РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон   комитеты пресс-центрмæ хуынд æрцыдысты гуырдзиаг-ирон хæсты фæмардуæвджыты хъайтарты бинонтæн æххуысы фонд «Память»-ы сæрдар Тедеты Зæринæ æмæ хæсты фæцæфуæвæг лæппуты æххуысы фонды президент Плиты Мадинæ.

«Мæнæн хæст мæ царды уæззау фæд ныууагъта. Ереды хъæуы удæгасæй цы 12 нæлгоймаджы баныгæдтой, уыдонæй иу уыд мæ цардæмбал. Фонд сырæзт 2005 азы æмæ йæ саразыны нысан уыд фæмардуæвæг лæппутæн цы бинонтæ баззад, уыдонæн æххуыс кæнын. Афтæ ма рæзгæ фæлтæры райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн  чи æрхаста, уыцы хъайтарты нæмттимæ зонгæ кæнын. Фидæны фæлтæртæ хъуамæ зоной æмæ аккаг аргъ кæной, фæмардуæвджытæн», – дзырдта Тедеты Зæринæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй бонæй-бонмæ махæй дарддæр кæнынц хæсты азтæ. 2008 азы хæсты уæззау бонты фæстæ 1-æм сентябры фыццаг къласмæ чи бацыд, уыдон  уыдысты ацы азы рауагъдонтæ. Кæд нырма чысылтæ уыдысты, уæддæр æвдисæн систы уæззау тугкалæн хæстæн, хæстон цаутæн. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ фесæфтой сæ бинонтæй кæйдæрты. Уыцы хæсты фæстиуæгæн сидзæртæй кæй сывæллæттæ баззадысты, уыдон мах æнæхъусдардæй нæ уадзæм. Æрвылаз дæр ахæм сидзæртæн сентябры мæймæ хицауад рахицæн кæны æхцайы фæрæзтæ, цæмæй сæхи скъоламæ бацæттæ кæной.

Тедеты чызджы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ фонды регистраци ис 7674 фæмардуæвæджы. Уыдонæй 542 сты 1989-1990 азты чи фæмард, ахæмтæ, иннæ 132 адæймаджы та – 2008 азы чи фæмард, уыдон. Фæлæ фонды сæрдар куыд зæгъы, афтæмæй нырма дæр бирæ ис, дæрддзæф районтæй сæхи чи не срегистраци кодтой,  фæмардуæвджыты ахæм бинонтæ.

Цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыцы категорийы фæмардуæвæг бинонтæй рады лæууыд 70 адæймаджы. Уыдонæй фатертæ лæвæрд æрцыд 15 бинонтæн. «Нырма дæр бирæ ис, чи тыхсы, ахæм бинонтæ æмæ мах архайдзыстæм уыдоны иууылдæр цæрæнуатæй сифтонг кæныныл. Уыцы хъуыдыйы фарс у нæ республикæйы къухдариуæгад дæр», – загъта фонды хистæр.

1989-2008 азты хæсты фæцæфуæвæг лæппуты æххуысы фонды президент Плиты Мадинæ дæр радзырдта йæ фонды архайды фæдыл.

«Абон нæ фонды сконды цы лæппутæ ис, уыдон Хуссар Ирыстоны æрцæугæ хæстон архайд-тытæй дарддæр хайад истой Афганистан, Мæхъæл, Абхаз æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы. Уыдон иууылдæр сты хъайтартæ – цæмæй сæ Райгуырæн бæстæйæн скад кодтаиккой, уый тыххæй ацыдысты уыцы республикæтæм дæр тох кæнынмæ. Куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы, афтæ ныры дуджы дæр Райгуырæн бæстæйы хъæуы патриоттæ, иузæрдион адæм, уымæн æмæ мах нырма дæр хъæуы тыхтæ нæ бæстæйы рæсугъд фидæн саразыны фæдыл. Цавæр фидæн уыдзæн нæ æрыгон республикæйæн уый та у нæ лæппуты арæхстдзинадæй кæнгæ», – дзырдта Плиты Мадинæ.

Уый ма загъта нæ Райгуырæн бæстæ – Хуссар Ирыстон хъахъхъæнгæйæ ирон лæппутимæ иумæ кæй фæмард сты бирæ уæрæсейаг æфсæддонтæ дæр. Уыдон нæмттæ дæр, зæгъгæ, нæ историйы фыст æрцыдысты, куыд Ирыстоны хъайтартæ, афтæ.  Фонды æрвылаз дæр 8-æм августы уагъд æрцæуы 1989 азæй нырмæ Хуссар Ирыстоны чи фæмард, уыдон нæмттæ æрымысыны тыххæй мадзал. Тымбыл фынгмæ хуынд æрцæуынц уыцы цауты иууыл активон хайад цы лæппутæ истой æмæ уый фæстиуæгæн инвалидтæй чи баззад, уыдон. Уый фæстæ ацæуынц хъайтар-тæн цыртытæ æвæрд кæм æрцыд, уырдæм æмæ сыл сæвæрынц  дидинджытæ.

Плиты Мадинæ ма радзырдта хæцæг лæппутæ хицауадæй рох кæй не сты, æрвылаз дæр хæстон архайдтыты уæлдай хъайтардзинад чи равдыста, уыдонæй 4-5 адæймаджы хорзæхджын æрцæуынц майдантæй, Кады грамотæтæй.

Фонды президент куыд загъта, афтæмæй фыццаг рады уыдон æххуыс кæнынц, уæззау цæфтæ чи фесты æмæ се ‘нæниздзинад æвæстиатæй фæхуыздæркæнинаг кæмæн у, уыдонæн. Ахæмты арвитынц улæфынмæ курортмæ. Æрæджы 5 инвалиды æрæздæхтысты улæфынæй. Уыдон баулæфыдысты Цæгат Ирыстоны Урс доны, «Сосновая роща» æмæ «Тамиск»-ы. Ацы бонты та улæфынмæ афæндараст кодтой æхсæз лæппуйы.

Плиты Мадинæ журналисттæн радзырдта, фонд куы сырæзт 2005 азы, уæдæй фæстæмæ Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрады стыр хъусдарды бын кæй сты. Уæлдай бузныг загъта Бибылты Анатолийæн æрæджы цæф лæппутæй дыууæйæн протезтæ аразынæн кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Хæсты фæцæфуæвæг лæппуты фонды  хыгъды ныртæккæ ис 197 адæймаджы. Плиты чызг стыр хъыгзæрдæйæ фехъусын кодта фæстаг азты уыдонæй 8 лæппуйы кæй фæхъуыдысты.

Цæрæнуатæй уыдон ацы аз сифтонг кодтой 11 бинонты, фæлæ цæрæнуаты уавæртæ хуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыцы номхыгъды ис 60 адæймаджы бæрц.

    УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.