Мæнæ та æрбалæууыд августы мæй… Августы мæй ирон адæмæн хъыджы, уæззаудзинæдты, фыдæвзарæнты, мæлæтхæссæг мæй дæр у æмæ стыр цины бæрæгбоны мæй дæр. Ирон адæмы æнусон бæллиц августы мæйы сæххæст, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Стыр Уæрæсе 26-æм августы банымадта. Фæлæ уал уæдмæ Ирыстоныл тугуарæн ныккодта, нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ нын нæ Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразынмæ бахъавыдысты, фæлæ сæ сау фæнд сæ хъуыры фæбадт, нæ сын бантыст йæ сæххæст кæнын. Уæд, 2008 азы августы хæсты рæстæджы хуссарирыстойнаг адæм лæууыдысты сæрсæфæны былыл. Горæт алырдыгæй пиллон калдта, алырдыгæй хъуыстысты тыхст, фæдисы хъæртæ æмæ сылгоймæгты дзыназын.

Нæ уарзон Цхинвалы ма иу чысыл хъуыд æмæ амардаид, фæлæ нын Стыр Хуыцау баххуыс кодта, ирон адæмы бахызта бынтон скуынæг кæнынæй. Æндæргъуызон ын бамбарæн нæй, уымæн æмæ нæ горæтмæ æрбахизæны лæууыд знаджы дивизион – РСЗО «Град»-ы 18 ифтонгады, кæцытæй алкæцыйы дæр уыд 40 реактивон снаряды æмæ афтæмæй хæсты райдианы фыццаг цыппар сахаты нымад секундтæм горæтмæ æхстой 720 снаряды. Уымæй дарддæр ма æхстой гаубицатæ, САУ, егъаукалиброн минæзгъалтæ, авиаци. «Град» нымад секундтæм 1-2 гектары фæзуатмæ кæй бахауы, уымæ гæсгæ дзы пайда кæныны бар нæй, фæлæ нæ сыхæгтæн цы уæлдай уыд.

Бæрзæндтæй-иу горæтмæ чи ракаст, уыдон-иу ахъуыды кодтой, зæгъгæ, горæты сæрæгасæй ничиуал баззад, афтæ тынг пиллон калдта. Горæт-хъайтар Цхинвалмæ цы бирæнымæц мæ-лæтхæссæг снарядтæ хаудтой,  уый фæстиуæгæн горæт хъуамæ амардаид, фæлæ знæгты фæндиаг нæ фæци æмæ удæгасæй баззад… Стыр Хуыцау æй нæ бауагъта амæлын, цæрджыты скуынæг кæнын…

2008 азы августы фондзбонон хæсты ам, Цхинвалы чи уыд, уыдонæй алкæмæндæр ацы хæсты ис йæхи истори, йæхи уæззау мысинæгтæ. Джиоты Ингæ, Цхинвалы цæрæг: «8-æм августы нæ горæты уынгты цытæ цыд, уыдон диссагæн дзуринаг сты. Хъустæ къуырма кодтой алыгъуызон хæцæнгæрзты богъ-богъæй, æддæмæ рахизæнтæ нал уыд. Хорз уыд æмæ цалынмæ тыхджын æхстытæ нæ райдыдтой, уæдмæ ралыгъдыстæм нæ сыхæгты ныккæндмæ, уымæн æмæ нæ хæдзарыл сæмбæлд стыр снаряд æмæ ныппырх. Бадæм ныккæнды æмæ æнхъæлмæ кæсæм, хæдзары къултæ ныл кæд æркæлдзысты, уымæ. Сылгоймæгтæй кæцыдæр афтæ бакодта, æвæццæгæн, зæгъ, уырнонтæ цы армагедоны кой фæкæнынц, уый райдыдта. Æхсæвы аскъуыддзаг кодтам, зæгъгæ, хъæуы лидзын Дзауы ‘рдæм, уымæн æмæ тæссаг уыд цы ныккæнды бадтыстæм уырдæм снаряд бахауынæй. Ахъуыды кодтам, зæгъгæ, цæйнæфæлтау ныккæнды амæлæм, фæлтау фæндагыл нæ мæлæт æрцæуæд. Æхсæвы 3 сахаты уыдаид, афтæ кæрæдзийы фæдыл цæугæйæ, нæ ных сарæзтам Тъбеты ‘рдæм. Уый уыд тынг тæссаг фæндаг, алырыдгæй мæрдтæ, сыгъд машинæтæ æмæ адæймæгтæ… Ацы нывтæ мæ цæстытæй нæ хицæн кæнынц кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр, ахæм цаутæн ферохгæнæн нæй.

Уыдон дæр лыгъдысты зындонæй, фæлæ сын фæстаг фæндаг ссис… Фыртыхстæй йæ дзæбæх нал хъуыды кæнын Зары онг куыд схæццæ стæм, уый, æвæццæгæн нын цыдæр тыхтæ баххуыс кодтой æндæра сæрæгасæй куыд аирвæзтыстæм ахæм тыхджын æхстыты бын. Бирæ хæттыты-иу нæ бахъуыд зæххыл  æрхуыссын æмæ афтæмæй нæмгуытæй хи бахизын. Нæ цурты цы машинæтæ ацыдысты, уыдон бахаудтой æхстыты бын æмæ иууылдæр ныхуынчъытæ сты. Фæстæдæр базыдтон горæты тынг бирæ адæм кæй фæмард, уый тыххæй, уыцы нымæцы мæ хæстæджытæ æмæ зонгæтæ. Мæ уарзон лæппуйы дæр мын амардтой, уый лæппутимæ снайперы амарынмæ куы бахъавыдысты, уæд. Никуы мæ ферох уыдзысты, уыцы тæссаг цаутæ, мæ зæрдæйы уæззау хъæдгомæй баззадысты цæрæнбонтæм. Ахæм диссæгтæ тæссаг кинофильмты дæр никуы федтон. Цхинвалы чи нæ уыд, хæст йæхиуыл чи нæ бавзæрста, уыдонæн сæ куы радзурын нæ горæты цы диссæгтæ цыд, уыдæтты тыххæй, уæд сæ нæ бауырны»…

Нæ горæты Тæболты Сергейы уынджы цæрæг Гобозты Ленæйæн дæр ис йæхи мысинæгтæ: «2008 азы 7-æм августы æхсæвы хæст куы райдыдта, уæд мæ чызг Ноннæ дæр уыд Цхинвалы йæ чысыл сабитимæ. Уæд йæ чызг Элинæйыл цыд 6 азы æмæ йæ лæппу Аликыл та – иу аз æмæ цыппар мæйы. Мах ын йæ фыдимæ дзырдтам, цæмæй уый йæ сабитимæ ацыдаид Дзæуджыхъæумæ, фæлæ нæ акуымдта, зæгъгæ, мæ бинонтæ иууылдæр ам сты æмæ æз та кæдæм цæуын, стæй йæ уырнгæ дæр нæ кодта нæ «дзæбæх» сыхæгтæ нæ афтæ рауæлдай кæндзысты, уый. Тыхджын æхстытæ куы райдыдтой, уæд ныххызтыстæм нæ сыхæгты ныккæндмæ, фæлæ мæхицæн бынат нæ ардтон, уымæн æмæ мæ чызг æмæ йæ чысыл сабиты тыххæй ницы бæрæг зыдтон. Уыдон цæрынц Хъайтарты уынджы».

Бекъойты Ноннæйы сыхаг, Хъайтарты уынджы 31-æм корпусы цæрæг Мæргъиты Ритæ мын афтæ радзырдта: «Мах дæр хыл кодтам Ноннæмæ, зæгъгæ, акæн дæ сывæллæтты искуыдæм, фæлæ нæм нæ байхъуыста. 7-æм августы æхсæвы фыццаг тыхджын срæмыгъд куы фæцыд, уæд бамбæрстам, хъуыддаг хорз кæй нæу, стыр хæст кæй райдыдта, уый. Уайтагъд цалдæр сыхагæй ныллыгъдыстæм ныккæндмæ. Уæдмæ Ноннæйы цардæмбал Эдик дæр йæ сывæллæтты йæ хъæбысы æрыскъæфта, æрхызт Ноннæ дæр. Сывæллæттæ сæ кæуынæй нал æнцадысты æмæ сæ сабыр кодтам, фæлæ кæм æнцадысты. Дыккаг бон нæм ныккæндмæ тарстгъуызæй æрбалыгъдысты Хъайтарты уынджы 33-æм корпусы цæрæг Тедеты Эдикы чызджытæ æмæ ма ноджы цалдæр сылгоймаджы. Чызджытæ уæд студенткæтæ уыдысты, ахуыр кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ сæрдыгон улæфтыты æрцыдысты сæ ный-йарджытæм. Уыдонмæ ныккæндмæ ныххызтысты гуырдзиæгтæ æмæ сæм алы цъаммар дзыхæй фæдзырдтой. Нæ зонын, цæуыл фæ-уыдаид хъуыддаг, фæлæ гуырдзиæгтæй сæ иу афтæ бакодта, зæгъгæ, фаг нын у æмæ ацæуæм ардыгæй. Афтæ нæм фæкаст цыма уый ирон лæг уыд æмæ сылгоймæгтæн фæтæригъæд кодта. Ноннæ ма ацы хабары тыххæй куы базыдта, уæд, цæмæй сывæллæтты кæуын æддæмæ ма хъуыстаид, уый тыххæй сын æртæ боны дæргъы дардта фынæйгæнæн хостæ. Куы-иу райхъал сты, уæд та-иу сын ногæй бадардта хостæ æмæ афтæмæй ныккæнды арвыста цыппар даргъ боны æмæ æхсæвы. Уæрæсе нæм æххуысмæ куы фæзынд, уæд Ноннæ сфæнд кодта Дзæуджыхъæумæ  ацæуын нæ горæты  кæй ницы уавæртæ уал уыд – нал дзы рухс уыд, нал – газ, нал – дон, уымæ гæсгæ. Стæй сывæллæттæ дæр ныллæмæгъ сты, сæ цæсгæмттæ урс хæцъилы хуызæттæ систы. 11-æм августы йæм машинæйыл æрбацыд йе фсымæр, йемæ ма уыдысты сæ ныййарджытæ дæр æмæ ацыдысты. Фæлæ кæд уырысы æфсад горæты уыд, уæддæр гуырдзиаг снайпертæ æхстой фæндаггонты. Æмæ чи куывта, уый уыдонæн. Куыддæр Зары фæндагыл схæрд кодтой, афтæ сæ æхсын райдыдтой, сæ машинæйыл нæмгуытæ сæмбæлдысты цалдæр раны, йæ æвгтæ ныппырх сты, фæлæ Хуыцауы æххуысæй, сæрæгасæй аирвæзтысты».

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.