6-æм декабрæй 13-æм декабрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 6 фæндагон-транспортон цауы. Хъыгагæн, авариты фæмардис æртæ адæймаджы, цыппарæй та уæззау цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты цыппар адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 365 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

12 декабры Цхинвал-Дзауы фæндаджы фыццæгæм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау æмæ дзы фæмард сты æртæйæ. 27-аздзыд горæттаг цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-211-4» скъæрын, рахызт йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «ВАЗ-2131» фæндагмæ, кæцыйы шофыр та разынд Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы 44-аздзыд цæрæг, æмæ йыл сæмбæлд. Аварийы фæстиуæгæн «ВАЗ-2114» шофыр, йæ бæлццон, 36-аздзыд бынæттон цæрæг, æмæ «ВАЗ-2131» бæлццон, 65-аздзыд Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы цæрæг, бынаты фæмард сты. Иннæ шофыр æмæ йæ дыууæ бæлццоны та уæззау цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Горæт Цхинвалы 51-аздзыд цæрæг Знауыры районы Бахъаты цады былыл кæсаг ахсгæйæ доны суыдта зæрдæхсайгæ предмет. Бынатмæ ссыдысты сапертæ æмæ басгæрстой тæссаг предмет, кæцы разындис танк куынæггæнæнминæ «ТМ-57». Æгæр кæй нызгæ ис æмæ срæмудзынæй тас кæй уыд, уый тыххæй йын раласæн нæ уыд æмæ йæ бынаты спырх кодтой.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны кусджытæ баурæдтой нæ горæты 40-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарадтæ «метадон» æмæ «морфин»-æй. Горæт Цхинвалы милицийы фæдагуырды кусджытæ та баурæдтой 21-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ. Уымæй уæлдай ма горæт Цхинвалы милицийы фæдагуырды кусджытæ баурæдтой 41-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы не сразы медицинон басгæрсты рацæуыныл.

Горæты милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, чидæр, горæты сæйраг уынджы уæвгæйæ, æхсæнадон фæтк халы. Бынатмæ бацыдысты милицийы кусджытæ æмæ æрцахстой фæткхалæджы, кæцы разынд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 31-аздзыд цæрæг. Барадхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.