Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады делегацийы Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Беслан Цвижбайы сæргълæудæй. Уыдон горæт Цхинвалмæ æрцыдысты, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн цы бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цæудзысты, уым хайад райсыны тыххæй.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны   Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн Хуссар Ирыстоны уагъдцæуæг бæрæгбонон мадзæлтты Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады делегацийы активон хайадисты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад æмæ уды хъæддыхдзинад.

Уæлдай хъусдард Бибылты Анатоли аздæхта, дыууæ республикæйы ‘хсæн цы æфсымæрон ахастытæ  ис, уыдонмæ.

«Æхсызгон мын у, рагæй фæстæмæ нæм цы æргъадтæ ис, уыдон кæй дарддæр кæнынц. Нæ республикæты ‘хсæн цы æмархайд ис æмæ цы сразыдзинæдтыл къухтæ фыст æрцыд, уыдонæн хъуамæ уа ахæм тых, кæцы зынгæбæрцæй хъуамæ урома нæ иумæйаг знаджы ахæм æнæхъола къахдзæфтæй, кæцытæ арæзт æрцыдысты 1990-æм азты æмæ 2008 азы. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад цæттæ у æмархайдмæ æппæт здæхтыты æмæ ахæм къахдзæфтæ аразын, кæцытæ ахъаз кæндзысты нæ адæмы, нæ республикæты æнгомдзинадæн.

Абон махæн сымахимæ æмæ Уæрæсейы Федерациимæ бакуыстгонд ис иумæйаг хъахъхъæнынады фадыджы фарстыты æнæхъæн комплекс, Уæрæсейы Федерацийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы тыхон структурæты æмархайд. Ацы æфсымæрдзинад ахъаз кæны, цæмæй нæ адæм цæрой сабырад æмæ фæрныгады», – загъта Президент.

Йæхи фарсæрдыгæй, Беслан Цвижба бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн йæ хъарм райсты тыххæй, афтæ ма ныфс бавæрдта Республикæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады парадон дæлхæйттæ хайад кæй райсдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыныл 30 азы сæххæсты цытæн бæрæгбоны.

«Мах стыр æхсызгоны æнкъарæнтимæ æрцыдыстæм æфсымæрон республикæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимы фæхуындмæ гæсгæ, цæмæй хайад райсæм бæрæгбонон мадзæлтты. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын дæуæн, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты  иумæйаг архайды ног къахдзæфтæ æмæ активон хайадисты тыххæй», – загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.