Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта Хицауады рабадт, цыран æруынаффæ кодтой республикæйы 2020-2022 азты социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны, кадрон æмæ техникон фарстатыл.

Сæйраг темæтæй иу уыд 2020 азы паддзахадон бюджеты бакуыст, кæцыйы фæдыл лыстæггай сдзуапп кодта Финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой паддзахадон бюджеты фæдыл хыгъд ахæм финансон параметртимæ: æфтиæгты фæдыл – 7 764 476, 08 мин сомы (баххæст ис 101 проценты); хæрдзты фæдыл – 7 911 298, 83 мин сомы (92,8 проценты фидаргонд бюджетон нысæнттæ), хæрдзтæ фылдæр сты æфтиæгтæй – (паддзахадон бюджеты дефицит) 236 822,75 мин сомы.

Хæбæлаты Азæ банысан кодта, зæгъгæ, æфтиагон хайы уæлдайджынтæй æххæст æрцыд, уымæн æмæ «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Закъоны проект фидаргонд æмæ уынаффæ кæнынмæ хаст æрцыд Парламентмæ, фæлæ ист не ‘рцыд 2020 азы декабры мæйы Парламенты сессийы рабадтыты депутатты къорды бойкоты тыххæй.

Банысанчындæуыд, радон финансон азы приоритеттæ кæй сты ахæм: плæнттæ æмæ хæстæ сæх-хæст кæнын, кæцытæ здæхт сты республикæйы æнтыстджын рæзт æмæ æмбæстæгты царды æмвæзад фæхуыздæр кæнынмæ.

Уый фæстæ цæрджытæн æнцонвадат транспортон лæггæдтæ сифтонг кæныны нысанæн сфидар кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат «Управление автомобильного транспорта-Южная Осетия»-йæн субсидитæ рахицæн кæнын, афтæ ма ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты 2019 азы 26 июны «2020-2022 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны кæцыдæр фарстыты тыххæй» Хицауады №69-ы Уынаффæмæ.

Рабадты рæстæджы сфидар кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекци (COVID-19) аиуварс кæныны фæдыл мадзæлтты номхыгъд сфидар кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæйы проект, кæцы бакуыстгонд æрцыд 2020 азы 16 декабры æмæ 2021 азы 19 марты Республикæ Хуссар Ирыстон  æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнведомствæйон къамисы æмсæрдæртты уынаффæмæ гæсгæ ахæм позицитимæ: медицинон æмæ æндæр кусджыты куыстæн бафидын; Æнæниздзинад хъахъхъæныны паддзахадон бюджетон уагдон «РММЦ»-йæн уæлæмхас ифтонгад балхæнын; хостæ, хисæрмагонд хъахъхъæныны фæрæзтæ æмæ хардз кæныны æрмæджытæ балхæнын.

«Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй алы кусæг дæр, кæцы хайад райста коронавирусон инфекци аиуварс кæныны мадзæлтты, райса, цы æхцайы фæрæзтæ йæм æмбæлы, уыдон æххæстæй æмæ рæстæгыл», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Рабадты кæрон Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой Хицауады Резервон фондæй 4 539 843 сомы рахицæн кæнын Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн специалон социалон бафыстытæ сæххæст кæныны тыххæй,  медицинон æмæ æндæр кусджытæн уæлдай ахсджиагдæр куыстытæ сæххæст кæныны фæдыл, кæцытæ хайад райстой æмбæстæгтæн баххуыс кæныны хъуыддаджы коронавирусон инфекци COVID-19 аиуварс кæныны, уыдоны нымæцы:

Æнæниздзинады паддзахадон бюджетон уагдон «Республикон бирæпрофилон медицинон центр» 2021 азы февралæн – 3 297 129 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Знауыры районон рынчындон» 2021 азы 1-æм январæй 28 февралмæ – 171 442 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Къуайсайы рынчындон» 2021 азы февралы мæйæн – 144 500 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Ленингоры районон рынчындон» 2021 азы 1-æм январæй 28 февралмæ – 926 772 сомы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.