Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл 30 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм æрцыдысты нæ республикæйы хæлар республикæтæй уазджытæ.

Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбеджы. Бæстæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг депутатæн, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм йæ хъус лæмбынæг кæй дары, уый тыххæй, банысан ма кодта дыууæ паддзахады ‘хсæн хæларадон ахастытæм йæ уæзгæ хайбавæрд дæр.

 «Мах бузныг стæм Уæрæсейæ йæ аудындзинад æмæ æххуысы тыххæй. Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадимæ мæ фембæлды уынаффæ кодтам нæ республикæйы куыстмыздты фæфылдæр кæныны, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы реализацийы фарстатыл, кæцытæ ныридæгæн реализацигонд цæуынц нæ республикæйы», – загъта Бибылты Анатоли.

Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта дыууæ паддзахады закъондæттæг органты æнгом бастдзинад дæр, кæцытæ ахъаз сты нæ республикæйы стабилондзинадæн æмæ закъондæттæг органы фæтыхджындæр кæнынæн.

Йæ рады Тайсауты Хъазбег бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн æмæ республикæйы адæмæн, банысан кодта республикæйы позитивон ивындзинæдтæ æмæ УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн æнгом ахастытæ.

Фембæлды кæрон Тайсауты Хъазбег Президентæн радта УФ-йы Паддзахадон Думæйы къухдариуæгады номæй зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Бибылты Анатоли фембæлд РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Александр Мачнев æмæ йæ хæдивæг Кучиты Гаррийыл дæр. Хуссар Ирыстоны æрдыгæй  фембæлды хайад райста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан дæр.

Президент «æгас цу» зæгъгæйæ, бахатыд уазджытæм, цæмæй бузныджы ныхæстæ зæ-гъой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, дыууæ республикæйы ‘хсæн æнгом æмахастыты тыххæй. Уыимæ иумæ банысан кодта Хуссар Ирыстонæн Цæгат Ирыстоны æгæрон æххуыс, кæцы, йæ ныхæстæм гæсгæ, никуы ферох кæндзысты хуссайраг ирæттæ.

 Бибылты Анатоли уазджытæн радзырдта бæрæгбоны нысаниуæджы, 2008 азы хæсты Уæрæсейы æххуысы æмæ абоны бон РХИ-йы æдасдзинадæн уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы  æххуысы тыххæй.

Йæ рады Алексей Мачнев бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, бæрæгбонон мадзалмæ сæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй æмæ Цæгат Ирыстонмæ йæ хъарм ахасты тыххæй. Уыимæ иумæ бæрæгбоны цытæн  раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн, загъта сын æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ хæрзиуæгон царды фæндиæгтæ.

Президент йæхимæ райста Краснодары горæтон Думæйы депутат, 1990-1992 азты Хуссар Ирыстоны вертолетон полчы командир, нæ республикæйы цытджын æмбæстаг Алексей Востриковы. Фембæлды хайад райста РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Медойты Димитр.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Востриковæн, Хуссар Ирыстоны йæ службæйы рæстæджы нæ адæмы фервæзын кæныны нысанæн агрессоры ныхмæ йæ архайды тыххæй. Банысан кодта Хуссар Ирыстоны адæм ын йæ лæггæдтæ кæй никуы ферох кæндзысты, кæй йæ уарзынц æмæ йын кæй цыт кæнынц, уый.

Алексей Востриков радзырдта, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды азтæ йæ царды иууыл зындæр кæй уыдысты æмæ сæ кæй никуы ферох кæндзæн, уый тыххæй. Банысан ма кодта тынг æхсызгон ын кæй у нæ республикæмæ æрцыд.

«Мæнæн тынг æхсызгон у, нæ бæллицтæ кæй сæххæст сты, уый, фæлæ  мын тынг хъыг у, стыр аргъæй кæй сæххæст сты», – йæ ныхасы кæрон загъта Востриков.

Бибылты Анатоли фембæлд Абхазы республикæйы вице-президент Бадра Гунбайы сæргълæудæй абхазаг делегацийы уæнгтыл.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Медойты Димитр, Уæлвæткон уавæрты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæт.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, кæй æрцыдысты æмæ нæ республикæйы бæрæгбоны хайад кæй исынц, уый тыххæй. Афтæ ма банысан кодта Абхаз нын æфсымæрон республикæ кæй у, æмæ уæззау азы иумæ кæй уыдыстæм, уый.

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй сæ ногдæр историйы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сты фаззон æфсымæрты хуызæн, уымæн æмæ Гуырдзыстоны хицауиуæгад дыууæ республикæмæ дæр æмхуызон цæстæй каст. Президент параллелтæ сарæзта дыууæ республикæйы æддагполитикон æмæ социалон-экономикон фадгуыты активон рæзтæн. Радзырдта ирон адæмы 30-азон хъизæмæртты тыххæй.

Бадра Гунба бузныг загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн, цытджын бæ-рæгбонмæ йæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй, радзырдта дыууæ республикæйы хæсты зын-дзинæдты тыххæй, афтæ ма банысан кодта дыууæ республикæйы историйы уæлахизтæ дæр, кæцытæ «нæ адæмтæн дæттынц цæрыны æмæ фидæнмæ ныфсимæ æнхъæлмæ кæсыны фадат».

Бадра Гунба Абхазы Президент Аслан Бжанияйы номæй бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæмæн, загъта сын дидинæфтыд æмæ сабы-рады фæндиæгтæ. Уый фæстæ фæхуыдта Би-былты Анатолийы Абхазы Уæлахизы боны бæрæгбонмæ.

Абхазаг фарсæй фембæлды хайад райста Хуссар Ирыстоны Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Бибылты Анатоли йæхимæ райста Донецкы делегацийы, кæцыйы сæргъ лæууыд Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Владимир Бидевка.

Президент бузныг загъта донецкаг уазджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ бæрæгбонмæ кæй æрцыдысты, уый сæраппонд. Уазджытæн радзырдта ирон адæмы фидар удыхъæды тыххæй, уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, алы ирон дæр сæрыстыр у, бирæ хъизæмæрттæн бафæразгæйæ кæй сæххæст йе ‘нусон бæллиц – хæдбардзинад.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта ДАР-ы Президент Денис Пушилины адресыл, Хуссар Ирыстонæн кæй æххуыс кæны, уый тых-хæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ,  уымæн æвдисæн у гуманитарон æххуыс медикаментты хуызы.

Президент катайдзинад равдыста ДАР-мæ  киеваг хицауиуæгады ахасты тыххæй. Банысан кодта, Украинæ йæхимæ райсгæ хæстæ кæй не ‘ххæст кæны, уый Донецкы республикæйы æндыгъддзинадмæ кæй æркодта. Уыимæ иумæ сын загъта уæлахизы фæндиæгтæ.

Йæ рады Владимир Бидевка  бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, йæ фæхуынды æмæ зæрдиаг химæрайсты тыххæй. Банысан кодта хæдбардзинады тыххæй хуссайраг ирæтты удуæлдай тох.

Владимир Бидевка Донецкы республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилины номæй раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн, банысан кодта, зæгъгæ, ДАР-йы адæм нæ рох кæнынц, 2014 азы сæм Хуссар Ирыстон æххуысмæ кæй ацыд, уый.

Бибылты Анатоли фембæлд Луганскы Адæмон Республикæйæ æрцæуæг уазджытыл дæр. Хуссарирыстойнаг фарсæй фембæлды хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты минист-ры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Медойты Димитр.

ЛАР-йы æрдыгæй химæрайсты хайад райстой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владислав Дайнего, ЛАР-ы Адæмон Советы Æхсæнадæмон ахастыты, бастдзинады, информацион политикæ æмæ дзыллон коммуникациты фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Денис Колесников æмæ йе ‘ххуысгæнæг Юлия Решетняк.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ махимæ иумæ бæрæгбоныл кæй цин кæнынц, уый сæраппонд, æмæ сын радзырдта 1989-2008 азты хуссайраг ирæттæ хæдбардзинады тыххæй сæ разы цы хæстæ æвæрдтой æмæ сæ куыд æххæст кодтой, уыдæтты тыххæй. Уыимæ банысан кодта, абоны бон нæ сабитæ кæй нал схъиуынц бомбæтæ æмæ снарядты гуыппытæй, кæй ахуыр кæнынц сабыр арвы бын. Уазджытæн ныфс бавæрдта Хуссар Ирыстон æппæт фадгуыты дæр цæттæ кæй у Луганскы республикæимæ æмгуыст кæнынмæ.

Президент бахахх кодта куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Луганскы республикæйы адæмы къухы дæр кæй бафтдзæн хæдбардзинад.

Йæ рады Владислав Дайнего раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн бæрæгбоны цытæн. Бузныг сын загъта, Луганскы республикæйы хæдбардзинад кæй банымадтой, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.