ донгæрæтты хъахъхъæнæн уаццæгты тых-хæй Уагæвæрд сфидар кæныны фæдыл фæндон бахастæуыд, цæмæй фарст æндæр бонмæ хаст æрцæуа, фаг ыл кæй нæ бакуыстæуыд, уый тыххæй. Бибылты Анатоли банысан кодта, фарст кæй у серьезон æмæ кæй домы, ноджы йыл бакусын, афтæ ма специалисттимæ консультацитæ ауадзын.

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ æрывнæлдтой “Бюджетон арæзтад æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй” Закъоны проектмæ æркæсынмæ.

Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ-йы ныхæстæм гæсгæ, ацы проектыл бакусын æвзæры финансты министрадмæ Хуссар Ирыстоны бюджетон процессы хицæн хайадисджыты бавдисыны æнæмæнгхъæуындзинадæй, физикон адæймæгтæн куысты тыххæй æмæ æндæр бафыстытæ фидыны, афтæ ма уыдонимæ баст æнæмæнгхъæуæг фидинæгтæ бюджетон системæйы бюджеттæм фидынæй.

«Бюджетон арæзтад æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй закъонмæ баххæсткæнинæгтæ бахæссын фадат ратдзæн бындур æрæвæрын физикон адæймæгтæн куысты тыххæй фидын æмæ æндæр бафыстыты  Финансты министрады казначествойы управленийы сæ централизаци кæнынæн», – загъта Тыбылты Фатимæ.

Уымæй дарддæр ма Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой “Рес-публикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъектты льготон кредит кæнынады тыххæй” Закъоны проект, кæцыйы нысан ис, кредиттæ дæттыны фæтк фæхуымæтæгдæр кæнын æмæ хæсисæгæн дæтты фылдæр фадæттæ.

“Закъоны проект бацæттæ æрцыд паддзахадон æххуысы мадзæлттæ реализаци кæныны эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны нысæнттæн, æмæ хæрзвадат уавæртæ сараздзæн чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъектты хæдзарадон архайдæн. Сæрмагондæй проекты нысан ис чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекты кредиткæнынады æмгъуыд фæфылдæр кæнын æртæ азæй фондз азмæ, афтæ ма льготон кредиты бæрц фæфылдæр кæнын 800 мин сомы онг”, – банысан кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй раздæр льготон кредиттæ лæвæрд цыдысты, æртæ азмæ сæ максималон бæрц та уыдис 600 мин сомы. Президент бацымыдис кодта, гæнæн уыдзæнис ахæм хæрзвадат уавæртæ саразын льготон кредиткæнынады фæлгæтты кредиттæ нырмæ чи райста, уыдонæн.

“Æмбæрстгонд у, закъон афтæ нæ амоны. Рауад афтæ æмæ кредит нырмæ чи райста, уыдон æй хъуамæ фидой æртæ азы æмгъуыдмæ, ныр æй чи райса, уыдон та йæ фиддзысты  фондз азмæ. Ам ис кредиттæ чи райста, уыдоны интерестæ бæрæгбæрцæй нæ нымайын. Фæндон хæссын, цæмæй ацы фарст сахуыр чындæуа æмæ хæрзвадат уавæртæ, æххуысы ма-дзæлттæ ист æрцæуой ацы категорийы адæймæгтæн”, – загъта Бибылты Анатоли.

Хицауады уæнгтæ ма сфидар кодтой иу удгоймагæн фæцæрыны минимумы бæрц 2021 азы 4 кварталæн цæрджыты сæйрагдæр социалон демографион къордтæм гæсгæ.

Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй фæцæрыны минимумы астæуккаг бæрц фидар æрцыд 13320 сомæй, уыцы нымæцы куыстхъом цæрджытæн – 14272 сомæй, пенсиисджытæн – 10848 сомæй æмæ сывæллæттæн та – 14004 сомæй.

Афтæ ма банысан æрцыд 2021 азы 4 кварталы Республикæ Хуссар Ирыс-тоны фæцæрыны минимумы бæрц фæфылдæр кæнын баст кæй у фыц-цаг рады æнæмæнгхъæуæг продуктты астæуккаг æргъты фæфылдæримæ.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ схъæлæс кодтой “Сывæллæтты къордты автобустыл организацион æгъдауæй ласыны фæткойтæ сфидар кæныны тыххæй” Хицауады уынаффæйы проект.

Министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы проект бæлвырд кæны домæнтæ, сывæллæтты къордты автобустыл организацион æгъдауæй æххæст кæныны рæстæджы.

Хицауады уæнгтæ ма схъæлæс кодтой “Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй” Хицауады уынаффæйы проектыл Цхинвалы дыууæ адæймагæн æмæ Знауыры районы Бехъмары хъæуæй иу адæймагæн материалон æххуыс бакæныны нысанæн, кæцытæн басыгъдысты сæ хæдзæрттæ. Материалон æххуысы бæрц уыдзæн фæйнæ 100 мин сомы.

Рабадты куысты кæронбæттæны Президент ноджыдæр æрсидт Хицауады уæнгтæм фæстиуæгджын куыстмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.