Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимимæ, кæцы доклад сарæзта республикæйы Гарзджын тыхты цæттæдзинады тыххæй.

Уый хæдразмæ Хицауады рабадты паддзахады сæргълæууæг министрты кабинеты уæнгты хъусдард аздæхта вазыгджын политикон уавæрмæ, Украинæйы æмæ регионы æндыгъд уавæры эскалацимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны æрдыгæй уæвæн ис провокацион архайдтытæн.

Сæйраг командагæнæг Хъахъхъæнынады министримæ фембæлды райдиан банысан кодта хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фадыджы хъуыддæгты уавæры тыххæй республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмæн рæстæгыл информаци дæттыны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Дæ доклады тыххæй уынаффæ исы Сæйраг командæгæнæг. Æз дæ фæрсын æфсады, техникæйы, хæцæнгæрзты ифтонгады уавæрæй, уый Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн сусæг ма хъуамæ уа. Адæм хъуамæ зоной, республикæйы Гарзджын тыхтæ цæттæ сты провокацитæм, агрессийæн ныхкъуырд радтынмæ æви – нæ?», – бахахх кодта Президент.

Гассеты Ибрагим Сæйраг командагæнæгæн фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты цæттæдзинады тыххæй.

«Гарзджын тыхтæ цæттæ сты цыфæнды хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынмæ дæр. Дæ бахæсмæ гæсгæ ауагъдæуыд рæнхълæуды æркастытæ, æмбырдтæ. Цæттæ æрцыдысты, Хъахъхъæнынады министрады раз цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон сæххæст кæныны тыххæй æп-пæт хъæуæг документтæ дæр», – загъта Гассеты Ибрагим.

Бибылты Анатоли министры бараст кодта, зæгъгæ, командæ нæ радта рæнхълæуды æркастытæ ауадзыны тыххæй, фæлæ йын бахæс кодта, цæмæй йæм цæттæ уа.

«Ибрагим Алымбеджы фырт, æз командæ нæ радтон рæнхълæуды æркастытæ ауадзыны тыххæй. Кæд лæмбынæг хъуыстай мæ хæслæвæрдтæм, уæд хъуамæ бамбæрстаис, цæттæ кæй хъуамæ уат, мæ бахæсмæ гæсгæ рæнхълæуды æркастытæ ауадзынмæ.

Ныр та æвæрын ахæм хæс: 24-æм февралы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбоны фæстæ, организацигонд æрцæуæд техникæйы, Хъахъхъæнынады министрады æппæт сæрмагонд сконды       рæнхълæуды æркастытæ.

Абоны бонмæ та дын загътон, цæмæй мын фехъусын кæнай хæцæнгæрзтæ, техникæ, сæрмагонд сконд куыд ифтонг сты æмæ куыд цæттæ сты, уый тыххæй», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.