Ацы бонты йæ 90 азы юбилей банысан кодта нæ республикæйæн кадрты куырдадз — Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Æвæццæгæн, алы адæймаг дæр цæрæнбонтæм бахъуыды кæны йе скъолайон æмæ студентон азты æвæлмас цард. Бахъуыды сæ кодтон æз дæр, уымæн æмæ мæнæн дæр царды уыдысты иууыл хуыздæр æмæ æвæлмас азтæ. Фæлæ азтæ афтæ тагъд лидзынц æмæ сæ адæймаг хатгæ дæр нал фæкæны, кæмдæр рохуаты тыгъдады бамыр вæййынц. Ацы рæнхъыты автор Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты куы ахуыр кодта, уæд уагдон бирæ æвзонгдæр уыд, 43 азы йедтæмæ йыл нæма цыд, ныр та йыл сæххæст 90 азы. Æмæ 90 азы та цъус не сты, уал азы дæргъы ацы уæлдæр ахуырадон уагдон æвзонг фæлтæртæн цы стыр лæггæдтæ бакодта, уыдонæн фæстиуджытæ саразынæн.

1973 азы Дзауы скъола-интернат хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ мæ документтæ радтон Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты историон-фæсарæйнаг факультетмæ (уæд ацы факультет нымад цыд престижондæрыл). Скъолайы мæ уарзондæр предметтæй иу уыд немыцаг æвзаг æмæ мæ тынг фæндыд немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг суæвын, фæлæ мæ бæллиц сæххæст кæнын мæ къухы нæ бафтыд стыр конкурс дзы кæй уыд, уымæ гæсгæ мын не сфаг сты баллтæ. Уыцы рæстæджы-иу ХИПИ-мæ ахуыр кæнынмæ æрбацыдысты Гуырдзыстоны районтæй дæр. Дыккаг аз мæ документтæ радтон ирон-уырыссаг факультетмæ. Фæлварæнтæ радтыны фæстæ мæ мыггаг номхыгъды куы федтон, уæд ма мæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдтон, фырцинæй мыл цыма базыртæ баззад, уыйау мæ тæхын дæр æрфæндыд. Ме ’мкурсонтимæ базонгæ дæн æмæ æнæхъæн бон фырцинæй Цхинвалы уынгты тезгъо кодтам.

Симды куы бацæуай, уæд дзы симын фæхъæуы æмæ мах дæр тырныдтам ахуырмæ, нæ лекторты зæрдæтæ рухс кæнынмæ. Фондз азы дæргъы нын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау амыдтой сæ дæсныйады иттæг хорз специалисттæ куыд, Плиты Гацыр, Хуыгаты Илья, Гасситы Эммæ, абон дзæнæттæгтæ Джиоты Клавæ, Пæррæстаты Магрез, Ершов Юри, Гасситы Ильмæ, Мамиты Гига, Бекъойты Димитр, Хъуылымбегты Гигуц, Цхуырбаты Лизæ, Медойты Боболкæ, Цхуырбаты Ольгæ æмæ æндæртæ.

Тынг арæх мæ зæрдыл æрлæууы Ершов Юри, амыдта нын рагон славяйнаг æвзаг. Уый афтæ карз æмæ домаг уыд æмæ йæ ныфс ничи бахастаид фæлварæнмæ æдзæттæйæ бацæуын. Ершовы хуызæн раст адæймæгтыл нæ царды арæх нæ сæмбæлæм. Абоны онг дæр æнæкæсгæйæ хъуыды кæнын йæ лекцитæй скъуыддзæгтæ. Ме ’мкурсонтимæ стыр аргъ кодтам фæсарæйнаг литературæйы лектор Пæррæстаты Магрезæн. Уый афтæ рæсугъд æмæ фæлмæн æвзагæй каст йæ лекцитæ, æмæ-иу æм хъусынтыл фестæм. Æгæрыстæмæй йын стыр аргъ кодтой Гуырдзыстонæй-иу институтмæ цы бæрнон минæвæрттæ æрбацыдысты, уыдон дæр, нымадтой йæ тынг хорз лекторыл, йæ дæсныйады иттæг хорз специалистыл. Йæ чызг Мананæ дæр кусы университеты.

Абон дæр мæ хъустыл ауайы профессор Медойты Боболкæйы хъæлæс. Йæ бирæ студенттæй йæ алчидæр бахъуыды кодта уæздан æмæ хæларзæрдæ сылгоймагæй. Йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайдта, æмæ йын æнтысгæ дæр кодта, иууылдæр æй уарзтам æмæ йын аргъ кодтам. Йæ цардæй æнæрæстæджы кæй ахицæн, уый дæр мын уыд тынг зын, уымæн æмæ ирон æвзаджы ахæм специалисттæ тынг хъæуынц нæ хæстæфхæрд Ирыстоны. Йæ амæлæты размæйы азты-иу мыл арæх амбæлд, арæх-иу æрбацыд редакцимæ дæр. Мæ уацтæй-иу мын кæй раппæлыд, уый-иу мын уыд тынг æхсызгон.

Æнæскойгæнгæ нæй зæрдæхæлар адæймаг Мамиты Гигайы тыххæй дæр. Йæ лекцитæ нын уыдысты бæрæгбоны хуызæн, æгæрыстæмæй-иу нæ худын дæр фæкодта. Мамийы фырты тыххæй бахъуыды кодтон иу ахæм цау. Цæвиттон, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды азты нæ республикæ тынг уæззау рæстæджытæ арвыста, алыгъуызон блокадæ бавзæрста. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы-иу Цхинвалы цæрджытæ баззадысты æнæ дон, æнæ электрон рухс æмæ афтæ дарддæр. Иу хатт Ленины уынгæй Пушкины уынгмæ куы ныххæццæ дæн, уæд кæсын, æмæ уартæ Мамиты Гига доны бедра фæхæссы йæ хæдзары ’рдæм, цæргæ та Театралон фæзуаты æртæуæладзыгон корпусы кодта. Атагъд кодтон, баййæфтон æй æмæ йын йæ бедра фатеры дуары онг схастон кæд мæ нæ уагъта, уæддæр. Кæд стыр хъуыддаг нæ сарæзтон, уæддæр мæхицæй фæбузныг дæн, æгайтма йæ койы аккаг дæр чи нæу, ахæм лæггад бакодтон мæ уарзон лекторæн. Æмбисонд афтæ куы у, судзин, дам, зæрдæ ссардта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ракæндзынæн Плиты Гацыр æмæ Хуыгаты Ильяйы кой дæр. Уыдонæн егъау сты сæ лæггæдтæ сæ радтæг Ирыстоны раз. Уал азы дæргъы цал æмæ цал æвзонг адæймаджы раз æрлæууыдысты лекцитæ кæсгæйæ, уыдон тынг зын банымайæн сты, уымæн æмæ сæ нымæц цалдæр минтæй дæр ахызт. Абон дæр æвæллайгæйæ лæггад кæнынц æвзонг фæлтæртæн. Хуыцау зæгъæд æмæ ма ноджыдæр бирæ азты дæргъы цы лæггад кæной сæ радтæг Ирыстоны фæрныгадæн. Плиты Гацыр, Хуыгаты Илья æмæ мын мæ иннæ лектортæ абоны онг дæр сты кады аккаг адæймæгтæ. Абон кæд мæхæдæг нана дæн — фондз хъæбулы хъæбул мын ис, уæддæр сыл куы амбæлын, уæд фефсæрмы вæййын æмæ сын мæ сæрæй ныллæг акувын. Хуссар Ирыстоны педагогон университет æнтыстджынæй каст фесты мæ дыууæ хъæбулы дæр æмæ сты куысты лæуд.

Институт каст фæуыны фæстæ кæд мæ дæсныйадыл, ома, ахуыргæнæгæй иу бон дæр нæ бакуыстон, (ахуыргæнæджы куыст тынг зын ссарæн уыд), уæддæр институты цы зонындзинæдтæ райстон, уыдон мын рабæззыдысты мæ царды æмæ сæ абон дæр пайда кæнын. Ме ’мкурсонтæй цалдæр абон дæр кусынц сæ райсгæ дæсныйады фæдыл нæ республикæйы районты. Уыдонæй иу, Бететы Женя, та кусы Дзæуджыхъæуы астæуккаг скъолатæй сæ иуы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Лæвæрд ын æрцыд РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном. Æрæджы РЦИ-Аланийы паддзахадон телерадиокомпанийы алæвæрдтæй сæ иуы æвдыст цыд скъолайон цард, куыд хорз ахуыргæнæг, афтæ йæм фæхуыдтой Бететы чызджы дæр. Йæ уынд мын уыд æнахуыр æхсызгон, æгайтма ХИПИ-йы рауагъдонæн ахæм хорз æнтыстытæ ис йæ куысты. Мæ иннæ æмкъурсон Гобозты Гуло дæргъвæтин азты бакуыста Цхинвалы районы Дампъалеты хъæуы скъолайы директорæй, Æлборты Галинæ та кусы Мугуты астæуккаг скъолайы.

2008 азы гуырдзиаг тыхæйисджытæ фынæй Цхинвалмæ куы æрбабырстой æмæ йыл арт куы бафтыдтой, уæд зынджы хай бацис нæ уарзон институты, абон университеты бæстыхай дæр. Фондзбонон хæсты фæстæ адæм ныккæндтæй уынгтæм куы рахызтысты æмæ сæ уарзон хъайтар горæты уынгты куы азылдысты, уæд сæ цæстытыл æууæндгæ дæр нæ бакодтой, ахæм æгъатыр фæд ныууагътой сæ фæстæ нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ. Нæ зонындзинæдты куырдадз сыгъдæй фенын та нын уæлдай зын уыд. Фæлæ, Стыр Уæрæсейы æххуысæй арæзт æрцыд университеты ног бæстыхай. Нæ бæстæйы раздæры президент Тыбылты Леониды хъæппæрисæй университеты комплекс арæзт æрцыд йæ раздæры бынаты. Æмæ аргъæутты куыд вæййы, афтæ авд ахæм хуыздæр фестад, хъуысы дзы студентты хъæлдзæг хъæлæба.

Мæхинымæры тæхуды дæр бакæнын ахæм ног университеты бæстыхайы цы студенттæ ахуыр кæнынц, уыдонмæ. Æгайтма, нæ хæстæфхæрд Ирыстоны ахæм объекттæ сырæзт, æгайтма нæ цард размæ цæуы. Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны фæкъаддæр зонæдты сгуыхт кусджыты нымæц. Хуыцау зæгъæд æмæ ног университеты бæстыхайы къæсæрæй цы рахизой зонæдты кандидаттæ æмæ доктортæ!

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр арфæ кæны ХИПУ-йы коллективæн сæ юбилейон бæрæгбоны цытæн! Фылдæр уын бантысæд уæ бæрнон æмæ хъæуæг архайды!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.