САУКУЫДЗЫ НАРТХОР

Арæх мæ зæрдыл æрлæууы нæ горæты цæрæг, раздæры ахуыргæнæг, æцæг ирон сылгоймаг, ныртæккæ дзæнæты бадинаг Мæргъиты Дара.

Уыдис диссаджы уæздан, хæларзæрдæ æмæ кæрдзындæттон сылгоймаг, мæнæ куыд фæзæгъынц, йæ къæбæр, дам, йæ армы дардта æппынæдзух, ахæм. Йæ уд, йæ дзæцц уыд искæйы йæ армы кондæй суазæг кæнын. Иннæ ахæм уыдис ирон мыхуыры æнувыд хæлар, арæх-иу æрбауад редакцимæ дæр. Тынг хæлар уыд куыд мæ цардæмбал Хуриты Гивиимæ, афтæ редакцийы иннæ кусджытимæ дæр. Гивийæн йæ мад Мæргъитæй кæй уыд, уымæ гæсгæ Дарамæ мадыхойы зæрдæ дардта. Дара та йæ хуыдта йæ уарзон хæрæфырт. Уыдис-иу афтæ дæр æмæ-иу сын редакцимæ сихор дæр æрбахаста, зæгъгæ, мæ армы кондæй мын ацаходут, æгæрыстæмæй ма-иу сын дзырнатæ дæр æрбахаста.

Дараимæ уыд алы темæйыл дæр дзурæн. Цымыдисон æмныхасгæнæг уыд. Бирæ-иу фæныхас кодтам нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгты гадзрахат хъуыддæгтыл æмæ ирон лæппутæ цы бирæ хъизæмæрттæ æвзæрстой, уый тыххæй дæр. Бирæ иумæйаг темæтæ нын уыдис: ирон интеллигенци, фысджытæ цы уæззау уавæры  бахаудысты, уыдæтты тыххæй дæр. Иу ахæмы та нын цымыдисон мысинæгтæ радзырдта Коцойты Арсены тыххæй.

Иу рæстæджы Арсен ахуыргæнæгæй акуыста  Ленингоры районы Захъхъоры хъæуы скъолайы. «Арсен Захъхъоры куы куыста, уый æз нæ хъуыды кæнын, фæлæ мæ фыд Къоста уыд йæ ахуыргæнинаг (йемæ ма хъæубæстæй ахуыр кодтой Мæргъиты Ладемыр, Уана, Хацырты Къоте, Пъауле, Тогойты Димо, Саламты Миша, Плиты Мелыко æмæ æндæртæ) æмæ мын-иу йæ хорзы кой арæх кодта.

Иу бон куы уыд, уæд, дам, æнæхъæн Лехурагомыл айхъуыст: нæ ахуыргæнæг Коцойты Арсен, дам, нын Цæгат Ирыстонæй лæвар æрласта иу вагоны дзаг нартхор. Уый, дам, ис горæт Къаспы æфсæнвæндаджы станцы æмæ, зæгъ, æй хъæуы æрбаласын Захъхъормæ. Уæрдон кæмæдæриддæр уыд, уыдон сæ барæвдз кодтой æмæ иу райсом раджы ацыдысты нартхор ласынмæ. Уæллаг Захъхъорæй Къаспы онг уыдзæн 30-35 километры бæрц. Вагоны дзаг нартхор æрбаластой æмæ йæ бафснайдтой уисæй быд къутуйы, стæй банымадтой цæрджыты æмæ йæ афтæмæй алы удгоймаджы сæрыл адих кодтой æмхуызонæй.

Арсен, дам, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны нартхор кæмæй раласта, уыцы лæг хуындис Саукуыдз. Уымæ гæсгæ йæ схуыдтой «Саукуыдзы нартхор». Захъхъоргомы нæм уæды онг нартхор куыннæ задис, фæлæ уый уыдис лыстæг æмæ сырх. Сакуыдзы нартхор та уыд урс, ставддæндаг, бæркадджын тыллæгдæттæг æмæ уымæ гæсгæ фæстæдæр æнæхъæн Лехурагомы дæр тауын райдыдтой уыцы мыггаг. Афтæ уæдæ, канд абон нæ, фæлæ рагæй æнкъарæм нæ цæгаттаг æфсымæрты аудындзинад. Арфæгонд фæуæнт æмæ нын сæ ныфс бирæ уæд ноджыдæр», – радзырдта нын Дара.

Коцойты Арсены тыххæй мын ноджыдæр радзырдта ирон æгъдæуттæн табугæнæг, ирæттæ æмæ Ирыстоны тыххæй бирæ æрмæг æрæмбырдгæнæг, раздæры ахуыргæнæг, советон органты бæрнон кусæг, азфыссæг Мæргъиты Алекси (абон рухсы бадинаг). «Арсен нæ хъæу Захъхъоры скъолайы куы куыста, уæд æз гуырд дæр нæма уыдтæн, фæлæ йæ чи зыдта, йемæ арæх чи æмбæлд, уыдон æй нымадтой канд стыр фыссæгыл нæ, фæлæ ма стыр æгъдауджын, фендджын лæгыл. Нæ уарзта æнæгъдау митæ, гуыбындзæл æмæ фыднозтгæнджыты. Арæх, дам-иу, æмбæлд Лехурагомы цæрджытимæ, разæнгард сæ кодта ахуырмæ. Сывæллæттæй лæмæгъ чи ахуыр кодта, стæй йæ бон скъоламæ цæуын кæмæн нæ уыд, уыдонмæ та цыд сæ хæдзæрттæм æмæ сын уым амыдта кæсын æмæ фыссын.

Куыд дзырдтой, афтæмæй Арсен канд сывæллæтты хæлар нæ уыд. Уымæн æнгом бастдзинад уыд куыд комбæсты фæсивæдимæ, афтæ ацæргæтимæ дæр. Алкæимæдæр ардта иумæйаг æвзаг, раст цыма се ‘ввахс хион , кæнæ хæлар уыд, афтæ. Æмæ комбæсты адæм дæр йæ алыварс æмбырд кодтой. Фыссæг æнæкæсгæйæ зыдта Нарты кадджыты æмæ сæ-иу арæх дзырдта цæрджытæн. Бирæтæ Нарты кадджыты сæ зæрдæтæм афтæ арф айстой æмæ сæ уыдон дæр базыдтой æнæкæсгæйæ дзурын. Ме ‘рвад Мæргъиты Ило ахуыргонд лæг нæ уыд, фæлæ Нарты кадджыты зыдта æнæкæсгæйæ.  Уый-иу дзырдта, зæгъгæ, дам, сæ Арсенæй базыдтон. Иломæ цалдæр хатты байхъуыстон æмæ сæ æз дæр бахъуыды кодтон. Уæд ахуыр кодтон 3-аг къласы. Изæры-иу фæскуыст скъоламæ æрæмбырд сты хъæуы цæрджытæ. Мæн дæр-иу акодтой уырдæм æмæ-иу сын дзырдтон Нарты кадджытæ. Уый уыд Арсены руаджы. Уый стыр фыссæг, стыр лæг уыд, æмæ йæ хъуамæ зона алы ирон адæймаг дæр, – ахæм фæдзæхстæй-иу  йæ ныхас фæцис Мæргъиты Алекси.

Цыбыртæй фыссæджы биографийæ

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырдис 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, амардис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.

Коцойты Арсен нымад у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл. Фараст азы йыл куы цыдис, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз библиотекæ, æмæ лæппу фæгæрз ис чингуытæ кæсыныл. Скъолайы фæстæ бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йе ‘нæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæцис семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон æрмæджытæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын райдыдтой мыхуыры цæуын. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр кодтой алыхуызон газеттæ æмæ журналтæ Тбилисы (Калачы), Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх фæсномыгæй: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.

1910-æм азы уалдзæджы Арсен ирон æвзагыл Тбилисы уагъта æрвылкъуырион журнал «Æфсир». Уый уыдис дыккаг ирон журнал. «Æфсир»-æй рацыд æрмæст 14 номыры, фæлæ ацы журнал стыр ахъаз фæцис ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсир»-ы фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл. «Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен ацыд Бетъырбухмæ. Куыста  газет «Правда»-йы корректорæй…

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд «Кады нысан»-ы орденæй. Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны уынгтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ