Радиостанц «Ир» æмæ «Мегафон – Хуссар Ирыстон»-ы чырæгон операторы архайдимæ баст проблемæтыл  дзырд цыдис РХИ-йы Парламенты Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл комитеты рабадты. Уагъта йæ комитеты сæрдар Æлборты Алан.

Бынæттон радиостанц «Ир»-ы алæвæрдтыты тыххæй фарстыл дзургæйæ, банысан чындæуыд, фæстаг рæстæджы радиомæхъусджытæн сæ бон кæй нал уыд уыдонмæ хъусын, цы уылæныл цыдысты, уый æндæр радиостанцы уылæнимæ кæй хæццæ кодта, уый аххосæй. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ бынæттон радиоалæвæрдтæ эфиры цæуын райдыдтой æндæр уылæныл. Фæлæ ууыл не сразы сты паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы разамынад æмæ радиостанцы кусджытæ. Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ ацы фарстыл дзырд цыдис, республикæйы президентæн цымыдисгæнæг фæрсты хайадистæй цы фембæлд уыдис, уым дæр. Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй сæвзæргæ уавæр æрбæстон чындæуа. Уынаффæ райст æрцыд, цæмæй æлхæд æрцæуа ног ифтонгад æмæ куыд æмбæлы, афтæ куса радиостанц.

РХИ-йы Бастдзинады æмæ дзыллон коммуникациты фæдыл комитеты сæрдар Джиголаты Хасан куыд загъта, афтæмæй бынæттон радиойы алæвæрдты проблемæтæ баст сты, æмарæн паддзахады радиойы сигналтæ кæй фæтыхджындæр сты, уыимæ. «Нæ адæттæн аппаратурæйæн йæ бон нæ хуссайраг сыхæгты хъомысджындæр адæттæн аппаратурæйы ныннымæг кæнын æмæ нæ уымæ гæсгæ бар-æнæбары бахъæуы ног, 104,5 радиоуылæнмæ рахизын. Мах алцы дæр басгæрстам æмæ уылæн кусы хорз. Абоны бонмæ уый у проблемæ аскъуыддзаг кæныны иунæг фæрæз, фæлæ радиостанцы кусджытæ домынц, цæмæй сын раздахой зæронд уылæн – 102,3», – загъта Джиголаты Хасан.

Уымæй дарддæр ма уый банысан кодта, телерадиокомпани «Ир»-имæ сын кæй нæй ницахæм бадзырдон ахастытæ, фæлæ сын, уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр кæй лæггад кæнынц. Ног адæттæн аппаратурæ балхæныны тыххæй та загъта, фарста скъуыддзаг кæй цæуы. Афтæ ма банысан кодта, кæй хъæуы цалдæр адæттæны самал кæнын, цæмæй республикæйы алы ранмæ дæр хæццæ кæной радиолæвæрдтæ. «Махмæ нæй барæн ифтонггæрзтæ, кæцытæ фенын кæной, Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиойы алæвæрдтыты кæй хъыгдарынц сыхаг паддзахады ‘рдыгæй, фæлæ ис бындур афтæ зæгъынæн æмæ йæ барæй кæй нымæг кæнынц», – загъта уый.

Йæ хъуыды загъта радио «Ир»-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Алан дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый бирæ хæттыты дзырдта республикæйы радиоалæвæрдтыты проблемæтыл, радио тынг æвзæр кæй кусы. «104,5 уылæныл алæвæрдтæ цæуынц, 102, 3 уылæныл æвæрд чи уыд, уыцы зæронд адæттæныл. Уый раздæрау ныр дæр зæронд у. Алæвæрдтæ цæуынц бынтон мæгуырауæй, фесæфы сигнал, хъуысы дзы фæрсаг хъæлæбатæ. Мæнмæ гæсгæ уый хорз рахонæн нæй», – бамбарын кодта Цхуырбайы фырт.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй гуырдзыйы ‘рдыгæй рагæй сты 102, 3 уылæныл, фæлæ раздæр уый æппындæр не ‘ндæвта сæ радиоалæвæрдтыл.

«Адæттæн аппаратурæ нормалонæй куы куыста, уæд алцыдæр уыд нывыл. Фæлæ уый хæлын куы райдыдта, уæд йæ хъомысад æрхауд, гуырдзыйы радиоуылæн нымæг кæнын райдыдта нæ уылæны. 102, 3 у радиойы бренды уылæн. Радиостанцæн ис йæхи хъусджытæ, кæцытæ æрцахуыр сты ацы уылæныл. Æмæ уый кæй фæивта, уымæ гæсгæ мах фесæфтам нæ радиохъусджыты иу хай», – загъта сæйраг редактор.

Парламентон комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ фыццаг цы саразын хъæуы, уый у радиоадæттæн самал кæнын, æмæ йæ 102, 3 уылæныл сæвæрын, цæмæй радиостанц нормалонæй кусын райдайа. Йæ хъомысад 500 Вт кæмæн у, иу ахæмы радиоадæттæн самал кæнынæн хъæуы 1 милуан 200 мин сомы æмæ уый дæр аххсдзæн æрмæстдæр республикæйы иу хайыл.

Боны фæткы дыккаг фарстыл – «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы чырон операторы архайдыл дзургæйæ, рабадты банысан кодтой, абоненттæ дзы райгонд кæй не сты. Уæлдай тынгдæр се ‘нæразыдзинад равдыстой, компани номыртæ æрмæстдæр интернетæй спайда кæнгæйæ уæй кæнын куы райдыдта, уый фæстæ. Æлборты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй профилон комитет кусы ацы фарсты фæдыл.

«Январы райдианы нæм æрбарвыстой фыстæг, цыран дзырдæуы, 2020 азы фыццаг кварталы кæй бакусдзысты цалдæр тарифон планыл æмæ  æнæмæнгхъæуæг нал уыдзæн интернет баиу кæнын æмæ уымæ гæсгæ æргътæ дæр уыдзысты æмбæлон», – бамбарын кодта уый.

Джиголаты Хасан та куыд банысан кодта, афтæмæй æрæджы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд «Мегафон»-ы разамынадимæ æмæ скъуыддзаг æрцыд, республикæмæ кæй дæттынц акциты 26 проценты, ома акциты контролон пакет уыдзæн 51 проценты.

«Президент нын бахæс кодта, цæмæй бакусæм къаддæр æргътæм гæсгæ тарифтыл. Мах ныр ууыл кусæм æмæ æввахс рæстæджы цæттæ уыдзæн ног тарифон план», – загъта Джиголайы фырт.

Æлборты Алан загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, паддзахад контролон пакет райсгæйæ, бæрæг фæхуыздæр уыдзысты бастдзинады лæггæдтæ.

Комитеты куысты хайад райста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Парламенты вице-спикер Чилæхсаты Владимир, депутаттæ Сланты Иван, Дриаты Заза, Гаглойты Малхаз, Икъоты Сæрмæт, Тъехты Алан, Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директор Чилæхсаты Георги æмæ паддзахадон информацион агентад «Рес»-ы директор Харебаты Майя.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.