Социалистон куысты Хъæбатыр, ихсæттæг нау “Арктикæ”-йы капитан, не ‘мбæстаг Кучиты Юрийы кой чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг зын ссарæн ис нæ республикæйы.

Зындгонд у, Кучийы-фырт æмæ йæ цардæмбалы мард буæртты æрт-хутæг денджызы кæй ауагътой, уый дæр.

Фæлæ мæн фæнды газеткæсджытæн Юрийы бинонты тыххæй радзурын.

Юрийы хæрæфырт, Цæгат Ирыстоны Октябрыхъæуы цæрæг, 69-аздзыд Туаты-Елбачиты Ларисæ мын афтæ радзырдта:

– Мæ мадыфсымæр мæ бирæ уарзта. Ирыстонмæ-иу куы ‘рцыд, уæд ын фæрныг фысым уыдыстæм. Йæ уд, йæ дзæцц та уыд Хуссар Ирыстоны  Дзауы комы баулæфын. Тынг æй рæвдыдтой Хуссар Иры уæды разамонджытæ.

Юри хæларæй цард Горæтгæрон районы раздæры сæргълæууæг, дзæнæттаг Тедеты Павелимæ дæр. Санкт-Петербургæй-иу куы ‘рцыд, уæд-иу æнæмæнг фембæлд Павелимæ.

Юри Нары хъæуккаг Хетæгкаты хæрæфырт уыд. Йæ мад Любæ зонгæ уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг, йе ‘рвад Къостаимæ.

100 азы размæ, Юри куы райгуырд, уæд Нары приходы сауджынæй куыста йæ мадыфсымæр Лади – Цæгат Ирыстоны Хицауады раздæры сæрдар, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Сергейы фыдыфыд. Лади зæйласт фæцис. Юри-иу йæ кой арæх кодта, æхсызгонæй йæ мысыд.

Стыр аргъ кодта мæ фыд Маркæн дæр. Уый дæр уыд дардленкгæнæг науы командир. Юрийæн йæ цардæмбал Неля Питерæй уыд, куыста денджызон науы хицауæй, кæд æм журналисты дæсныйад уыд, уæддæр. Хорз хъомыл кодтой се ‘ртæ кæстæры – чызг æмæ дыууæ лæппуйы. Юрий-иу бирæ рæстæг хæдзары нæ уыд æмæ къонайы уæз фылдæр Неляйыл æнцад.

Сæ хистæр лæппу Михал Австралимæ раджы ацыд, уым цæры, у физик, профессор. Юрийы иннæ кæстæртæ Сергей æмæ Таня фаззæттæ сты. Дыууæйæ дæр Питеры цæрынц. Ис сын бинонтæ, кæстæртæ.

Ирон æгъдау, ирон æвзаг, ирон фарн – уыдон уыдысты мæ мадыфсымæр Юрийы хъахъхъæнинаг бæллицтæ дæр, æмæ тырныдта сæ зонынмæ, ахуыр сæ кодта. Къостайы загъдау, куыд уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг – ууыл-иу хъуыды æмæ сагъæс кодта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг арæх мæ зæрдыл æрбалæууы Юри. Мæнæн стыр ныфс уыди, бирæ йæ уарзтон. Фæлæ… æнæмæлгæ дуне нæй.

ГАССИТЫ Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.