Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министр Наниты Сослан йæ фыццаг кусгæ бон райдыдта Бирæпрофилон медицинон центры сывæллæтты рынчындоны инспекцион азылдæй. Йемæ ма уыд йæ уынаффæгæнæг Уæрæсейы Федерацийæ Юри Булатов. Уазджытыл фембæлд Бирæпрофилон медицинон центры директор Кокойты Маирбег. Æнæниздзинады министры цымыдис кодта, сывæллæтты реабилитацион центры цы уавæртæ ис æмæ рынчындон куыд ифтонг у ифтонггæрзтæй. Рынчындоны цы цалдæр хайады ис, уыдон ифтонг сты нырыккон ифтонггæрзтæй. Бæстыхай йæхæдæг дæр дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Ам ис бассейн, электрофорез, массажгæнæн, спортзал, кæцытæ фадат дæттынц рынчын сывæллæттæн се ‘нæниздзинад фæфидар кæнынæн. Палатæтæ сты 2-3 адæймагæн. Алкæцыйы дæр сынтæджытæ æмæ фæлмæн хуыссæнгæрзтæй дарддæр ис скъаптæ æмæ хинайæнтæ. Кæстæр кары сывæллæттæн ис уавæртæ, цæмæй ныййарджытæ ма фæтыхсой. Палатæйæ цалдæрмæ уагъд ис туаггуыры системæ. Инфекцион низтæ кæмæн сбæрæг вæййынц, уыдонæн та дзы ис хицæн бокстæ. Министр ныхас кодта сывæллæтты поликлиникæ æмæ рынчындоны хайадты сæргълæуджытимæ, цымыдис кодта ифтонг сты æви нæ æнæмæнгхъæуæг хостæй. Ныхас кодта, палатæты цы чысыл пациенттæ хуыссыд, уыдонæн сæхиимæ дæр. Уыдон иууылдæр райгонд уыдысты медперсоналы ахастæй.

Медицинон уагдоны куыст министр банымадта хорзыл. Фæлæ, зæгъгæ, мах ноджыдæр тырндзыстæм уæлдæр æм-вæзадмæ хизыныл. Материалон-техникон базæ хорз æмвæзадыл ис, фæлæ уæддæр баххæсткæнинаг у. Дуг куыд ивы, царды домæнтæ дæр  – афтæ, УФ-йы медицинæ цалдæр азы размæ ахызт интернеты техникон хуызтæй лæггад кæнынмæ. Уый фæрцы бæрæг æнцондæр у хос кæнын дохтырæн, йæ бон у пациенттæн медицинон амындтытæ дæтта интернеты тыгъдады. Уымæ гæсгæ, дам, мах дæр тырнын хъæуы ахæм æмвæзадмæ схизын.

Наниты Сослан ма куыд загъта, афтæмæй йæм бирæ фæндтæ ис. Уыдоныл нырма æргом дзурын раджы у. Фæлæ дзы раргом кодта сæ иу – июны мæйы хъуамæ уагъд æрцæуа диспансеризаци нæ республикæйы цæрæг æппæт сабитæн. «Мæхицæн цы нывæст сарæзтон куыстæн, уым сæрмагонд бынат ахсынц рæзгæ фæлтæр. Уыдон æнæниздзинад æмæ фæрныгадæн æз араздзæн æппæт дæр. Иунæг сывæллон дæр нæ баззайдзæнис æнæхъусдард. Сидзæр сывæллæттæм та уыдзæнис сæрмагонд ахаст. Уыцы нывæстытæ æххæст цæудзысты министрады ресурстыл æнцойгæнгæйæ.

Журналистты фарстатæн, ома, коронавирусы инфекцийы рæстæджы сывæллæтты реабилитацион центр ссис рынчынтæн хосгæнæн бынат, æмæ уый æвзæрырдæм бандæвта рынчындоны архайдыл. Министр афтæ сдзуапп кодта: «Фыццаджыдæр, стыр бузныг медперсоналæн, сæхиуыл кæй нæ ауæрстой æмæ афтæмæй удуæлдай куыст кæй бакодтой. Алы медицинон уагдонæн дæр йæхи спецификæ ис, кæцы дзуапп хъуамæ дæтта экстремалон уавæртæн. Дарддæр хъуыды кæнын хъæуы, ахæм ситуациты бахаугæйæ куыд хуыздæр уыдзæнис архайын. Уый нысанæн мах спайда кæндзыстæм нæхимæ æмæ ма æддаг бæстæтæм дæр цы фæлтæрддзинад фæзынд, уыдонæй».

Министр ма куыд загъта, афтæмæй ацæугæ аз сывæллæтты реабилитацион центр медицинон лæггад райстой иу мин сывæллоны, кæд æмæ рынчындоны карантин уыд, уæддæр. Дарддæр бацархайын хъæуы, цæмæй сабитæн ныхдуртæ ма уа æмæ рынчындонмæ бацæуой се ‘нæниздзинад куыд амона, афтæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.