РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад аивгъуыйгæ азы цы куыст бакодта, ууыл дзырд цыдис  коллегийы рабадты. Йæ куысты хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, афтæ ма паддзахадон хицауиуæгады æмæ зонадон-ахуырадон къабазы профилон органты къухдариуæггæнджытæ.

Бакæнгæ куысты тыххæй æрæмбырдуæвджытæн радзырдта ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис скъолайы ахуыры гъæдæн аргъ кæныны фарстатæм, профориентацион куыстмæ, ахуыры национ компоненты мидисы рæзтмæ.

2019 азы республикæйы иумæйаг ахуырады системæйы цы мадзæлттæ æххæст цыдысты, уыдон, йæ ныхæстæм гæсгæ, здæхт уыдысты иумæйаг ахуырады гъæды æмвæзад бæрзонддæр кæнынмæ. Æнтысгæйæ фæцис ахуырады системæйы модернизацийы фыццаг этап, ныр та хъæуы дыккаг этап æххæст кæнын, кæцыйы хъуамæ куыд ахуыргæнджытæн, афтæ ахуыргæнинæгтæн дæр арæзт æрцæуой, ахуырадон процессы технологион домæнтæн дзуапп чи дæттой, ахæм комфортон уавæртæ.

Министр банысан кодта, республикæйы ахуыргæнинæгтæ дарддæр дæр хорз фæстиуджытæ кæй æвдисынц предметон олимпиадæты, республикон æмæ дунеон æмвæзадыл сфæлдыстадон конкурсты. Ахæм фæстиуджытæн та, куыд загъта, афтæмæй къухы бафтæн нæ уыдаид, республикæйы ахуырады системæйы æппæт  цæгтæ дæр æнгомæй, командон куыст куынæ кодтаиккой, уæд.

Иууыл  хуыздæр æнтыстытæ сæ къухты кæмæн бафтыд, уыдоны ‘хсæн докладгæнæг рахицæн кодта ахæм ахуырадон уагдæтты, куыд гимназ «Альбион», Аивæдты лицей, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан æмæ æндæрты.

Гасситы Натали ма йæ коллегæтимæ æруынаффæ кодта, грипп æмæ карз респираторон вирусон инфекцийы фæстиуæгæн карантин баконд кæй æрцыд, уый фæдыл ситуацийыл. Банысан кодта, зæгъгæ, уый аххæсдзæн 1 февралмæ куыд ахуыргæнинæгтæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæ раныхасы бузныг загъта коллегийы хайадисджытæн сæ цæсгомджын æмæ бæрнон куысты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ.

«Ахуыргæнæджы дæсныйад у иууыл вазыгджындæртæй сæ иу æмæ мæ фæнды сымахæн зæгъын зæрдæбынæй арфæйы ныхæстæ, мæ цæст уын уарзы æви-дийгæ энерги, быхсындзинад æмæ æнтыстытæ уæ зын фæллойадон архайды», – загъта Хицауады Сæрдар.

Коллегийы куысты фæстиуджытæн æвæрццаг аргъ скæнгæйæ, Пухаты Эрик банысан кодта, Хицауад дарддæр дæр кæй кусдзæн иумæйаг ахуырады эффективондзинад бæрзонддæр кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.