Ссæдз азы дæргъы ирон адæм бавзæрстой тынг бирæ хъизæмæрттæ æмæ фыдмитæ гуырдзиаг лæгсырдты къухтæй, сыгътой нын нæ хъæутæ, ирон лæппуты ныгæдтой удæгасæй, не ‘взæрстой, зæронд уа, сывæллон уа æви сылгоймаг.  

Æвæццæгæн, иунæг ахæм ирон хæдзар дæр нæ разындзæн, нæ «дзæбæх сыхæгтæ» кæмæн нæ разиан кодтой.

1989-1991 азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд тыхст уавæры бахаудысты Цхинвалы районы хъæутæ дæр, æрвыстой фыдæхсæвтæ, мардтой сын сæ цæрджыты. 1991 азы 26 августы гуырдзиаг лæгсырдты къухæй æвирхъауæй фæмард мæ цардæмбалы фыд Уалыты Ефин. Уый йæ кæртмæ фехстой æмæ амардтой гуырдзиаг тугмондаг сырдтæ. Уыцы изæр сын цъыбырттысыгъд бакодтой сæ дыууæуæладзыгон хæдзар дæр, сæ цæрæнбонты фыдæбонæй иу уысммæ ницыуал аззад. Æгæрыстæмæй йын, йæ бинонтæ йæ мард кæм æрæвæрдтаиккой, уыцы бынат дæр сын нæ уыд, æмæ йæ æрластой горæт Цхинвалмæ сæ хæстæджытæм.  Йе ‘мкъай Дудайты Надя æмæ йе ‘ртæ сидзæр хъæбулы баззадысты уынджы къæйыл. Сидзæргæс усмæ цы фыдæбæттæ æрхаудта, ууыл дзурын уæлдай у.

2008 азы августы хæстæй кæд æртындæс азы рацыд, уæддæр уыцы æхстытæ æмæ алыгъуызон снарядты гуыппытæ ирон адæмы зæрдæты арф фæд ныууагътой. 1989-1992 азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд æз мæ хоимæ нырма скъоладзаутæ уыдыстæм, æмæ нæ нæ мад æппынæдзух æхстытæй æмбæхста æдас рæтты. Уæд хъуыды дæр нæ акодтаин, уал азы дæргъы, хæстон уавæрты цæргæйæ, æхстытæй мах мæ хоимæ нæ мад куыд рамбæхс-бамбæхс кодта, афтæ æз дæр мæ хъæбулты кæддæр нæмгуытæй ныккæнды кæй æмбæхсдзынæн. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ фервыстам ныккæндты. Мæ хистæр чызг-иу, стыр снарядты гуыппытæ хъусгæйæ, зыр-зыр кæнын кæй райдыдта, уымæ гæсгæ мах 2008 азы 2-æм августы бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ ацæуын нæ хæстæджытæм. Кæд цыдтæн мæ сывæллæттимæ Дзæуджыхъæумæ, уæддæр мæ зæрдæ фæстæмæ æхсайдта мæ цардæмбалмæ, мæ мад æмæ мæ фыдмæ, мæ хиуæттæм.

Дзæуджыхъæуы хиуæттæм æгæр бирæйæ лигъдæттæ кæй æрæмбырд, уымæ гæсгæ та мæ цалдæр боны фæстæ бахъуыд уырдыгæй республикæ Кæсæг-Балхъармæ ацæуын. Ацы республикæйы сæйраг горæт Нылцыччы нæ бакодтой тынг хорз санаторимæ. Кæд нæм иттæг хорз ахаст уыд санаторийы кусджыты ‘рдыгæй, æгæрыстæмæй, нын нæ сывæллæтты кодтой алыхуызон хиирхæфсæн бынæттæм, кæд ницы цух æййафтам, уæддæр зæрдæдзурæнты уыдтæн. Цыппар боны æмæ цыппар æхсæвы мæ хиуæттæй ницы хабар хъуыстон, удæгас сты, æви…

Уæлдай тынгдæр мæ зæрдæ нырхæндæг, мæ хæстæг сылгоймаг Дудайты Лианæйы мæлæт куы фехъустон, уæд. Уый уыд диссаджы хæларзæрдæ сылгоймаг, æвæццæгæн, йæ цæрæнбонты никуы никæйы хъыджы бацыд. Уый хыгъд, йæхæдæг фæмард фыдмардæй гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй. Горæты уавæр тынг куы скарз ис, лæгсырдтæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй куы æхстой, уæд уый йæ тиу æмæ йæ файнустимæ сфæнд кодта Цхинвалæй ацæуынмæ. Уыцы рæстæджы йæ цардæмбал Любомир уыд посты Цхинвалы районы Громы хъæуы. Йæ тиу Мирослав та уый размæ бон йæ сывæллæтты аласта Дзæуджыхъæумæ æмæ 8-æм августы фæстæмæ æрыздæхт Цхинвалмæ йæ цардæмбал, йæ мад æмæ Лианæмæ, цæмæй акодтаид уыдоны дæр. Йæ каисы цардæмбал Мамиты Фатимæ афтæ радзырдта: «Мирослав махмæ дæр æрбауад, уыдис ын тынг тыхст хуыз æмæ нын загъта, цæмæй батагъд кодтаиккам æмæ горæтæй аивæрзтаиккам. Мæ цард-æмбал Альберты нæ фæндыд цæуын, фæлæ йын уый фидарæй загъта, цæмæй æвæстиатæй ацыдаиккам горæтæй. Уæдмæ горæтмæ æрбацыдысты гуырдзиаг танкæтæ æмæ æхстой, сæ разы кæй æййæфтой, уыдоны. Гуырдзиаг салдаттæ ныккæндтæм æппæрстой гранаттæ, мардтой сабыр цæрджыты. Уæд мах сбадтыстæм нæхи машинæйыл æмæ Мирославимæ бацыдыстæм йæ хæдзармæ. Уым Мирославы машинæйыл йæ цардæмбал Жаннæ æмæ Лианæ, æмæ нæ машинæйы та – Жаннæйы ныййарджытæ æмæ йе ‘фсымæр Альберт. Горæты уынгты куы цыдыстæм, уæд фыртæсæй ницыуал зыдтам, алырдыгæй хъуыстысты стыр гуыппытæ, пиллон калдтой хæдзæрттæ, нæ алыварс алцыдæр пырх кодтой. Куыддæр горæтæй ахызтыстæм, афтæ ахъуыды кодтам, зæгъгæ, тæссагдзинæдтæ фæстейæ баззадысты æмæ аирвæзтыстæм, фæлæ цæмæй   зыдтам, разæй нæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый. Тъбетмæ нæма схæццæ стæм, афтæ нæ æрурæдтой цахæмдæр æфсæддонтæ æмæ нæ бафæдзæхстой, цæмæй фæстæмæ аздæхæм, загътой нын, гуырдзиæгтæ Тъбеты хъæу кæй бацахстой, уый дæр. Фæлæ Мирославы нæ бауырныдтой сæ ныхæстæ, уымæн æмæ сахаты размæ уыцы фæндагыл æрцыд Дзæуджыхъæуæй æмæ фæндаг уыд сæрибар. Мах дарддæр ацыдыстæм, фæлæ иу сахатмæ ацы бынаты бирæ цыдæртæ фæивта. Фæндæгтыл уыдысты æхст машинæтæ, адæймæгты мард буæрттæ. Тъбеты хъæуæй уæлдæр мах рахатыдыстæм гуырдзиаг æфсæдты къорды сæ бронетехникæимæ. Мах нæ цыд фæтагъддæр кодтам, нæ машинæ цыд разæй, æмæ Мирославы «Волга» та цыд нæ фæстæ. Уæдмæ нæ æхсын райдыдтой. Нæ машинæйы цур спырх снаряд, йе схъистæ сæмбæлдысты нæ машинæйыл, йæ цæлхытæ ныххуынчъытæ сты. Нæ машинæ йæ мидбынат ныллæууыд, уыцы рæстæджы Мирослав нæ иувæрсты аскъæрдта размæ. Цалдæр секунды фæстæ æхситтгæнгæ ратахт снаряд æмæ комкоммæ бахаудта Мирославы «Волга»-мæ. Йæ машинæ спырх, стахт уæлдæфы, ссыгъд æмæ фæстæмæ æрхаудта. Махыл æрбахаудысты адæймаджы дзидзайы хæйттæ. Бакастæн мæ цардæмбалмæ æмæ йæ уæлæ уыдысты адæймаджы дзидзайы кæрдихтæ, æз фæтарстæн, фенхъæлдтон, зæгъгæ, фæцæф ис. Фæлæ мын уый загъта, зæгъгæ, нæ фæцæф æмæ мын ацамыдта Мирославы машинæмæ æмæ уæд алцыдæр бамбæрстон. Снаряд сæ лыстæг скъуыдтæ ныккодта.

Махæн рæстæг нæ уыд, цы æрцыд, ууыл хъуыды кæнынæн, уымæн æмæ нæ æхстой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Иу цъус куы ацыдыстæм, уæд та нæ цуры цыдæр спырх ис æмæ нын йæ уылæн нæ машинæйы аппæрста фæндагæй хъæды ‘рдæм. Ацы трагеди æрцыди Зары фæндагыл Галуанты хъæуæй уæлдæр. Мах тыххæйты фæцыдыстæм хъæдты Зары хъæуы онг, æмæ рахызтыстæм фæндагмæ. Дардæй федтам бирæ салдæтты, уыдон уыдысты Уæрæсейаг æфсæддонтæ. Уæдмæ Альберт дæр йæ хуынчъытæ машинæйыл ссыд Зармæ, уым баивта йæ цæлхытæ, æмæ дарддæр ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ.

11-æм августы Жаннæйы æввахс хиуон ссардта Мирославы «Волга». Уый лæууыд уыцы бынаты, цыранмæ йæ фехстой гуырдзиаг лæгсырдтæ. Æрæмбырд кодта Мирослав, Жаннæ æмæ Лианæйы буары хæйттæ æмæ сæ баныгæдта уым быдыры. Уый фæстæ та ныгæд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы».

Лианæйæн йæ цардæмбал Любомиры æвджид баззадысты йæ дыууæ хъæбулы – чызг æмæ лæппу. Абон уыдон сты царды раст фæндагыл лæуд. Райстой уæлдæр ахуырад. Чызг Аленæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны медицинон академи. Ссардта йæ амонд дæр æмæ ныртæккæ йæ цардæмбалимæ (у контрактон æфсæддон) сты Дагъыстаны. Аленæ кусы дохтырæй. Лæппу Олег та каст фæцис хæххон-металлургон институты арæзтадон факультет. Ныртæккæ цæры Новосибирскы, кусы прорабæй.

Мирослав æмæ Жаннæйæн та бынтон сидзæрæй баззадыдысты дыууæ чызджы. Схъомыл сæ кодта сæ мады æфсымæр, райстой уæлдæр ахуырад, абон цæрынц Дзæуджыхъæуы.

Горæты газ æмæ рухс кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ мах фæстæмæ æрыздæхтыстæм августы кæрæтты æмæ йæ афтæ пырхытæй куы федтам, уæд мæ цæссыг нал урæдтон. Кæд уый размæ дæр телеуынынады уыдтон Цхинвалы цы æбуалгъы диссæгтæ æрцыд, уыдон, уæддæр сæ мæхи цæстæй куы федтон, уæд мын дывæр зындæр уыд. Фæлæ бузныг Стыр Уæрæсейæн, абон уый ‘руаджы гас кæнынц нæ горæты, хъæуты хъæдгæмттæ æмæ та дзы цард æндидзы.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.