ÆМГУЫСТАДЫ ФÆДЫЛ КЪАМИСЫ ИУМИЙАГ РАБАДТ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон архайды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь хайад райста РХИ-йы Парламенты æмæ УФ-йы Федерацийы Советы ‘хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы иумæйаг рабадты.

Коцты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй радон планон рабадт уагъд æрцыд Федерацийы Советы. РХИ-йы Парламенты делегацийы сконды ма уыдис Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон архайды фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Плиты Алыксандр.

«Уый размæ нæ коллегæтимæ уынаффæ кодтам боны фæткыл, фарстатæ уыдысты æргом. Нæ ныхасы сæйраг темæ уыд, РХИ-йы Парламенты бацыд Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæты Æхсæнпарламентон ассамблеймæ цæстдарджыты хуызы», – банысан кодта Коцы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, рабадты уый фарст æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн УФ-йы æмбæстагдзинады ном райсын фæхуымæтæгдæр кæныны тыххæй

«Ацы темæ у актуалон æмæ йыл арæх уынаффæ цæуы Уæрæсейы Федерацийы. Федерацийы Советы æмæ Паддзахадон Думæйы уæнгтæ ацы фарсты фæдыл бахастой фæндæттæ, цæмæй æмбæстагдзинады тыххæй УФ-йы закъондæттынадмæ хаст æрцæуой ивындзинæдтæ. Уыцы ивындзинæдтыл бирæ ныхас цæуы, æмæ цæмæй нæ позици уыцы фарсты фæдыл хынцыд æрцæуа æмæ йæ рæстæджы цы æмбæстæгтæ нæ райстой УФ-йы æмбæстагдзинад, уыдон æй ныр райсой хуымæтæгдæр фæткмæ гæсгæ. Уымæн æрæвæрдтам ацы фарст æмæ закъондæттæн æмвæзадыл нæ уæрæсейаг коллегæтимæ бацархайдтам уый аскъуыддзаг кæнын», – банысан кодта Коцты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма рабадты ныхас цыд Цхинвал æмæ Керчы горæтты ‘хсæн æмгуыстады тыххæй.

«Ныхас цыд Цхинвал æмæ Керчы ‘хсæн æфсымæрон ахастыты тыххæй. Æмгуыстадыл сразы сты нæ мэр æмæ горæт Керчы горæтон муниципалитет. Сразыдзинадыл къухтæ гæнæн ис фыст æрцæуой Хуссар Ирыстонмæ Федерацийы Советы иннæ азы апрель-майы балцы фæлгæтты», – загъта Коцты Игорь.

Уымæй уæлдай ма фембæлды рæстæджы ныхас цыд пенсион ифтонгадыл æмæ Хуссар Ирыстоны æм-бæстæгтæн бынаты мады капитал райсыны фарстыл.

«Парламентон фæзуатыл мах архайæм, цæмæй скъуыддзаг цæуой,  не ‘мбæстæгты тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, æппæт уыдон», – загъта профилон комитеты сæрдар.

 

 

КОЦТЫ ИГОРЬ: «САР-имæ МАХ ПЛАН КÆНÆМ ÆХСÆНПАРЛАМЕНТОН ÆМВÆЗАДЫЛ СРАЗЫДЗИНАДЫЛ КЪУХТÆ ÆРФЫССЫН»

2019 азы парламентон æвзæрстытæм хуынд æрцæудзысты, Хуссар Ирыстонæн хæларадон бастдзинæдтæ цы паддзахадтимæ ис, уыдонæй алкæцыйæ дæр цæстдарджытæ», – банысан кодта Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон архайды фæдыл парламентон Комитеты сæрдар Коцты Игорь.

«Нæ республикæйы æвзæрстытæ куы вæййы, уæд мах нæ коллегæтæй алыхатт дæр фæхонæм цæстдарджыты. Ахæм официалон хонæн гæххæттытæ 2019 азы æвзæрстытæм мах арвитдзыстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, Федерацийы Советмæ, Паддзахадон Думæмæ, нæ абхазаг, приднестроваг коллегæтæм, æппæт уыцы бæстæтæм, кæцытимæ мах рагæй æмгуыстад кæнæм», – банысан кодта парламентари.

Коцы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм хонæн гæххæтт райсдзысты САР-ы нæ коллегæтæ дæр.

«Сириаг Арабаг Республикæимæ мах план кæнæм æхсæнпарламентон æмвæзадыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах хонæн гæххæтт арвитдзыстæм, цæмæй нæ сириаг коллегæтæ хайад райсой Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæр-стыты, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны иннæ аз сæрды», – загъта уый.

Парламентон комитеты сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны алыхатт дæр уагъд кæй æрцæуы демократон æвзæрстытæ.

«Хуссар Ирыстоны, куыд парламентон, афтæ президентон æвзæрстыты дæр хайад райсынц алыгъуызон бæстæтæй бирæ цæcтдарджытæ. Махæн ис æргом бæстæ æмæ æргом æвзæрстытæ», – загъта Коцты Игорь.

 

ХАЙАД РАЙСДЗЫСТЫ  БЕЛАРУСИ ÆМÆ УÆРÆСЕЙЫ ЦÆДИСЫ ПАРЛАМЕНТОН ÆМБЫРДЫ РАБАДТЫ КУЫСТЫ

РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон архайады фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь радзырдта закъондæттæн органы делегацийæн Беларуси æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон æмбырды радон сессийы рабадтмæ цы балц уыдзæн, уый тыххæй. Рабадт уагъд æрцæудзæн Мæскуыйы 21-22 декабры.

Парламентари банысан кодта, Беларуси æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон Æмбырды сесси уагъд кæй цæуы æрвылаз дæр, азы æмбисы æмæ йæ кæрон, цыран Хуссар Ирыстон у хъусдарæг. Рабадтытæй сæ иу уагъд æрцæуы Уæрæсейы территорийыл, иннæ та – Беларусийы.

«РХИ-йы Парламенты делегаци ныр цалдæр азы дæргъы активонæй хайад исы æппæт мадзæлтты, кæцытæ хауынц цæдисон паддзахад Беларуси æмæ Уæрæсейы парламентон ахастытæм æмæ уагъд цæуынц Уæрæсейы Федерацийы территорийыл», – загъта Коцы фырт.

Уый ма банысан кодта, уыцы Парламентон Æмбырды рабадтыты æруынаффæ кæнынц цæдисон паддзахады арæзтады фарстатыл, афтæ ма ист æрцæуы Цæдисон паддзахады бюджет.

«Уымæ гæсгæ Беларуси æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон Æмбырды рабадтытæ нæ хайадисджытæн вæййынц цымыдисон æмæ пайда. РХИ-йы закъондæттæн органы делегацийы сконды сты Парламенты спикер Гасситы Петр æмæ æз», – загъта комитеты сæрдар.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.