Уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон политикæйы фæдыл комитеты рабадт. Уагъта йæ комитеты сæрдар Къозонты Алан.

Фыццаг фарстимæ, кæцы хаудта медицинон-социалон реабилитацийы хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг 1-аг симпозиумы фæстиуджытæм, депутатты базонгæ кодта РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги. Уый лæмбынæг радзырдта дунеон симпозиумы куысты тыххæй, кæцыйы хайад райстой социалон политикæйы фæдыл УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы комитеты аппараты къухдариуæггæнæг И.Михалев, Уæрæсейы Зонæдты академийы академик С.Пузин, Донецкы медицинон национ университеты ректор Г.Игнатенко, Мæскуыйы фыццаг паддзахадон медицинон университеты спортивон медицинæ æмæ медицинон реабилитацийы кафедрæйы сæргълæууæг Е.Ачкасов, афтæ ма уæрæсейаг бирæ æндæр специалисттæ æмæ хуссарирыстойнаг медицинон организациты дохтыртæ. Пленарон рабадты байхъуыстой æмæ уынаффæ кодтой зонадон докладтыл, кæцытæ хаудтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны медицинон-социалон реабилитаци, ацæргæ кары адæймæгты медицинон-социалон реабилитаци, РХИ-йы сывæллæтты инвалидты реабилитаци, улæфæн органты низты рæстæджы реабилитацийы актуалон уавæрмæ æмæ æндæр темæтæм. «Пленарон рабадты фæстæ уыд тымбыл фынг «РХИ-йы медицинон-социалон реабилитацийы рæзт», зæгъгæ, цыран сæрибар дискусситы форматы симпозиумы хайадисджытæ æруынаффæ кодтой РХИ-йы медицинæйы ацы здæхты рæзты перспективон здæхтытыл», – загъта уый.

Уынаффæ кæныны рæстæджы бæрæг æрцыдысты къорд негативон тенденцийы, кæцытæ хауынц статистикон бæрæггæнæнты  фæткмæ æркæнынмæ, инвалидтæ æмбæлон уагыл хыгъды æвæрд кæй нæ цæуынц, медицинон реабилитацийы фæдыл æмæ къорд æндæр здæхты квалификациджын специалистты хъуагдзинад ма Тотчиты Георги депутатты базонгæ кодта уыцы фæндæттимæ, кæцыты фехъусынчындæуыд симпозиумы медицинæйы дарддæры рæзты нысæнттæн æмæ æрвыст æрцыдысты РХИ-йы Хицауадмæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадмæ, афтæ ма РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрадмæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны республикон медицинон центры куысты тыххæй информациимæ ралæууыд ацы уагдоны директор Кокойты Маир. Уый депутатты базонгæ кодта центры архайды сæйраг нысæнттимæ æмæ уыцы проблемæтимæ, кæцытимæ сæмбæлдысты реорганизацийы фæстиуæгæн.

«Мæн тынг тыхсын кæнынц уыцы проблемæтæ, кæцытæ абон дæр сты рынчындоны. Æз зонын, уым кæй нæй хъарм дон. Рынчындоны цы рынчынтæ вæййынц, уыдоны бахъæуы сæхи тыхтæй дон хъарм кæнын сæхи ныхсыны тыххæй. Куыд депутат, афтæ сараздзынæн, цы гæнæн ис уый ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уыдон сты элементарон фарстытæ, кæцытæн баивæн нæй нæдæр хæлар ахастæй, нæдæр хорз операцийæ», – загъта Уалыты Розæ.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Къозонты Алан, Коцты Жаннæ, æмæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстыты фæдыл уæрæсейаг уынаффæгæнæг Игорь Галь.

Уымæй дарддæр ма «Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты фадыджы управленийы системæйы оптимизацийы фæдыл кусæгон къорд саразыны тыххæй» 2018 азы 6-æм июны РХИ-йы Хицауады уынаффæ сæххæст кæныны фæдыл Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты фадыджы управленийы системæйы оптимизацийы фæдыл кусæгон къорды архайды тыххæй информаци сарæзта РХИ-йы Хицауады аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Алан. Афтæ ма æруынаф-фæчындæуыд РХИ-йы кадрон фæсауæрцы проблемæйыл дæр.

Ацы фарстытыл уынаффæ кæндзысты РХИ-йы Парламенты Президиумы дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.