Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста дохтыр травматолог-ортопед, къухы æнгуылдзты хирург Андрей Жигалойы, кæцы горæт Цхинвалмæ æрцыд Æхсæнадæмон медицинон конференцийы хайад райсыны тыххæй.

Уымæй уæлдай ма, Андрей Жигало йæ коллегæтимæ хуссарирыстойнаг пациенттæн къухы æнгуылдзты фадыджы æнæаргъæй  сарæзта 50 операцийæ фылдæр.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан.

Президент раарфæ кодта уазæгæн æмæ йын бузныджы ныхæстæ загъта, Хуссар Ирыстоны цы куыст кæны, уый тыххæй.

«Æз æй зонын, ды дæ специалистты къордимæ кæй басгæрстай 100 пациентæй фылдæр, сарæзтат 50 операцийæ фылдæр. Уый у тынг хорз. Дæ архайд æмæ кæрæдзиимæ æмахастытæ иумæйагæй Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадты ‘хсæн дæтты уæлæмхас импульс æнтыстджын æмгуыстадæн. Стыр бузныг дæуæн æмæ æппæт дæ коллегæтæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæхи фарсæрдыгæй, Андрей Жигало банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр фæнд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадимæ æмгуыстад кæнын.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг Андрей Жигалойы схорзæхджын кодта Хæлардзинады Орденæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.