Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Плиты Агуындæйы æмæ æрныхас кодтой Мæскуымæ йæ кусæгон балцы хатдзæгтыл.

Плиты Агуындæ загъта, зæгъгæ, 24 январы фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны разамынадимæ Михаил Мурашкойы сæргълæудæй.

«Фембæлды уæрæссейаг фарсæрдыгæй уыдысты ведомствойы сæргълæууæг Михаил Мурашко, йæ хæдивæг Виктор Фисенко, афтæ ма министрады сæйрагдæр департаментты ди-ректортæ. Фембæлды цы фарстатыл æруынаффæ кодтам, уыдон актуалон уыдысты куыд хуссарирыстойнаг, афтæ уæрæсейаг фарсæн дæр. Фыццаджыдæр, 2019-2022 азты æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы модернизацийы фæдыл мадзæлтты план куыд сæххæст, уый», – загъта уый.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, 2022 азы цы мадзæлттæ нысан æрцыдысты, уыдон сæх-хæст кæнын къухты нæ бафтыд.

Плиты чызджы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ хъæуы бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæнын æмæ хицæн цухдзинæдтæ рараст кæнын, ома, цæрджыты гъæдджын медицинон æххуысæй сифтонг кæнын.

«Нæ разы цы хæстæ æвæрд ис, уыдон сты уæвæг медицинон организациты хызæгтæй эффективонæй æмæ рационалон æгъдауæй спайда кæнын. Æнæмæнгхъæуæг у æнæниздзинад хъахъхъæныны инфраструктурæйы дарддæр реформæ ауадзын æмæ йæ цæрджыты нымæц æмæ скондмæ гæсгæ æркæнын», – банысан кодта уый.

Куыд ма загъта, афтæмæй, республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады сæргълæууæджы бынаты йæ къухты кæй бафтыд дæлведомствæйон организациты 40 штатон иуæджы соптимизаци кæнын.

«Уæрæсейы Федерацийы казначействойы басгæрсты Акты цы фæткхалæн нысан æрцыд, уый у штатон бынæтты нымæц фæллойады за-къондæттынадмæ гæсгæ æркæнын. Махæн бантыст нæ дæлведомствæйон организациты штатон нымæц соптимизаци кæнын. Куыстмызды фонды экономи уыд 5 милуан сомы мæйы дæргъы. Мах дарддæр дæр кусæм ацы здæхты», – загъта министр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт дæр арæзт цæудзæн, кусджытæн æмæ организацитæн зиан не ‘рхæсгæйæ.

Министр ма загъта, зæгъгæ, хъæуы аиуварс кæнын, Акты цы фæткхалæнтæ нысан æрцыдысты, уыдон. Иуварс куынæ æрцæуой уæд махæн нæ бон нæ бауыдзæн æрæвналын ног хæстæ æмæ плæнттæ реализаци кæнынмæ.

«Ацы фæткхалæнтæ аиуварс кæнын æмæ раздæры химæрайсгæ хæстæ сæххæст кæнын сты нæ сæйраг хæс», – загъта уый.

Президент банысан кодта, ацы проблемæ æнæмæнгæй кæй хъæуы аскъуыддзаг кæнын.

«Акты цы фæткхалæнтæ нысан æрцыд, уыдон хъуыд 2021 азы кæронмæ рараст кæнын. Сæвзæрд ахæм уавæр, æмæ иуæй-иу уынаффæтæ, кæцыты мах ныр хъæуы райсын, нæ бон нæу ацы æнæскъуыддзаг проблемæты тыххæй. Æз уынын, конкретон ивындзинæдтæ кæй ис, мах сыл арæх æрдзурæм. Фæлæ хъæуы, Хуссар Ирыстон йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон сæххæст кæнын. Хъуыддаг у зын, фæлæ ацы проблемæ æнæмæнгæй аскъуыддзаг кæнын хъæуы. Мах æй хорз æмбарæм, цыфæнды реформæ дæр зынтæй фæцæуы, фæлæ мах хъуамæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ биноныгæй æрæвналæм», – загъта уый.

Гаглойты Алан ма бацымыдис кодта, хуссарирыстойнаг дохтырты квалификаци фæбæр-зонддæр кæныны фарст цахæм стадийы ис, уымæ.

Плиты Агуындæ фехъусын кодта, ацы фарстыл кæй сразы сты уæрæссейаг коллегæтæ.

«Ацы фарсты фæдыл дæр бадзырдтам.  Мах бацæттæ кодтам Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны сæргълæууæджы номыл фыстæджытæ нæ республикæмæ дохтыртæ-специалистты къорд æрвитыны фæдыл республикæйы цæрджытæн практикон медицинон æххуыс бакæныны тыххæй, афтæ ма ахуыргæнæн мадзæлттæ ауадзын нæ медицинон организациты кусджытæн хицæн сæйрагдæр здæхтыты фæдыл, сæйраджыдæр, акушерство æмæ гинекологи, онкологи, урологи æмæ сывæллæтты кардиологи», – загъта уый.

Банысан æрцыд, уæрæсейаг дохтырты-специалистты кусæгон къорд Хуссар Ирыстонмæ æрвыст кæй æрцæудзæн ацы аз марты мæйы.

Министр ма банысан кодта, фыстæг æрвыст кæй æрцыд Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ финансон планкæнынад æмæ бухгалтерон хыгъды, паддзахадон æлхæдтытæ æмæ хосты ифтонгад, техникон ифтонгад сорганизаци кæныны фæдыл специалистты къорд æрæрвитыны тыххæй.

Уыимæ иумæ, Плиты Агуындæ загъта, Мæскуыйы фембæлды рæстæджы кæй бахатыд уæрæсейаг коллегæтæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны баиу кæной телемедицинон консультацитæм æмæ пациенттæ консультацитæ исой вазыгджын клиникон уавæрты рæстæджы.

Фембæлды кæрон ма министр фехъусын кодта, хуссарирыстойнаг фарс сæ фæндæттæ кæй загътой уæрæсейаг коллегæтæн.

«Хуссарирыстойнаг фарс банысан кодта медицинон ифтонггæрзты техникон ифтонгад сорганизаци кæнын, тагъд медицинон æххуысы 16 машинæйы самал кæнын, магнитон-резонансон томограф, цæугæ нымæцон флюорограф, афтæ ма медицинон туаггуыры концентрат балхæнын», – загъта уый.

Афтæ ма банысан кодта, æппæт загъдгонд фæндæттæ реализаци кæй æрцæудзысты æрмæстдæр уæд, кæд æмæ 2021 азы æххæст чи не ‘рцыдысты, уыдон скъуыддзаг æрцæуой.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.