РЕСПУБЛИКÆЙЫ НÆЛГОЙМÆГТÆ ХАЙАД РАЙСДЗЫСТЫ ÆФСÆДДОН АХУЫРТЫ

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ Æлборты Игорь, Пухаты Владимир æмæ Гобозты Инал фембæлдысты журналисттимæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры.

Сæрмагонд скондимæ кусыны фæдыл Хъахъхъæнынады министры хæдивæг, булкъон Æлборты Игорь куыд фехъусын кодта, афтæмæй Республикæйы Хъахъхъæнынады министрад уадзы рæстæгмæ мобилизацион æмбырдтæ (сборы), республикæйы районтæ æмæ горæтты нæлгоймæгтæй 50 азы онг кæуыл цæуы æмæ æфсæддон къамисариаты хыгъды чи лæууы, уыдон хайадистæй. Уыдон райдайдзысты 12 августы æмæ аххæсдзысты 22 августмæ. Æмбырдты рæстæ-джы æмбæстæгтæ ахуыр кæндзысты хæстон цæттæ-дзинад Хъахъхъæнынады министрады полигоны.

«Æвзонг лæппу æфсады куы баслужбæ кæна, уый фæстæ регистраци цæуы æфсæддон къамисариаты. Уый фæстæ рæстæгæй-рæстæгмæ, зæгъæм, фондз азæй фондз азмæ кæнæ та дæс азæй дæс азмæ уымæ æрсидынц æфсæддон ахуырты хайад райсыны тыххæй», – бамбарын кодта Æлборты Игорь æмæ æрсидт, æмбæлон гæххæттытæ чи райста, республи-кæйы уыцы æмбæстæгтæм, цæмæй банысангонд рæстæджы æрбацæуой банысангонд бынатмæ æфсæддон ахуырты хайад райсыны нысанæн.

Булкъон куыд загъта, афтæмæй æмбæстæгты хайадистæй æфсæддон ахуыртæ уагъд цæуынц РХИ-йы Президенты барамындмæ гæсгæ.

САБЫРАД ДÆ КУЫ ХЪÆУА, УÆД ДÆХИ ЦÆТТÆ КÆН ХÆСТМÆ

Æлборты Игорь радзырдта 2008 азы хæсты Хъахъхъæнынады министрады архайды тыххæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, гуырдзы кæй æрбабырстаик-кой, уый зындгонд уыд, фæлæ хæст кæд райдыдтаид, уый тыххæй дырысæй ницы бæрæг уыд.

«Махмæ нæ уыд дырыс информаци, хæст кæд райдыдтаид, уый тыххæй, фæлæ ис ахæм раст æмæ зонд-джын ныхæстæ, зæгъгæ, дæ «сабырдзинад куы хъæуа, уæд дæхи цæттæ кæн хæстмæ» æмæ махæн дæр нæ хæс уыд цæттæ уæвын», – банысан кодта Æлборты Игорь.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй гуырдзиæгтæ арæн-гæрæтты постытæ куы сæвæрдтой æмæ алыгъуызон провокацион акцитæ куы арæзтой, уымæй дæр бæрæг уыд, хæст кæй райдайдзæн.

«Алчи дæр хъуыды кæны Гуырдзыстоны уæды президент Михаил Саакашвилийы ныхæстæ, зæгъгæ, хæст нæ уыдзæн. Фæлæ ахæм адæймаджы ныхæстыл æууæндæн кæй нæ уыд, уый æмбæрстам æмæ цæттæ уыдыстæм æвзæрдæр цаутæм», – банысан кодта министры хæдивæг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фыццаг хæстон архайд-тытæ райдыдтой 1-2 августы. Уæд гуырдзиаг снайпертæ æхстой хуссарирыстойнаг постты. Уыцы æхстыты рæс-тæджы снайперты нæмыгæй фæмард сты цалдæр хæстон лæппуйы.

Æлборты Игорь радзырдта, æхсæнады ‘хсæн цы дезинформаци парахат чындæуыд, уый тыххæй дæр.

«Цæмæй хуссарирыстойнаг адæмы фæтæрсын кæной æмæ сын сæ ныфс асæттой, уый тыххæй уыцы рæстæджы гуырдзиаг фарс парахат кодта ахæм дезинформаци, ома, дам, Хуссар Ирыстоны Президент æмæ хæстон командиртæ удæгас нал сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах уыцы дам-думтæ парахат кæнын нæ уагътам, уымæн æмæ нын бастдзинад уыд хæстон командиртæй алкæимæ дæр.

Куыд удæгас тых, афтæ хæстон техникæ дæр знагмæ фылдæр уыд, фæлæ мах бафæрæзтам сæ ныхмæ фæлæууын, уымæн æмæ уый уыд нæ ахсджиаг хæс», – дзырдта булкъон.

НÆ СÆЙРАГ ХÆСЫЛ НЫМАДТАМ РАЙГУЫРÆН ЗÆХХ БАХЪАХЪХЪÆНЫН

«Бирæтæн, уыцы нымæцы мæнæн дæр мæ бинон-тæ, хæстæджытæ горæты уыдысты. Нæ фæстæ уы-дысты нæ хиуæттæ, æввахс адæм, нæ райгуырæн бæстæ æмæ алчи дæр йæ сæйрагдæр хæсыл нымадта нæ республикæйы арæнгæрон территоритæ знагæй бахъахъхъæнын. Уый уыд нæ сæйраг стимул», – банысан кодта Æлборы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг лæппуты хъæбатырдзинады тыххæй бирæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн.

«Мах сбæрæг кодтам, нæ позицитæ нын кæцæй æхстой, уыцы бынæтты æмæ сæ куынæг кодтам, кæд нæм нæ уыд, знагмæ цы тыхтæ æмæ фæрæзтæ уыд, уый,  уæддæр», – дзырдта Æлборты Игорь.

Уый банысан кодта нæ лæппуты хъæбатырдзинад, уыцы нымæцы Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты сгуыхтдзинæдтæ дæр, кæцытæ æртæ   хатты фæстæмæ аппæрстой знаджы тыхты.

«Нæ развæдсгарæн батальон уыд Цхинвалы æхсæзæм скъолайы районы. Уыцы рæстæджы горæты центрмæ бахæццæ сты гуырдзиаг танктæ. Уыдонæй фыццаг танк спырх кодта Ходты Руслан, уый фæстæ алыгъд уынджы иннæ фарсмæ æмæ æхсын райдыдта дыккаг танчы дæр», – загъта булкъон æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ахæм хъæйтарон эпизодтæ бирæ уыд.

ЗНАГ ФÆНД КОДТА ХУССАР ИРЫСТОНÆЙ СЫГЪДÆГ БЫДЫР САРАЗЫН

2008 азы августы хæсты тыххæй раныхас кодта Хъахъхъæнынады министрады минæвар Пухаты Владимир дæр.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй гуырдзиæгтæ сæ хæстон операци «Сыгъдæг быдыр» кæй схуыдтой, уый дæр дзурæг уыд, гуырдзиаг агрессор Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæнынмæ кæй тырны æмæ йын йæ территорийæ сыгъдæг быдыр саразынвæнд кæй кæны. Фæлæ нæ лæппутæ хъæбатырдзинад æмæ фидар удыхъæд равдисгæйæ, знагæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн бæстæ, æмæ кæд знаг хуыздæр гæрзифтонг уыд, уæддæр ын бафæрæзтой.

«Æвæццæгæн, йæ адæм бахъахъхъæныны тыххæй адæймаг йæ цард дæттынмæ цæттæ куы вæййы, уæд ын Хуыцау дæр баххуыс кæны. Афтæ дæр уыд, кæд хæсты нæ адæмæй бирæты фесæфтам, уæддæр», – дзырдта министрады минæвар.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта, 2008 азы августы Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæнынмæ чи æрцыд, уыдоны адресыл. Уыцы тугкалæн хæсты иууыл стырдæр æххуыс райстам Уæрæсейы Федерацийæ.

Министрады минæвар банысан кодта, 2008 азы хæсты рæстæджы Цæгат Ирыстонæй цы бархионтæ æрцыд, уыдоны хъæбатырдзинад дæр.

«Цæгат Ирыстонæй – Ногирæй, Сунжæйæ, Дзæуджыхъæуæй нæм æххуысмæ æрцыдысты не фсымæртæ. Уыдонæй иу – Æгъуызарты Аслан хъæбатырæй фæмард æхсæзæм скъолайы кæрты», – загъта Пухайы фырт. 

Пухаты Владимир бузныджы ныхæстæ загъта, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны охыл сæ удтыл æнæ ауæрдгæйæ чи тох кодта, уыцы бархионтæн дæр.

«Хæстон адæймагæн йæ хæс у йæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын, фæлæ æндæр хъуыддаг у, хуымæтæг адæймаг, кæцы рæстмæ нæ зоны хæцæнгарзимæ архайын дæр, патриотизмы фидар æнкъарæнтимæ хæстмæ куы фæцæуы», – банысан кодта Пухаты Владимир.

Уый ма радзырдта, Гуырдзыстон цы хæстон ахуыртæ уадзы, уыдоны тыххæй дæр. Банысан кодта, зæгъгæ, кæд Гуырдзыстон раздæр æфсæддон ахуыртæ уагъта хи хъахъхъæныны нысанæн, уæд ныр та сæхи цæттæ кæнынц хæстон размæбырстмæ. Цæттæ та сæ кæнынц НАТО-йы бæстæты инструктортæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд иуæндæс азы рацыд августы хæстæй, уæддæр Гуырдзыстонæн ис реваншистон зæрдæйы уаг, кæцы здæхт у йæ «территориалон æнæхъæндзинад» сæндидзын кæнынмæ.

«Абон махæн стыр ныфс сты æфсы-мæрон Уæрæсе, йæ Гарзджын тыхтæ. Гуырдзыстонæн дæр фарсхæцджытæ ис НАТО-йы бæстæты æрдыгæй. Мах цæттæ хъуамæ уæм æппæтмæ дæр,  цы реформæтæ уагъд цæуы, уыдонмæ гæсгæ хъуамæ фидар кæнæм не ‘фсады, нæхи ма хъуамæ æрлæмæгъ кæнæм», – банысан кодта Пухаты Владимир.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны Хъахъ-хъæнынады министрады минæвар Гобозты Инал та журналисттæн радзырдта 2008 азы августы хæсты хронологийы æмæ фыццаг уды зиæнтты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 7-æм августæй 8-æм августы æхсæв гуырдзиæгты артиллерион æхстыты фæстиуæгæн фæмард 55 адæймаджы, 80 адæймаджы та цæфтæ фесты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, знаджы агрессийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстон фесæфта бирæ хъæбатыр лæппуты, кæцыты сгуыхтдзинад никуы ферох кæндзæн республикæ.                              

ОСИАТЫ Индирæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.