Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Владимир Путинæн Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ официалонæй кæй бахызт, уый тыххæй.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны разамынады, адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын, Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ официалонæй кæй  бахызтæ, уый тыххæй.

2024 азы æвзæрстыты фæстиуджытæ æвдисынц диссаджы фарсхæцынад, кæцыйы фæстæ лæууынц бæстæйы раз  дæ лæггæдтæ æмæ адæмы уырнынад дæ лидерондзинадыл. Æхсæнады консолидаци, экономикæйы размæцыд ифтонг кæнын, æхсæнадæмон позицитæ размæ кæнын æмæ дунейы бæстæйы авторитет бæрзонд кæнын – æппæт уыдæттæ къухты бафтыдысты уæрæсейаг паддзахады сæргълæууæджы бынаты дæ архайды азты.

Хуссар Ирыстоны адæм, цыран дæ кандидатурæйæн схъæлæс кодтой æвзарджыты 97 проценты, дæ уæлахизимæ бæттынц сæ сомбоны фидар ныфс. Уырны нæ, дæ хайадистæй нæ паддзахадты æппæтварсон æмархайд æмæ æмгуыстад фæдфæдылонæй кæй рæздзæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Владимир Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, ног æнтыстытæ уæлдæр паддзахадон бынаты, æппæт банысангонд плæнтты реализаци, кæцытæ здæхт сты Уæрæсейы дидинæфтыдадмæ».

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.