24-æм январы уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты рауæрæхгонд рабадт. Уагъта йæ комитеты сæрдар Коцты Игорь.

Рабадт гом кæнгæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, боны фæткмæ хаст цæуы фарст, италиаг политикон парти «Альтернатива для Европы»-йы лидеры, Европарламенты эксдепутат Джульетто Кьезайы Европарламенты РХИ-йы Парламенты минæварæй снысан кæныны фæдыл, уый тыххæй фæндон бахаста депутатты къорд.

Коцты Игорь бахатыд комитеты уæнгтæм, цæмæй сæ хъуыдытæ зæгъой ацы фарсты фæдыл. Депутат Диакъонты Амиран куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Джульетто Кьеза Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты райдианæй фæстæмæ æмæ уый фæстæ азты дæр алыхатт дæр уыд нæ республикæимæ, дунеон информацион тыгъдады хæдуагæвæрды барты тыххæй РХИ-йы адæмы рæстдзинад æмæ бартыл тох кæнгæйæ. «Кæд Хуссар Ирыстонæн дунеон аренæйы, сæрмагондæй, Европæйы хæлæрттæ ис, уæд Джульетто Кьеза у уыдонæн сæ сæйрагдæр. Уымæ гæсгæ хъуыды кæнын, ацы фæндоны æвварс кæй рахæцдзæн æппæт депутатон корпус. Афтæ ма хатыр курын арæныл æрцæугæ цауы тыххæй. Цыфæнды ма æрцæуа, уæддæр Джульетто Кьезайæн алыхатт дæр бынат ис нæ хæдзæртты æмæ  зæрдæты», – банысан кодта Диакъонты Амиран.

Парламенты сæрдар Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн тынг ахсджиаг у Европарламенты йын ахæм æмвæзады адæймаг куы уа, уый. «Джульетто Кьеза фæнд кæны Хуссар Ирыстоны процессты тыххæй объективон информаци парахат кæнын куыд Италийы, афтæ æндæр европæйаг бæстæты дæр, афтæ ма Европарламенты депутатты ‘хсæн дæр. Иумиаг архайдтытæй мах реализаци кæндзыстæм проекттæ, кæцытæ здæхт уыдзысты дунеон аренæйы Хуссар Ирыстоны интерестæ размæ кæнынмæ. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайын, æмбæлон æххæстбартæ уымæн йæ бæрны бакæнын, кæцытæ йын фадат ратдзысты ацы функцитæ уæлдай æнтыстджындæрæй æххæст кæнынæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта депутат Плиты Александр дæр. «Нæ паддзахады арæзты æппæт фæндаджы дæргъы, мах алыхатт дæр æнкъардтам фарсхæцынад Джульетто Кьезайы ‘рдыгæй. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ депутаттæй кæй ничи уыдзæн Джульетто Кьезайы Европарламенты РХИ-йы Парламенты минæварæй снысан кæныны ныхмæ», – загъта Плиты Александр.

Йæ рады, комитеты сæрдар Коцты Игорь рахцæыд ацы фæндоны æвварс, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Джульетто Кьезайæн уыд ахсджиаг нысаниуæг Хуссар Ирыстоны алыварс информацион блокадæ атоныны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Европарламенты РХИ-йы Парламенты минæварæй Джульетто Кьеза фидар æрцæудзæн сессийы æввахсдæр рабадты.

Депутат Тасойты Димитр дæр банысан кодта Хуссар Ирыстоны раз Джульетто Кьезайы лæггæдты тыххæй, уый иуæй-иу фæсарæйнаг журналистты хъауджыдæр, кæцытæ раст информаци нæ хастой сæ бæстæты æхсæнадмæ, алыхатт дæр æвдыста рæстдзинад.Уынаффæйы рæстæджы Бибылты Ана-толи, Джульетто Кьеза горæт Цхинвалы кадджын æмбæстаг кæй у, уый банысан кæнгæйæ, депутаттæм фæндон бахаста, цæмæй бахатой æмбæлон структурæтæм кæнæ комкоммæ республикæйы Президентмæ,  уымæн Хуссар Ирыстоны раз йæ лæггæдты тыххæй РХИ-йы æмбæстаджы паспорт радтыны тыххæй. Дунеон аренæйы РХИ-йы позицитæ размæ кæныны тыххæй фарстыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта тымбыл фынг кæнæ конференци ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ Европарламенты æмæ РХИ-йы Парламенты депутатты хайадистæй. «Дунеон фарстыты иу ран ма хъуамæ лæууæм, æнæмæнгхъæуæг у размæ цæуын. Куысты гуырахст егъау у, иууыл сæйрагдæр у раст здæхт равзарын», – банысан кодта уый.

Комитеты рауæрæхгонд рабадты ныхасы бар лæвæрд æрцыд Джульетто Кьезайæн дæр. «Мæнæн стыр кад у Хуссар Ирыстоны адæмы интерестæ æвдисын, уымæн æмæ сымах хицæн адæм стут. Мæн алы хатт дæр уырныдта уый, æмæ хæдуагæвæрдмæ адæмы бартæ кæй сты сæйраг момент, номхуындæй, адæмы коллективон фæндондзинад бæрæг кæны бæстæйы фидæн. 90 азты æз ардæм фыццаг хатт куы æрцыдтæн, уæд банкъардтон уавæры æнахуырдзинад æмæ бамбæрстон, сымах æнахуыр адæм кæй стут, уый. Ам цы цаутæ цыдысты, уыдон уыдысты трагикон æмæ уыцы иурæстæджы – хъайтарон дæр, уымæ гæсæ мæ разы æрæвæрдтон, цы федтон, уый тыххæй радзурыны, æмæ психологон æмæ монон контакты сымахимæ баззайыны хæс», – загъта уый.

Джульетто Кьезайы ныхæстæм гæсгæ, сæххæст кæнын хъæуы зын æмæ бæрнон куыст Европæйы политикон æмæ информацион тыгъдады Хуссар Ирыстоны позицитæ размæ кæныны фæдыл. «Уыдзæн зын, фæлæ уæддæр цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдоны контексты бынат ис оптимизмæн. Уынæм глобализацийы кризис, кæцы  сæрмагондæй æвдисы господин Трамп, æмæ уый гом кæны ног гæнæнты тыгъдад. Ивд цæудзысты АИШ æмæ Уæрæсейы ахастытæ дæр, афтæ ма европæйаг бæстæ-тимæ АИШ-ы ахастытæ дæр. Ивындзинæдтæ æнкъардæуыдзæн уæрæсейаг-европæйаг форматы дæр. Уæрæсеимæ æнгом баст кæй стут, уымæ гæсгæ сымах дæр банкъардзыстут уыцы ивындзинæдтæ», – нымайы парти «Альтернатива для Европы»-йы лидер.

Профилон комитеты рабадты сæ хъуыдытæ загътой иннæ депутаттæ дæр. Рабадты кæрон комитеты уæнгтæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты Джульетто Кьезайы Европарламенты РХИ-йы Парламенты минæварæй снысан кæныны фæдыл æмæ ацы фарст сессимæ сфидар кæнынмæ рахæссыны тыххæй депутатты къорды фæндоны æвварс.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.