Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл РХИ-йы парламентон комитетæн уыд рабадт. Уагъта йæ комитеты сæрдар Джиоты Инал.

Боны фæткы цы фарстатæ уыд, уыдонæй уынаффæмæ фыццаг рахастæуыд Дзауы районы ныллæгвольтон электрохызæджы уавæры тыххæй фарст.

Джиоты Иналы ныхæстæм гæсгæ, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæгимæ иумæ уыдон фембæлынц районы цæрджытимæ. Ахæм фембæлдтыты рæстæджы цæрджытæ фæдзурынц сæ проблемæтыл.

«Æрæджы мах фембæлдыстæм Църу æмæ Чъимасы хъæуты цæрджытимæ. Фембæлды бирæ проблемæтыл цыд ныхас. Уыцы проблемæтæй сæ иутæм, зæгъæм, фæндаджы цалцæг æмæ нуазыны дон ра-уадзынмæ ацы къуыри æрæвналдзæн районы администраци. Фæлæ иууыл карздæр проблемæ у, районы ныллæгвольтон электрохызæджы уавæр. Бæрзондвольтон электрохызæджы цæджындзтæ ивд æрцыдыс-ты, фæлæ ныллæгвольтон электрохызæджы цæджындзты уавæр нырма дæр у катайаг. Ахæм уавæры ис, Моргойы цы трансформатор ис, уый дæр. Ацы трансформатор кусы 1972 азæй нырмæ æмæ йын цалцæггæнæн дæр нал ис æмæ йæ хъæуы раивын», – загъта Джиоты Инал æмæ бахатыд Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы генералон директор Гæбæраты Анатолимæ, цæмæй радзура, ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй цы мадзæлттæ ист æрцæудзысты, уый тыххæй.

Йæ рады Гæбæраты Анатоли куыд бамбарын кодта, афтæмæй Църуйæ Чъимасы онг   ныллæгвольтон электроны хахх, Къуайсамæ цы электроны хахх цæуы, уый, æмæ   ма 3 км та Дзауы поселокы ныллæгвольтон электроны хæххыты реконструкци хаст æрцыдысты 2018 азы Инвестпрограммæмæ.

«Иннæ проблемæты нæхæдæг цадæггай скъуыддзаг кæндзыстæм нæхи тыхтæй. Моргойы трансформаторыл куы дзурæм, уæд уый тыххæй мах ницы зыдтам. Арвитдзыстæм кусджыты æмæ йæ сбæрæг кæндзыстæм», – бамбарын кодта Гæбæрайы фырт.

Джиоты Инал бахæс кодта Гæбæраты Анатолийæн, цæмæй трансформаторы сбæрæг кæныны фæстæ йæ номыл æрбар-витой æмбарынгæнæн фыстæг бакæнгæ куысты тыххæй.

Боны фæткы дыккаг фарст та уыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектыл æруынаффæ кæнын.

Уый тыххæй Джиоты Инал бафиппайдта, зæгъгæ, ацы закъоныл бакуыст æрцыд æмæ йæ Парламент райста ивгъуыд азы декабры мæйы.

«Æгæрыстæмæй, закъоныл къух дæр æрфыстæуыд, фæлæ йæм Экономикон рæзты министрад, Юстицийы министрад æмæ РХИ-йы Президенты Администрацийы Барадон управлени бафтауинæгтæ æмæ барасткæнинæгтæ кæй бахастой, уый фæстиуæгæн Парламентмæ лæвæрд æрцыд ног вариантæй», – банысан кодта уый.

Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади æрæмбырдуæвджытæн бамбарын кодта, ацы проекты бафтауинæгтæ æмæ ба-расткæнинæгтæ цæй тыххæй хъæуынц, уый.

«Мах цæттæ кодтам  закъоны имплементаци кæнын, дзæвгар ныхмæдзырдтæ дзы кæй ис, уый куы рабæрæг ис, уæд. Цæмæй уыцы закъоны уагæвæрдтæ реализацигонд æрцæуой, уый тыххæй Экономикон рæзты министрады мах ауагътам тынг активон консультацитæ Юстицийы министрадимæ, Президенты Администрацийы Барадон управлениимæ, Финансты министрадимæ æмæ бангон фадыгимæ», – загъта Кокойты Геннадий.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, сырæзтæввонг у фонды бæрнхæссæг совет, цыран хайад исынц республикæйы хицауиуæгады æппæт къабæзтæ дæр æмæ чысыл амалиуæгады фадыджы минæвæрттæ, уый фæстиуæгæн закъон бындурон фактор хъуамæ суа, æрмæст чысыл амалиуæгадæн нæ, фæлæ ма нæ экономикæйы аграрон фадыгæн дæр.

«Закъон ма æндæвдады элемент суыдзæн æгуыстдзинады æмвæзад æрныллæг кæнынæн æмæ паддзахадон бюджеты уаргъ фæрогдæр кæнынæн. Закъоны проект Хицауад банымадта хорзыл. Мах æй дæттæм Парламентмæ æруынаффæ йыл кæныны тыххæй æмæ нæ ныфс ис, райст кæй æрцæудзæн, уымæй», – банысан кодта экономикæйы министр.

Ацы закъоны проектыл уынаффæ цæу-дзæн РХИ-йы Парламенты Президиумы радон рабадты.

Уымæй дарддæр депутаттæ байхъуыстой 2017 азы РХИ-йы Экономикон рæзты министрады бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдмæ.

Кокойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы министрады архайд здæхт уыд экономикæ æмæ социалон фадыджы рæзты фæдыл актуалон хæслæвæрдтæ аскъуыддзаг кæнынмæ, кæцытæ хаудтой закъондæттынад фæхуыздæр кæнынмæ, национ экономикæйы фидар размæцыд сифтонг кæнынмæ, инвестицион климат фæбæрзонддæр кæнынмæ, эффективон инвестицион политикæ саразынмæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн баххуыс кæнынмæ æмæ цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ.

«Æдзухæй дæр цæуы закъондæттынады мониторинг, республикæйы социалон æмæ экономикон фарстаты фæдыл контроль цæуы, РХИ-йы Президент, Хицауад æмæ Парламент цы нормативон æмæ барадон акттæ райсынц, уыдон куыд æххæст цæуынц, ууыл», – бахахх кодта Кокойты Геннади.

Экономикон рæзты министр ма информаци сарæзта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты сæйраг бæрæггæнæнты динамикæйы тыххæй, кæцы фæбæрæг 2017 азы январь-сентябры хатдзæгтæм гæсгæ.

Комитеты куысты хайад райстой РХИ-йы Парламенты Хицауады минæвар Кокойты Зураб, депутаттæ Бесаты Зитæ, Бæззаты Вадим, Тасойты Барис æмæ Къозонты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.