7 майы Владимир Путинæн уыд инаугураци Уæрæсейы Федерацийы президенты бынатмæ бахизыны фæдыл. 6 азы дæргъы та Уæрæсейы сæргъ лæудзæн куырыхон æмæ хъомысджын политик. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ Путин адарддæр кæндзæн раздӕры спълангонд хъуыддæгтæ, сфидар кæндзæн Уæрæсейы позицитæ дунейы æхсæнады, фæхъæздыгдæр кæндзæн уæрæсейæгты фæрныгад. Цы саразынмæ хъавы æввахс азты Путин, уыдæттыл æрдзырдта йӕ инаугурацион раныхасы дæр.

Инаугурацимæ æрбацыдис 2,6 мин адæймаджы бæрц – сенатортæ, депутаттæ, министртæ, губернатортæ, фæсарæйнаг уазджытæ, артисттæ, спортсментæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ ма хуымæтæг адæймæгтæ дæр. Уазджыты нымæц фылдæр уыдаид, фæлæ уыйбæрц æрлæууæн бынат нæ уыд Кремлы Егъау галуаны. Иннæ хæттытæй ныры инаугураци уымæй хицæн кодта æмæ æрхуынд уазджыты ‘хсæн уыд æнæххæст кары сывæллæттæ дæр. Ацы инаугурацийы ма æрхуынд уазджыты ‘хсӕн æфсæддонтæ дæр бирæ фылдæр уыд иннæ ахæм мадзæлттимæ абаргæйæ.

Путины инаугураци – хъомысджын паддзахады арӕзтады ног этап

Президенты бынатмæ бахизыны церемонийы цы процедурæтæ фæхъæуы аразын, уыдоны фæстæ Путин раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз. Президент банысан кодта, зæгъгæ мæ хæсыл нымайын, цæмæй 2030 азмæ уæрæсейæгты царды уавæртæ бæрæг фæхуыздæр уой. Иумæйагæй сисгæйæ Уæрæсейы ныры разамынад сæйрагыл нымайы демографи, ног кадртæ бацæттæ кæныны фарстатæ æмæ инфраструктурæйы райрæзт. Уымæ гæсгæ æввахс азты масштабон национ проектты фылдæр хай нысанмæздæхт уыдзæн ацы проблемæтæ аиуварс кæнынмæ.

Цы хæстæ ма æрæвæрдта Путин йæ разы 2030 азмæ?

◉ 1,6 милуан хæдзары ноджы газификаци хъуамæ æрцæуой.

◉ Цæрджыты 97% ифтонг хъуамæ æрцæуой интернетæй.

◉ Куыстмызды минималон бæрц хъуамæ фæфылдæр уа дыууæ хатты.

◉ Рæстæмбис нымадæй 2030 азмӕ уæрæсейæгтæ хъуамæ цæрой 78 азы бæрц, 2036 азмæ та – 81 азы онг.

◉ Цæрджыты æнæниздзинад хъуамæ бæрæг фæхуыздæр уа.

◉ Экологон уавæр 30% бæрц хъуамæ фæхуыздæр уа 2030 азмæ, 60% бæрц та – 2036 азмæ.

◉ Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæсарæйнаг студентты нымæц хъуамæ ахиза 500 мин ахуырдзауæй.

◉ Социалон, паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдты 99% бæрц хъуамæ кæной электронон формæйы.

◉ Сывæллæтты гуырыны коэффициент хъуамæ схиза 1,6-мæ 2030 азмæ, 1,8-мæ та – 2036 азмæ.

◉ Агропромышленнон комплексы продукцийы руагъдады гуырахст хъу­амæ фæфылдæр уа 25% бæрц.

◉ Пенсиисджыты æфтиæгтæ ма хъуамæ уой инфляцийæ къаддæр.

◉ Граждайнаг хæдтæхджыты паркы æмбис хъуамæ уой Уæрæсейы арæзт.

◉ Æрыгон амалиуæггæнджыты нымæц хъуамæ ахиза 85%-æй.

◉ Национ паркты саразын хъæуы аккаг уавæртæ экотуризмæн, райтынг кæнын хъæуы ног программæтæ æрдз бахъахъхъæныны тыххæй.

Закъоны фæлгæтты 7 майы сæ бынæттæй сæрибар æрцыдысты УФ-йы хицауады уæнгтæ Михаил Мишустины сæргълæудæй. 15-æм маймæ Путин бавдисдзæн ног министрты кандидаттæ æмæ сæ мæйы кæронмæ сфидар кæндзысты. Ныр та уал дарддæр кусдзысты, куыд сæ хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнджытæ, ахæм статусы. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ Хицауады æрцæудзæн ивындзинæдтæ, фæлæ министрты фылдæр хай сæ бынæтты кусгæйæ баззайдзысты.

Фæсарæйнаг бæстæты реакци Путины инаугурацимæ.

Фæсарæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ максималон хъусдард аздæхтой инаугурацийы церемонимæ. Уымæн æмæ Путин æгас дунейы нымад у иууыл хъомысджындæр æмæ куырыхондæр политикыл, йæ алыварс æрбангом кодта бирæ бæстæтæ, Украинæйы территорийы хæцы ныгуылæн бæстæты ныхмæ – НАТО-имæ. Сæрмагонд æфсæддон операци дæр йæ кæронмæ фæхæццæ кæны, æмæ ныгуылæн бæстæтæ катайы ныххаудтой – Украинæйы гарзджын тыхтæ рæхджы куынæг æрцæу-дзысты æмæ ныгуылæны бахъæудзæн исты хуызы Путинимæ баныхас кæнын.

«The Washington Post» йæ уац райдыдта ядерон æхсæнгарзы ахуыртæй, кæцыйы тыххæй фехъусын кодта инаугурацийы хæдразмæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад. Ацы къахдзæф арæзт æрцыд ныгуылæн бæстæты ныхмæ, комкоммæ та Франц æмæ Стыр Британы разамынады æнæсæр ныхæсты фæстæ. Æнæмæнг, уыдон Украинæйы конфликты разы сты цахæмфæнды эскалациимæ дæр.

«The New York Times», «Би-би-си» æмæ «AP» та акцент сарæзтой ууыл, ома Путинæн йæ позицитæ нырма нæ фæцудыдтой, ноджы йыл фылдæр адæм се ‘ууæнк æфтауынц, кæд æмæ ныгуылæн бæстæтæ æппынæдзух архайынц Уæрæсейы экономикæйæн разиан кæныныл, уæддæр.

Ныгуылæн бæстæтæй инаугурацимæ фæуазæг сты æрмæстдæр Францы, Венгрийы, Словакийы, Греци, Кипр æмæ Мальтæйы минæвæрттæ. Кæд æмæ иннæ бæстæты дипломаттæ дæр хæсджын уыдысты, инаугурацийы хайад райсын, уæддæр барæй нæ бацыдысты. Ома, уымæй дæлдзиныг кæнæм Путины. Фæлæ инаугураци кæцыфæнды паддзахадæн дæр йæ мидæггагон политикæйы хъуыддаг у æмæ дзы фæсарæйнаг уазджытæ бынтондæр куы нæ уа, уæддæр ын мур дæр нæу. Ахæм къахдзæфæй Ныгуылæн æргомæй равдыста, йæхæдæг кæй ис изоляцийы æмæ йын ахæм мадзæлттæм ацæуыны фадат кæй нæй йæ агрессивон политикæ уадзыны фæстиуæгæн. УФ-йы президенты ӕххуысгӕнӕг Юрий Ушаков куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ныгуылӕн дипломаттӕ ферох кодтой, кӕм сты ӕмӕ сын цӕй тыххӕй радтой аккредитацитӕ Уӕрӕсейы, сӕ дипломатон функцитӕ кӕронмӕ не ‘ххӕст кӕнынц кӕнӕ та сӕ нӕ уадзынц кусын сӕ бӕстӕты разамынадтæ.

Цалдæр европæйаг бæстæйы делегацитæ хайад кæй райстой инаугурацийы, уый та ууыл дзурæг у, æмæ ныгуылæн бæстæтæн сæ ныхас кæрæдзийыл кæй нæ уал бады, се ‘хсæн кæй ис быцæудзинад. Президентон æвзæрстыты фæстæ  Европарламенты æрсидтысты Евроцæдисы бæстæтæм, цæмæй Путины ма банымайой президентыл. Фæлæ ахæм æдылы митæй Путинæн ратгæ хъæлæстæ нæ фæкъаддæр сты, нæдæр инаугураци æрцыд æргъæвд. Æвзæрстыты фæстæ Путинмæ арфæйы фыстæджытæ фервыстой дзæвгар бæстæтæй, уыдоны ‘хсæн европæйаг бæстæтæй дæр. Инаугурацийы фæстæ та йын фыццаг раарфæ кодта Арабаг Иугонд Эмиратты президент, уый фӕстӕ та – дунейы бӕстӕты фылдӕр хай.

Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм  дарддӕр

Бирӕ политиктӕ ацы аз нымайынц тыхджын паддзахад саразыны сӕйраг этапы райдианыл. Ӕмӕ кӕимӕ адарддӕр кӕндзӕн Уӕрӕсейы паддзахады арӕзтад Путин, уый тагъд рӕстӕджы бӕрӕг уыдзӕн. Путиныл цӕрджыты 80% фылдӕр се ‘ууӕнк бафтыдтой ӕмӕ уый стыр бӕрндзинад у. Уымӕ гӕсгӕ президенты бахъӕудзӕн бирӕ къабазты кардиналон ивындзинӕдтӕ бахӕссын, ӕрыгон кадртӕ раразмӕ кӕнын, эффективондӕр экономикон проекттӕ среализаци кӕнын. Ахӕм ивындзинӕдтӕ ӕмбӕстӕгтӕ сӕхӕдӕг райдыдтой домын бӕстӕйы разамынадӕй.

Ацы ӕхсӕз азы, ӕвӕццӕгӕн, Уӕрӕсейы историйы нымад ӕрцӕудзысты вазыгджын азтыл. Фыццаджыдӕр фӕуыдзӕн сӕрмагонд ӕфсӕддон операци, Уӕрӕсе хъуамӕ суа хӕдбар технологи ӕмӕ экономикӕйы къабазы, ӕнгомдӕр ахастытӕ йын уыдзӕн африкӕйаг бӕстӕтимӕ, ныгуылӕн бӕстӕтимӕ ӕмгуыстад ивд хъуамӕ ӕрцӕуа ӕндӕр континентты бӕстӕтӕй. Мах ӕвдисӕн уыдзыстӕм Уӕрӕсейы хъомысадӕн, глобалон политикӕйы бындурон ивындзинӕдтӕн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.